«Æппæт республикæйы дæр электроифтонгад сæндидзыдта. Сæлæф мит кæй ныууарыд, уый аххосæй Ленингор æмæ Дзауы районты цы рухсы телтæ аскъуыдысты, уыдон баиу кæнын нæ къухы бафтыд дыууæ бонмæ», – фехъусын кодта РХИ-йы Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты минæвар Гуыцмæзты Ланæ.

Ацы проблемæйыл знон уынаф-фæ цыд, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментийы разамынадæй цы рауæрæхгонд æмбырд уагъд æрцыд, уым. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æмбырд уадзыны рæстæджы Дзауы электроадæттæн  хахх кæй æрцыд цалцæггонд. Гуыцмæзты Ланæ нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй Ленингоры районы электроадæттæн хахх сцалцæг кæныны хъуыддагыл фæтых сты Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон» æмæ республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады иумæйаг хъаруты фæрцы.

Ленингоры районы авари аиуварс кæнын зындæр уыд уымæн, æмæ электроадæттæн хахх цæуы хæххон зонæйыл, Орбозалайы æфцæгыл. Знон уыцы ранмæ ацыдысты митдзу техникæйыл электроадæттæн хахмæ фæндаг асыгъдæг кæныны сæраппонд. Сæвзæргæ уавæр рараст кæнын къухы бафтыд сæрмагонд техникæйы фæрцы.

 

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.