«Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы» кадджын ном радтыны тыххæй

Педагогон архайды, рæзгæ фæлтæр хъомыл æмæ ахуыр кæныны хъуыддаджы сæрмагонд лæггæдтæ æмæ бирæ азты дæргъы æнтыстджын куысты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы» кадджын ном лæвæрд æрцæуæд:

– Гæззаты Мзия Иваны чызгæн – г.Цхинвалы №2 астæуккаг иумæйагахуырадон скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæ-гæн;

– Яшина Иринæ Никъалайы чызгæн – г.Цхинвалы №2 астæуккаг иумæйагахуырадон скъолайы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæн;

– Тасойты Майя Ботазы чызгæн – г.Цхинвалы №2 астæуккаг иумæйагахуырадон скъолайы матемæтикайы ахуыргæнæгæн;

– Гогинова Нателæ Степаны чызгæн – г.Цхинвал №2 ас-тæуккаг иумæйагахуырадон скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæн;

Гæбæраты Лианæ Барисы чызгæн – г.Цхинвалы №2 астæуккаг иумæйагахуырадон скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

г.Цхинвал, 2019 азы 26 ноябрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.