Ныр 4-æм хатт Цхинвалы централон стадионы уагъд æрцыд рог атлетикæйæ Хуссар Ирыстоны федерацийы президенты кубок рамбулыны сæраппонд республикон турнир скъоладзауты ‘хсæн. Ацы турнир сæрмагондæй рог атлетикæйы скъола уадзы Рог атлетикæйы федерацийы президент Икъаты Русланы æххуысæй.

Ерыстæ рауадысты цымыдисон. Стадионы уыд æцæг спортивон бæрæгбон. Командæты архайдмæ бакæсынмæ æрбацыдысты скъолаты ахуырдзаутæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ скъолатæй бирæтæн семæ кæй æрбацыдысты сæ директортæ дæр.

«Фыццаг турнирæй фæстæмæ не скъола хайад исы ацы турниры. Ерысты фæрцы мæ хъомылгæнинæгтæй бирæтæ бацыдысты рог атлетикæйы секцитæм. Уый у тынг хорз», – загъта 2-æм астæуккаг скъолайы директор Ольга Михаилиди.

Турнирыхайад райстой 15 скъолайы командæтæ. Уыдон сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой 6 дисциплинæйы. Сæ уæлахиздзаутæ æмæ призертæ систы:

ядро æппарынæй – лæппутæ: 1. Габатты Сæрмæт (скъола-интернат), 2. Къæбысты Сæрмæт (5-æм скъола), 3. Тадтаты Ричард (12-æм скъола). Чызджытæ: 1. Æлборты Аланæ (1-æм скъола), 2.Дыгъуызты Миленæ (скъола-интернат), 3. Тыджыты Фатимæ (Дзау).

100 метрмæ згъорынæй – лæппутæ: 1. Босыкты Вадим (гимназ «Альбион»), 2. Æрсойты Лавренти (кадетон скъола), 3. Денис Ткаченко (скъола-интернат), 4. Гæбæраты Сослан (5-æм скъола).

400 метрмæ згъорынæй – лæппутæ: 1.Хаситы Зауыр (гимназ «Альбион»),  2. Æрсойты Лавренти (кадетон скъола), 3. Денис Ткаченко (скъола-интернат). Чызджытæ: 1. Къæбысты Мария  (кадетон скъола), 2. Тедеты Олеся (Аивæдты лицей). 3. Дзебысаты Элинæ (11-æм скъола).

800 метрмæ лидзынæй – лæппутæ: 1. Кобесты Вадим (5-æм скъола), 2. Бесаты Руслан (6-æм скъола), 3. Джиголаты Денис (скъола-интернат). Чызджытæ: 1. Сланты Анастасия (2-æм скъола), 2. Джиголаты Аланæ (кадетон скъола), 3. Хетæгкаты Маринæ (9-æм скъола).

Дардмæ гæпп кæнынæй – лæппутæ: 1. Дмитрий Бухтияров (12-æм скъола), 2. Бестауты Бибо (Аивæдты лицей), 3. Хаситы Зауыр (гимназ “Альбион”). Чызджытæ: 1.Тедеты Фатимæ (Дзау), 2. Куыдзеты Аннæ (5-æм скъола), 3. Босыкты Дианæ (Аивæдты лицей).

Ерысты организатортæ фæстагмæ ныууагътой эстафетæ. Уый у турниры иууыл сæйрагдæр æмæ цымыдисондæр дисциплинæ. Ам алы командæйы дæр вæййы 4 адæймаджы – дыууæ лæппу æмæ дыууæ чызджы. Уыдонæй алкæцы дæр алидзы 100 метрмæ. Ацы дисциплинæйы тагъддæр алыгъдысты 5-æм скъолайы минæвæрттæ, дыккæгтæ уыдысты 12 скъолайы ахуырдзаутæ æмæ 3-аг бы-нат та бацахста кадетты командæ.

Ерыстæ куыд равдыстой, афтæмæй азæй азмæ сæ хайадисджыты бæрæггæнæнтæ кæнынц хуыздæрæйхуыздæр. Уый бафиппайдта рог атлетикæйы скъолайы директор Цъæхилты Игорь.

«Республикæйы скъолатæ зонынц, æрвылфæззæг дæр кæй фæцæуы ацы турнир æмæ йæм развæлгъау райдайынц сæхи цæттæ кæнын. Стæй рог атлетикæйы ерыстæн ис сæхи спецификæ, базыдтой йæ æмæ уагæвæрд нæ халынц. Стæй ма мæ уæлдай стыр бузныг зæгъын фæнды, скъолаты директортæй чи æрбацыд, уыдонæн», – банысан кодта Цъæхил-ты Игорь.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, иннæ аз уыдон фæнды турнир дунеон скæнын æмæ æндæр бæстæты командæты дæр фæхонын.

Ерысты хайадисджыты схорзæхджын кæныны церемонийы рæстæджы ахуырдзаутæн раарфæ кодтой РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты спорты хуызты размæцыды фæдыл хайады сæргълæууæг Касаты Ацæмæз, рог атлтетикæйы ветеран, дунеон ерысты уæлахиздзау Хæбæлаты Алексей, уæлдæр категорийы тренер Евгения Терлеева æмæ дунеон ерысты уæлахиздзау, паралимпиаг Бибылты Дмитри.

Турнирыуæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, майдантæ æмæ Кады грамотæтæй. Уæлахизмæ тырнындзинады тыххæй сæрмагонд приз лæвæрд æрцыд Гобозты Снежанæйæн. Хорзæхджын ма æрцыд турниры иууыл æвзонгдæр хайадисæг Уалыты Дианæ дæр.

Спортуарзджытæ æмæ ахуырдзаутæ, сæйраджыдæр, цымыдис кодтой турниры сæйраг приз кæцы командæ рамбылдта, уымæ. Уый размæ азты-иу æй æрвылхатт дæр рамбылдта гимназ «Альбион»-ы командæ. Ныр балтæ банымайгæйæ, иууыл хуыздæр бæрæггæнæнтæ уыд кадетон скъолайæн æмæ йæ командæ ссис Рог атлетикæйы президенты кубокы уæлахиздзау. Командон хыгъды дыккаг бынат бацахста 5-æм скъола æмæ 3-аг та ссис 12 астæуккаг скъолайы командæ.

Иууыл цымыдисондæр уый у æмæ уæлахиздзаутæ æмæ призертæ схорзæхджын кæныны церемонийы рæстæджы горæты цæгатварс, Паддзахадон тырысайы боны рæстæджы хæрдмæ цы тырыса ист æрцыд, уый сæрмæ кæй фæзынд арвырон.

Традицимæ гæсгæ турниры хайадисджытæ хуынд æрцыдысты дзаджджын фынгтæм.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.