Парти «Иууон Ирыстон»-ы  Vll-æм съездæй

Хуссар Ирыстоны Парламенты сæйрагдæр республикон политикон парти «Иууон Ирыстон» парламентон æвзæрстыты агъоммæ ауагъта йæ VII съезд. Йæ куысты райдианы фидар æрцыд боны фæтк. Делегатты иумиаг хъæлæс кæныны фæстиуæгæн æвзæрст æрцыдысты съездæн сæрдар, президиум, нымæрдар, мандатон æмæ нымайæн къамисы уæнгтæ.

Партийы лидер Тадтаты Алан куыд радзырдта, уымæ гæсгæ партийы сконды цы 4294 адæймаджы ис, уыдонæй съезды куысты хайад исынц 300 делегаты æмæ партийы æндæр уæнгтæ.

Партийы бындурæвæрæг, РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта, республикон политикон партийæн æхсæз азы дæргъы йæ къухты кæй бафтыд дыууæ ныфсджын политикон уæлахизы – сæ иу парламетон, иннæ та – президентон æвзæрстыты. Президенты ныхæстæм гæсгæ уыцы уæлахиздзинæдтæ æнæнхъæлæджы нæ уыдысты. Уый уыд ирд æмæ нысанмæздæхт политикон архайды фæстиуæг, æвзарæгмæ цæсгомджын ахаст, Хуссар Ирыстоны алы цæрæгмæ дæр хицæн хъусдард здахгæйæ æппынæдзух цы социалон проблемæтыл куыст цæуы, уый фæстиуæг.

«2017 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты кампанийы рæстæджы уæ активон фарсхæцынадæй æз райгонд дæн. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ уыцы æнтыст дæр дзурæг у партийы бæрзонд авторитетыл, кæцы йæ политикон капитал бонæй бон хъæздыгдæр кæны æмæ фидар кæны, лидер кæй у, уыцы позицитæ. Партийæн, æцæгæйдæр, ис ахсджиаг бынат республикæйы политикон царды, æмæ йын ис йæхи объективон аххосæгтæ», – банысан кодта Президент.

Дарддæр куыд дзырдта, уымæ гæсгæ парти йæ сырæзтæй фæстæмæ сбæлвырд кодта йæ уæвынад, йæ бæрзонд активондзинад, бæрнон уынаффæтæ райсынхъом кæй у, уый, æмæ адæмы йæ фæдыл кæны. Йæ куысты райдианæй дæр иу цауæй иннæмæ нæ архайдта, фæлæ – æрвылбон æмæ æдзухæй. Кæд кæцыдæр политикон тых зонгæ у адæмы фæндтæ æмæ тырнындзинæдтимæ, уæд уый у парти «Иууон Ирыстон».

«Бæрæг программæтæ æмæ куыстмæ цæттæдзинады, райсомæй изæрмæ кусыны бæсты, æмæ æрмæстдæр, стыр бынат ахсынмæ тырнындзинад кæмæн ис, ахæм политикон тыхты адæм тагъд базонынц æмæ бамбарынц. «Иууон Ирыстон»-мæ ахасты ахæм хъуыддæгтæ нæй æмæ нæдæр уыдзæнис. «Иууон Ирыстон» иннæ партитæй хицæн кæны Республикæйы хъысмæтыл, адæмы абон æмæ фидæны раз ын бæрндзинады карз æнкъарæнтæ  кæй ис, уымæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Политикон царды хайад исын, паддзахадон арæзтады размæцыды сæхи хъуыдытæ –  уыдон сты кæцыфæнды политикон партийы нысæнттæ. Фæлæ ма бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, «Иууон Ирыстон» йæхимæ исы æххуысхъуаг адæмæн æххуыс кæныны хæс дæр. Партийы руаджы бæстон цæуынц, бирæ азты цы проблемæтæ нæ цыдысты биноныг, уыдон; комкоммæ æххуыс цæуы, уæззау цардуагон уавæрты цы æмбæстæгтæ бахаудысты, уыдонæн.

«Нæ республикæйы алы адæймаг дæр зоны, парти «Иууон Ирыстон» кæй у æргом парти. Йæ минæвæрттæ æдзух ныхас кæнынц æмæ æмбæлынц адæмимæ, æмбæстæгты царды интерестæ хынцы æмæ аразы ахæм дыууæрдæм бастдзинады механизм, уымæн æмæ æнæ уымæй дзурæн нæй реалон политикон тыхыл», – банысан кодта ныхасгæнæг. Бæстæйы сæргълæууæг ноджыдæр зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, иууыл бирæнымæцдæр политикон парти, кæцыйы къухты бафтыд уæрæх организацион потенциал – æнгом кæны адæмы, æмæ уыцы энерги фадат дæтты егъау хæстæ  скъуыддзаг кæнынæн. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уæлахизмæ тырнæг парти йæ сæйраг хæсыл нымайы нæ Фыдыбæстæйæн ныфсджын æдасдзинад ифтонг кæнын, национ иудзинад, экономикæйы рæзт, æмбæстæгты фæрныгад, инновацион идейæтæ æмæ фæндæттæ биноныг кæнын. «Разæй ис æвзæрстыты агъоммæ кампани, кæцы политикон партийæ, алкæцы активистæй дæр домы уæхскуæзæй куыст иумиаг хъуыддаджы æнтыстыты тыххæй. Æвзæрстыты агъоммæ компанийы æвзарджытимæ фембæлдтыты рæстæджы ноджыдæр зонгæ кæндзыстут, адæм цæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыдæттимæ, сæхицæн дæр æмæ æххæсткæнынадон хицауиуæгадæн дæр ног хæстæ æвæрдзыстут. Æвзарджытæ хъуамæ уыной, «Иууон Ирыстон» дарддæр кæй рæзы, кæй дзы ис хъаруджын, нысанмæздæхт æмæ æргом адæм, кæцытæ сты депутатон мандаты аккаг æмæ кæцытæй ис ныфс бавæрæн рæстдзинад æмæ бæстæйы æнтыстджын рæзтæй», – дзырдта Президент.

Политикон парти «Иууон Ирыстон»-ы сæрдар Тадтаты Алан йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, махæн хорз фадат ис, абон нæ куыстæн фæстиуджытæ саразын æмæ ног нысæнттæ бахынцынæн.

«Стыр куыст бачындæуыд, æмæ, нын ис, цы зæгъæм нæ æвзарджытæн, нæ æмбæс-тæгтæн, уый. 2017-2018 азты финансон æххуыс лæвæрд æрцыд 13 милуан сомæй фылдæр. Уыцы æххуыс банкъардтой æрмæст горæты цæрджытæ нæ, фæлæ районтæ æмæ дæрддаг хъæуты цæрджытæ дæр. Æххуыс цыд спортсментæ æмæ курдиатджын фæсивæды минæвæрттæн.

Партийы депутаттæ бакуыстой æмæ райстой бирæ закъæттæ æмæ нормативон акттæ, кæцытæ здæхт сты паддзахаддзинад сфидар кæнын æмæ цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ. Уымæн æмæ цæрджыты царды æмвæзад у нæ куысты сæйраг æвдисæн», – дзырдта партийы сæрдар.

Дарддæр банысан кодта, ныр дæр æххуысмæ кæй æнхъæлмæ кæсынц бирæ æмбæстæгтæ. Парти ма йæ разы æвæры социалон, экономикон программæтæ размæ кæнын, фæсивæды æмæ инициативон адæмы фарс балæууын.

Партийы сæрдар æрдзырдта, тагъд рæстæджы нæ республикæйы уагъд кæй цæудзысты парламентон æвзæрстытæ хæццæ системæмæ гæсгæ. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ парти «Иугонд Ирыстон» у егъау æмæ сæ ныфс ис, уæлахиз сæ къухты кæй бафтдзæн. Уымæн æмæ парти активон куыст кæны иу æвзæрстытæй иннæмæ. Нæ хъуыддæгтæ, зæгъгæ, суыдзысты нæ куысты æвдисæн нæ адæммæ ахасты. Æрсидт партийы уæнгтæм, цæмæй адæмимæ æмбæлой, ныхас кæной æмæ сын сæ проблемæтæ æргом кæной, агурой æмæ сын сæ аскъуыддзаг кæныны мадзæлттæ.

«Махæн ахсджиаг уый нæу, тыхст адæймаг «Иууон Ирыстон» – ы партийы уæнг у, æви æндæр партийы уæнг, науæд æппындæр никæцы политикон партийæ мах нæ дих кæнæм не ‘мбæстæгты нæхиуæттæ æмæ æддагæттыл. Алы адæймагмæ дæр махæн ис иугъуызон ахаст», – банысан кодта уый.

Парламентон æвзæрстыты æндæр политикон тыхтæ æмæ иумандатонтæ хайад кæй исдзысты, уый фæдыл ныфс бавæрдта, уыдон кæй уыдзысты сæ Фыдыбæстæйыл æнувыд, патриотикон зæрдæйыуаг кæмæн ис, ахæмтæ. Уыдон кæрæдзимæ æмбаргæ ахаст кæй æвдисдзысты, уый, зæгъгæ, дызæрдыггаг нæу. Уымæн æмæ нæ сæйраг хæс у, адæмы æмбаргæ уавæрты æрбангом кæнын.

Парти æмæ бæстæйы Президенты руаджы стыр куыст æххæст æрцыд партийы фæлгæтты, къухты бафтыд хорз фæстиуджытæ æмæ уый дарддæр дæр уагъд цæудзæн. Парламентмæ æвзæрстытæ бæрзонд æмвæзадыл уагъд кæй æрцæудзысты, дунеон барады нормæтæ хынцгæйæ, уымæй ныфс бавæрдта партийы сæрдар. Махæн, зæгъгæ, ис, дунеон хъусдарджыты дисы цæмæй бафтауæм, уый  демократондзинад æмæ ирд æвзæрстыты системæ.

«Ивгъуыд азты фæлтæрддзинад æмæ бакæнгæ куыст махæн дæттынц фидар ныфс», – банысан кодта Тадтаты Алан.

Уый ма делегатты базонгæ кодта республикон политикон парти «Иууон Ирыстон»-æй иууон æвзарæн зылды æмæ иумандатон æвзарæн зылдты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ депутаттæм кандидатты номхыгъдимæ. Сусæг хъæлæсæппæрстæй ацы номхыгъдтæ фидар æрцыдысты съезды куысты рæстæджы.

Фидар ма æрцыдысты РХИ-йы Парламентмæ депутаттæм кандидаттæ равзарыны тыххæй республикон политикон парти «Иууон Ирыстон»-æй æппæт фарстаты фæдыл дæр æххæстбарджын минæвæрттæ сфидар кæнын, уыцы нымæцы финансон фарстаты фæдыл дæр.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.