Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Лев Владимиры фырт,
Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ райгуырæн боны цытæн.
Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц дæуæн нæ паддзахады социалон экономикон рæзты фарстытæм де ’гæрон цымыдис æмæ стыр хисæрмагонд хайбавæрды тыххæй.
Фидарæй мæ уырны, дæ хайадисты фæрцы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн æмцæдисон ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты æмæ фидар кæндзысты нæ бæстæты адæмты хæрзиуæгæн.
Дæ райгуырæн боны дын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æвидигæ хъару æмæ æнтыстытæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны бæрзонд хъуыддаджы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.