Фæсауæрцы чи ис, Республикæ Хуссар Ирыстоны уыцы æмбæстæгтимæ æфсæддон ахуыртæ ауадзыны тыххæй

«Республикæ Хуссар Ирыстоны мобилизацион цæттæ кæнын æмæ мобилизацийы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны 2000 азы 5 апрелы  Закъоны 4-æм статьямæ гæсгæ, мобилизацийы æмæ æфсæддон рæстæджы æмбæстæгты нысан сбæрæг кæныны тыххæй уынаффæ кæнын:

1.Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад 2018 азы 20 декабрæй 22 декабрмæ ауадзæт тренировкæтæ фæсауæрцы уæвæг æмбæстæгтæн фехъусын кæнын æмæ сæ æрæмбырд кæныны, афтæ ма техникæ дыууæ баиугæнды скомплекс кæныны фæдыл.

2.Æххæстгæнæг хицауады органты къухдариуæггæнджытæн, паддзахадон хицауады бынæттон органтæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны организацитæ сæ барты фæлгæтты сифтонг кæнæт, цæмæй æххæст æрцæуой ацы Барамынды 1-аг пункты бацамынд мадзæлттæ.

3.Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал, 2018 азы 14 декабрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.