Стыр æхсызгондзинадимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй, Уæрæсеимæ иу историон хъысмæтæй баст чи у, афтæ ма мæхи номæй дæуæн арфæ кæнын Уæрæсейы Федерацийы Президенты бынатмæ дæ сæвзарыны сæраппонд.

Æвзæрстыты рæстæджы дæ ирд æмæ ныфсджын уæлахиз ноджыдæр уыд æвдисæн, Уæрæсейы адæм йе стыр æууæнк кæуыл æфтауынц, паддзахады ахæм сæргълæууæг æмæ национ раздзæуæгыл нымад кæй дæ. Æвзарджытæ дæ кæй равзæрстой – уый ууыл дзурæг у, æмæ уыдон дæ фарсмæ кæй лæууынц Уæрæсейы паддзахады хъомысад сæндзидзыны, бæстæйы социалон-экономикон райрæзты, цæрджыты фæрныгады рæзты æмæ æхсæнады иудзинады сæраппонд.

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад, дæ адæм дын цы бæрзонд мисси бабæрæг кодтой уый æххæст кæнгæйæ ног ирд æнтыстытæ, Уæрæсейы адæмæн та  сабырад, фæрныгад æмæ дидинæфтыд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.