Рацыд 27 азы, нæ адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны агрессивон архайдтытæн дзуаппæн Республикæ куы расидтыстæм, уыцы бонæй. Историйы барæнтæм гæсгæ уый хæрзчысыл рæстæг у, фæлæ йæ адæймаг цас цæры, уыимæ йæ куы абарай, уæд бирæ рæстæг у. Астæуккаг нымадæй йе ‘ртыккаг хайæ фылдæр. Нымайынц, зæгъгæ, æнусы дæргъы цардмæ рацæуы цыппар фæлтæры. Уый хынцгæйæ, банысангонд историон цауæй фæстæмæ рахъомыл æнæхъæн фæлтæр. Уæдæ цахæм рауад йæ историон хъысмæт уыцы хъысмæтскъуыддзаггæнæн азты, абон сæхæдæг царды фæндагыл чи ныллæууыдысты, уыцы фæлтæрæн?

Алы дуджы дæр хистæр фæлтæрæн се скаст, сæ фæстæ чи рахъомыл вæййы, уыцы суинаг фæлтæрмæ вæййы. Суинаг фæлтæр та сæ хистæр фæлтæрæй хъаруджындæр, ныфсджындæр, размæдзыддæр кæй хъуа-мæ уой, уый бæлвырд кæнын нæ хъæуы. Афтæ куынæ уа, уæд цард размæ нæ, фæстæмæ лæууы. Æмæ цæмæй кæстæртæ æппæтварсонæй рæзой, царды размæ цæуой, уый тыххæй та сын уавæртæ, фадæттæ аразын хъæуы.

Хъыгагæн, алы суинаг фæлтæрæн уыцы фадат нæ фæвæййы  æмæ  рæстæг  йæ дæрзæг гакк æвæры сæ дарддæры цардыл. Ахæм рауад, се ‘взонгад хæстон азтæм кæмæн æрхауд, уыцы рæзгæ фæлтæрæн дæр. Дыууын азы дæргъы кæд æрвылбон нæ, уæддæр мæлæтхæссæг æхстытæм хъусгæйæ, хæсты тасдзинад æвзаргæйæ, алыгъуызон зындзинæдты, хъизæмæртты фæндагыл цæугæйæ, уыцы фæндаг цыдис сæ удтыл дæр æмæ сын сæ дæрзæг, æгъатыр кодтой. Фыддуг æрхæссы алыгъуызон цъаммардзинæдтæ, кæцытыл æнцондæрæй фæхæст вæййы æвзонг адæймаг æмæ сæ уацары бахауы, бирæтæн дзы сæ бон нал свæййы уыдонæй суæгъд уæвын. Уыцы фыддуг, нæ царды фæивд нын æрхаста ахæм тæссаг фæзынд, куыд наркомани æмæ абон дæр æрыгон адæймæгты цард иугай хæссы. Уыцы азты сытынг нозт кæнын, сарæх сты алыгъуызон фыдракæндтæ, æгæрыстæмæй, горæты уынгты цæугæйæ, фенæн уыд алыгъуызон æнæуаг митæ, фехъусæн уыд алыгъуызон æвзæр ныхæстæн. Фæлæ афтæ зæгъæм æмæ фæсивæд иууыл ахæм уыдысты, уый бынтондæр раст нæ уыдзæн. Се ‘хсæн уыд бирæ, скъолайы хорз, тынг хорз нысæнттыл чи ахуыр кодтой, кæд ахуыры фадæттæ дæр бынтон хорз нæ уыдысты, уæддæр. Бирæтæ архайд-той спорты, цыдысты алыгъуызон кружоктæм æмæ ахъаз кодтой сæ æппæтварсон рæзтæн.

Абон махæн нæ цард æндæр уагыл цæуы. Августы тугкалæн хæст кæрон скодта уыцы фыддугæн æмæ Уæрæсейы стыр æххуыс æмæ фарсхæцынады руаджы лæуд стæм нæ цард аразыны фæндагыл. Фæлæ уыцы хæстон азтæ æвæдæй нæ ныууагътой æрыгон лæппутæ æмæ чызджыты зæрдæты. Уыдон кастысты мæлæтæн йæ цæстытæм, бирæтæ дзы сæфтой сæ ныййарджыты, æфсымæртæ, хоты… Æвзæрстой æххормагдзинад, цардысты уазал хæдзæртты, скъоламæ чингуытимæ хастой сугтæ, цæмæй хъарм къласы ахуыр кодтаиккой. Арæх, тынг арæх сæ хъуыд сæ уроктæ, дард рæстæджыты куыд уыд, афтæ фæтæгены рухсмæ цæттæ кæнын. Хатт та-иу сын уыцы фадат дæр нæ уыд – бахъуыд-иу сæ хуыздæр рæстæджытæм ныккæндты æнхъæлмæ кæсын.

Тыхст, уæззау рæстæджы царды амæлттæ кæнын зын вæййы. Адæм æгуыстæй аззадысты æмæ уыцы азты сывæллæттæн сæ ныййарджытæ агуырдтой уыцы амæлттæ. Чи уæйгæнæн тæрхæджы фарсмæ æрлæууыд æмæ базарыл ныххæцыд, фадат кæмæн уыд, уыдон фæстæмæ хъæутæм аздæхтысты, цæмæй сæ бинонтæн продукттæ æркæной. Уæды хицауад дæр балæууыд горæты цæрджыты фарсмæ æмæ сын горæтгæрон байуæста зæххы фадгуытæ. Афтæмæй иумæ – рæнхъон кусæгæй, профессорæй, фыссæгæй, нывгæнæгæй, артистæй – иууылдæр цыдысты æмæ сæ куыстой. Семæ куыстой, нæ ныхас кæуыл у, уыцы сывæллæттæй цумахъом чи уыдис, уыдон дæр. Бирæтæ та райстой хæцæнгарз æмæ сæ хæдзары хъуыддæгтæм нал æвдæлд.

Царды амæлттæ кæнгæйæ, йæ сывæллоны фарсмæ кæмæн хъуамæ уа, чи йæ хъуамæ хъомыл кæна, ахуыры фæндагыл æй чи æфтауа, уыцы ныййарæг цасдæр-бæрцæй фæхицæн йæ кæстæрæй. Кæстæр та хицæн кодта чиныгæй, цух æййæфта хистæры зондамонæн ны-хæстæй. Уыимæ ма уыцы фæлтæрæй хистæр кары лæппутæ сæхæдæг дæр хæцæнгарз райсынхъом уыдысты æмæ сæ цард аразыны бæсты лæууыдысты постты, хъахъхъæдтой сæ зæххы. Уæдæ дзы ахæмтæ дæр куыннæ уыд, знаджы судзгæ нæмыг йе ‘взонг царды кæмæн фескъуыдта…

Ахæм фыддуг æрыгон адæймагыл хорзæрдæм кæм æндæвтаид æмæ дзы бирæтæ фыдракæндон фæндагыл ныллæууыдысты. Иу ахæмы фыдракæндтæ афтæ сарæх сты æмæ знагæй адæм уыйбæрц нал тарстысты, хи фыдгæнджытæй цас тарстысты. Фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста. Закъон тыхджынæй-тыхджындæр кодта æмæ фыдгæнджытæ та – къаддæрæй-къаддæр. Уымæн фæахъаз ОМОН-ы сырæзт дæр.

Фыддуг æмæ, дам, фыдлæгæн бирæ цæрæнбон нæй. Æмæ абон мах мысæм, нæ зæрдыл дарæм, цы уæззау фыдæвзарæн азтыл рацыдыстæм, уыдоны. Нæ Республикæ расидыны бонты чи райгуырдысты, уыдоныл ныр цæуы 27 азы. Уыдон сты, сæ сабидуджы, се ‘взонгады хорзæй бирæ чи ницы федта, ахæм фæлтæр. Дуг сæ бафхæрдта, йæ дæрзæг арм сыл æруагъта, се ‘нæниздзинадмæ сын фæныхилдта, фæлæ уæддæр адæймаг цы æвæрццаг миниуджытæй хайджын вæййы, уыдонæй æнæхай нæ фесты. Алы хистæр фæлтæр дæр цæмæйдæрты райгонд нæ вæййы, йæ фæстæ цы фæлтæр фæцæуы, уымæй. Бирæтæ фæзæгъынц, зæгъгæ, нæ дуджы фæсивæд хуыздæр уыдысты. Алчидæр аргъ кæны йæ дуг æмæ йæ фæлтæрæн, фæлæ фæлтæрты ‘хсæн ис рæстæг, кæцы цардмæ хæссы, æрыгон фæлтæрмæ æввахсдæр чи сты, ахæм ивындзинæдтæ. Æмæ ныр куы фæзæгъынц, зæгъгæ, ныры фæсивæд ахæм æмæ ахæм сты, хистæрты фæндиаг не сты – уыцы хъуыдыйыл зын сразыуæвæн у. О, ис се ‘хсæн, царды раст фæндагыл лæуд чи нæ фæцис, фæлæ æвзæр куы уынæм, уæд хъуамæ арæхсæм хорз уынынмæ дæр. Нæ фæсивæдæй, æвæццæгæн, бирæ нæ разындзæн, æндæр æмæ æндæр хуызы спортивон секциты чи нæ архайынц. Æмæ дзы кæд алчи чемпион не суыдзæн, спорты бæрзæндтæм не схиздзæн, уæддæр сæ физикон цæттæдзинадыл, сæ удты сыгъдæгдзинадыл хорзæрдæм кæй æндавынц, уый бæлвырд у. Æдæппæт нæ республикæйы сывæллæттимæ тренертæ кусынц 21 хуызы спортивон секциты. Бирæ æрыгон лæппутæ æмæ чызджыты спортивон æн-тыстытимæ базонгæ вæййæм. Уыдонæй дарддæр ахуырдзау фæсивæд цæуынц алыгъуызон кружоктæм æмæ кæмæн  йæ  зæрдæмæ  æввахсдæр лæууы цавæрдæр хъуыддаг, уым фæархайы. Ныры чындзæхсæвтæм куы бакæсай, уæд нозтæй нæ ерыс кæнынц, фæлæ национ кæфтытæ чи куыд хуыздæр сæххæст кæна, ууыл. Æмæ ам та бузныг зæгъын хъæуы, скъолаты семæ цы хореографтæ кусынц, уыдонæн. Сфæлдыстадон аивадон къорд-ты хайад исгæйæ, ахуырдзау фæсивæдæй бирæтæ хайад райсынц алыгъуызон конкурсты æмæ сын вæййы хорз æнтыст. Уæдæ сæ ахуыры æмвæзад дæр куыннæ бæрзонддæр кæны. Бирæтæ æнтысгæйæ фæлварæнтæ раттынц Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм, нæ горæты паддзахадон университетмæ æмæ сæ рауайы бæрзондквалификациджын специалисттæ. Сæ культурæйы æмвæзад дæр кæй рæзы, ууыл дзурæг у уый дæр æмæ горæты цæугæйæ гуымир ныхас кæй нал фехъусдзынæ, уынгты брæттæ æнæран æппаргæ арæх кæй нал фендзынæ.

Æппæт уыдæттæ та дзурæг сты, нæ цард кæй бæстон кæны, йæ гаччы кæй бады, рæзгæ фæлтæры сæ рæстæг дзæгъæлы æрвитынмæ тынг кæй нал æвдæлы. Хуыздæр кæнынц царды уавæртæ æмæ ныййарджытæн фылдæр рæстæг зайы сæ сывæллæтты хъомыладмæ хъус дарынæн. Уæдæ куыннæ хуыздæр кæнынц ахуыры уавæртæ дæр. Сæ хуыз куыд скалдтой скъолайы æмæ скъолайы агъоммæ уагдæтты бæстыхæйттæ, афтæ ифтонг дæр цæуынц ахуыры нырыккон ифтонггæрзтæй. Раст у, нырма нæ царды бирæ аскъуыддзагкæнинаг проблемæтæ ис, проблемæ у нырма æрыгон адæймæгты куыстæй сифтонг кæнын дæр. Сæ разы бæрæг проблемæтæ кæй лæууы, уый бирæ æрыгон адæймæгты къуылымпы кæны æмкъайад саразыны.

Фæлæ цасфæнды проблемæтæ ма уа, уæддæр фидарæй зæгъæн ис, нæ фæсивæд, нæ республикæйы фыццаг фæлтæр, иумæйагæй сисгæйæ, раст фæндагыл лæуд кæй сты, кæд сæ царды райдиан уæззау, æгъатыр уыдис, уæддæр.

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.