Уæззау цардуагон уавæрты чи бахауд, уыцы æмбæстæгтæн республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад цы адресон æххуыс бакодта, уый иууыл иумæ ацы азы майы мæйы уыд 1 490 000 сомы.

Материалон æххуыс райстой 134 адæймаджы, уыдоны ‘хсæн 14 уыдысты 1 æмæ 2 къордты инвалидтæ (170 000 сомы); 18 адæймаджы – гуырцæй инвалидтæ (180 000 сомы); 64 – бирæсывæл-лонджын бинонтæ (750 000 сомы); 12 – фæмардуæвджыты бинонтæ (120 000 сомы), 7 – æвæрæз бинонтæ (70000 сомы); 11 – сидзæртæ (110 000 сомы); 7 æмбæстаджы та райстой иурæстæгон материалон æххуыс се ‘нæниздзинад фæхуыздæр кæныны сæраппонд (85 000 сомы); иу адæймаг та – цардуагон уавæрты тыххæй (5 000 сомы).

Адресон материалон æххуыс æм-бæстæгтæн кæны РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад Хицауады уынаффæмæ гæс-гæ, кæцы райстæуыд 2015 азы 9-æм октябры.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.