Хуссар Ирыстоны районты дæр уагъд æрцæудзысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Стыр Уæлахизы 72 азы цытæн цытджын мадзæлттæ.

ИА «Рес»-æн Ленингоры районы культурæйы хайады хистæр Дудайты Динæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Ленингоры поселочы веноктæ æмæ дидинджытæ сæ-вæрдзысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонты мемориалы раз.

«Культурæ æмæ улæфты парчы ма 9 майы организаци æрцæудзæн концертон программæ районы сфæлдыстадон коллективтæ æмæ скъолаты ахуыргæнинæгты хайадистæй», – загъта  Дудайты чызг.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Уæлахизы боны цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсдзысты РХИ-йы УФ-йы Федералон Æдасдзинады службæйы Арæнхъахъхъæнæг управленийы æфсæддон службæгæнджытæ.

Знауыры районы культурæйы хайады хистæр Тедеты Ноннæйы ныхæстæм гæсгæ Уæлахизы боны цытæн районы организаци æрцæудзысты литературон изæртæ, концерттæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты нæмттæ арынæн.

«Хъæууон библиотекæтæ æмæ клубты уагъд æрцæудзысты мадзæлттæ, кæцыты скъолаты ахуыргæнинæгтæ кæндзысты хæстон азты зарджытæ, бакæсдзысты докладтæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы темæйыл», – загъта Тедеты чызг.

Уымæй дарддæр ма Тедеты Ноннæ куыд загъта, афтæмæй Знауыры поселочы Культурæйы хæдзары районы культурæйы хайад ауадздзæн бæрæгбонон концерт районы сфæлдыстадон коллективты хайадистæй.

Уæлахизы боны цытæн бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд æрцæудзысты Цхинвалы æмæ Дзауы районты дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.