РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Плиты Алан Солтаны фырты тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы  9-æм пунктмæ гæсгæ уынаффæ кæнын:

  1. Плиты Алан Солтаны фырт сæрибар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы бынатæй.
  2. Ацы Барамныд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал, 2018 азы 13 апрель

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæджы тыххæй

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххсæтгæнæгæй рæстæгмæ нысан æрцæуæд Бибылты Валери Викторы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал, 2018 азы 13 апрель

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ  БАРАМЫНД

Фыдракæндты æмæ æндæр бархалынæдты ныхмæ тохы фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты координацион æмбырды тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 47 статья 2 хай æмæ 52 статьямæ гæсгæ уынаффæ кæнын:

  1. Арæзт æрцæуæд фыдракæндтæ æмæ æндæр бархалынæдты ныхмæ тохы фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты координацион æмбырд.
  2. Фидар æрцæуæд фыдракæндты æмæ æндæр бархалынæдты ныхмæ тохы фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты координацион æмбырды сконд.
  3. Фыдракæндты æмæ æндæр бархалынæдты ныхмæ тохы фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты координацион æмбырд иу мæйы æмгъуыдмæ бацæттæ кæнæд æмæ бавдисæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентмæ сфидар æй кæнынмæ фыдракæндты æмæ æндæр бархалынæдты ныхмæ тохы фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты координацион æмбырды уагæвæрды проект.
  4. Йæ тыхы мауал уæд:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты 2012 азы 20 май барамынд №79 «Барадхъахъхъæнæг органты фыдракæндты ныхмæ тох кæныны Координацион æмбырд сырæзт æмæ сфидар кæнын»;

Республикæ Хуссар Ирыстоны 2013 азы 4 сентябры №204 Барамынд «Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæныны органты координацион æмбырды скондмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй», кæцы фидаргонд æрцыд РХИ-йы Президенты 2012 азы 30 майы №79 Барамындæй».

  1. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал, 2018 азы 5 апрель

 

Фыдракæндты æмæ æндæр бархалынæдты ныхмæ тохы Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты координацион æмбырды сконд

Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор (Координацион æмбырды Сæдар),

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады советы секретарь,

Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министр,

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æмбæстагон хъахъхъæ-нынады, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонд-дзинæдтæ иуварс кæныны министр,

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар,

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар,

Республикæ Хуссар Ирыстоны контролон-нымайæн палатæйы Сæрдар

Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон развæдсгарæг службæйы къухдариуæггæнæг,

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хъахъхъæ-нынады службæйы хистæр.

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ   БАРАМЫНД

«Республикæ Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæджы» кадджын ном радтыны тыххæй

Физикон культурæ æмæ спортмæ йе стыр хай бавæрд, æмæ физикон æгъдауæй хъомыл кæныны хъуыддаджы бирæ азты дæргъы йе ‘нтыстджын архайд фæсивæды тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт архайæджы кадджын ном» лæвæрд æрцæуæд Дыгъуызты Никъала Гарсеваны фыртæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2018 азы 11 апрель

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

«Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг»-ы кадджын ном радтыны тыххæй

Нывкæнынадон аивады къабазы йæ лæггæдты æмæ бирæ азты дæргъы æнтыстджын куысты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг»-ы кадджын ном лæвæрд æрцæуæд Гобозты Владимир Георгийы фыртæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2018 азы 27 март

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

«Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт экономист»-ы кадджын ном радтыны тыххæй

Экономикæ æмæ социалон политикæйы къабазы йæ лæггæдты æмæ бирæ азты дæргъы æнтыстджын куысты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт экономист»-ы кадджын ном лæвæрд æрцæуæд Кокойты Виолеттæ Павелы чызгæн  социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты комитеты консультантæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2018 азы 27 март

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг»-ы кадджын ном радтыны тыххæй

Аивадзонынады къабазы йæ лæггæдты æмæ бирæ азты дæргъы цæсгомджын куысты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны аивæдты схуыхт архайæг»-ы кадджын ном лæвæрд æрцæуæд Цхуырбаты Джульеттæ Ароны чызгæн – Республикæ Хуссар Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы уæнг, аивадон галерея «ARVERON»-ы директор, Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты философи æмæ культурологийы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2018 азы 30 март

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ схорзæхджын кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмты ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстады ахастытæ сфидардæр кæныны хъуыддагмæ йе стыр хайбавæрды æмæ хуызисæн аивады къабазы йæ лæггæдты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ хорзæхджын æрцæуæд Саулаты Валерий Никъалайы фырт.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2018 азы 27 март

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

«Республикæ Хуссар Ирыстоны фæллойы ветеран»-ы кадджын ном радтыны тыххæй

Бирæ азты дæргъы æнтыстджын фæллойадон архайды тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæллойы ветеран»-ы кадджын ном лæвæрд æрцæуæд;

Гатыгкоты Владислав Георгийы фыртæн,

Дыгъуызты Хасанбег Алексийы фыртæн,

Джыккайты Тузар Соскъайы фыртæн,

Санахъоты Фатимæ Хасаны чызгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2018 азы 27 март

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

«Республикæ Хуссар Ирыстоны фæллойы ветеран»-ы кадджын номæй  схорзæхджын кæныны тыххæй

Бирæ азты дæргъы æнтыстджын фæллойадон архайды тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæллойы ветеран»-ы кадджын ном лæвæрд æрцæуæд:

Дзанайты Ингæ Иваны чызгæн,

Джиоты Евелинæ Самсоны чызгæн,

Дудайты Земæ Герсаны чызгæн,

Дудайты Валико Яшайы фыртæн,

Козаты Валентинæ Шаргины чызгæн,

Хъуылымбегты Владимир Григорийы фыртæн,

Къусраты Надеждæ Константины чызгæн,

Плиты Заирæ Геннадийы чызгæн,

Плиты Мельс Иваны фыртæн,

Пухаты Светланæ Спиридоны чызгæн,

Тедеты Зойæ Ильяйы чызгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2018 азы 11 апрель

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Ныххатыры фарстаты фæдыл къамисы тыххæй

  1. 2012 азы 5 июны райстæрцæуæг «Ныххатыры фарстаты фæдыл къамисы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №91 барамындмæ бахаст æрцæуæд ивындзинæдтæ: нымæц «37» баивд æрцæуæд «38»-æй.
  2. Ныххатыры фарстаты фæдыл къамисы сконд фидар æрцæуæд.
  3. Йæ тыхы нал сты: 2012 азы 5 июны райстæрцæуæг «Ныххатыры фарстаты фæдыл къамисы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №91 Барамынды 1-аг пункты 4-æм абзац;

2013 азы 12 апрелы райстæрцæуæг «Ныххатыры фарстаты фæдыл къамисы скондмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №74 барамынд, кæцы фидар æрцыд 2012 азы 5 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №91 барамындæй».

  1. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал, 2018 азы 30 март

 

НЫХХАТЫРЫ ФАРСТАТЫ ФÆДЫЛ КЪАМИСЫ СКОНД

Гаглойты Юри Сергейы фырт – Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты зонадон кусæг,

Битеты Сергей Мерабы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры фыццаг хæдивæг,

Уазæгты Юри Павелы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Информацион агентад «Рес»-ы сæйраг редактор,

Уалыты Розæ Сергейы чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат,

Гæбæраты Таймураз Павелы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат,

Габатты Алан Хаджумары фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххуысгæнæг,

Гобозты Вячеслав Федыры фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын минæвар,

Дзугаты Къоста Георгийы фырт – Тыбылты Алыксандры номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон универ-ситеты философийы кафедрæйы лектор,

Кокойты Сергей Владимиры фырт – Иерей Кокойты Серги  Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы сауджын,

Кокойты Маирбег Димитры фырт – Республикон соматикон рынчындоны сæйраг дохтыр,

Тасойты Инал Валерийы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур адæймаджы барты фæдыл бæрнджын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.