Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæджы тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм уацы 7-æм пунктæй къухдариуæггæнгæйæ, уынаффæ кæнын:

  1. Козаты Димитр Евгены фырт нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæгæй.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

г. Цхинвал, 2016 азы 1 июнь

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæджы тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм уацы 7-æм пунктæй къухдариуæггæнгæйæ, уынаффæ кæнын:

  1. Тъехты Алан Зауыры фырт нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæгæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæгæй йæ ссæрибар кæнгæйæ.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

г. Цхинвал, 2016 азы 1 июнь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.