«Зынгæ ирон ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг, РХИ-йы зонæдты сгуыхт архайæг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, академик Джусойты Нафи Григорийы фырт кæй фæзиан, уый тыххæй барамынд дæттын:

  1. Арæзт æрцæуæд паддзахадон къамис Джусойты Нафи Григорийы фырты бавæрыны сæраппонд ахæм скондæй:

 

Пухаты Э. Г. – РХИ-йы Хицауады Сæрдар, къамисы сæрдар;

Гассеты И. А. –  РХИ-йы Хъахъхъæнынады министр;

Хæбæлаты А. К. – РХИ-йы Финансты министр;

Тотчиты Г. Ф. –  РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр;

Гæбæраты Ю.К. – Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл парламентон комитеты Сæрдар (сразыгæнгæйæ);

Коцты А. Г. – г. Цхинвалы администрацийы сæргъ-лæууæг;

Хъазиты М. Р. –  Ирыстоны Фысджыты  цæдисы æмсæрдар;

Гаглойты Р. Х. – Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты директор, æхсæнадон змæлд «Ирон адæмы уæлдæр советы» Хуссар Ирыстоны хайады сæрдар;

Чилæхсаты Хъ. С. – Хæрзаудæн фонд «Амонд»-ы директор (сразыгæнгæйæ);

Тедеты В. Б. – Тыбылты Алыксандры номыл ХИПУ-йы ректор;

Плиты Г. Г. – Тыбылты Алыксандры номыл ХИПУ-йы ирон литературæйы кафедрæйы гæс;

Бесаты В. С. – Хæсты, фæллойы, Гарзджын Тыхты æмæ барадхъахъхъæнæг органты РХИ-йы Ветеранты советы сæрдар.

  1. Джусойты Нафи Григорийы фырты бавæрынимæ æппæт хæрдзтæ хаст æрцæуæд паддзахады хыгъдмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

 

 

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамынд

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны фыдохы бон расидыны тыххæй

 

2017 азы 25 июны зынгæ ирон ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг, РХИ-йы зонæдты сгуыхт архайæг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, академик Джусойты Нафи Григорийы фырт кæй фæзиан, уый тыххæй барамынд дæттын:

  1. 2017 азы 29 июнь расидтæуæд фыдохы бонæй.
  2. Фыдохы бон Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт территорийыл къулгонд æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса.
  3. Паддзахадон телерадиокомпани «Ир» æмæ культурæйы уагдæттæм бахастæуæд фæндон, цæмæй 2017-æм азы 29 июны ма уадзой хиирхæфсæн алæвæрдтæ æмæ мадзæлттæ.
  4. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал,

2017 азы 26 июнь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.