«Мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центры арæзт æмæ архайды тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн 2016 азы 4 июлы горæт Цхинвалы фыстæрцæуæг Сразыдзинад сратификаци кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент уынаффæ кæны:

  1. Райст æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон «Мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центры арæзт æмæ архайды тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн 2016 азы 4 июлы горæт Цхинвалы фыстæрцæуæг Сразыдзинад сратификаци кæныны тыххæй».
  2. Ацы закъон æрвыст æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентмæ къух ыл æрфыссыны æмæ йæ ныммыхуыр кæныны тыххæй.
  3. Ацы Уынаффæ йæ тыхы цæуы йæ райсыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

 Сæрдар БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал,

2016 азы 14 сентябрь

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ

ЗАКЪОН

Мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центры арæзт æмæ архайды тыххæй Республикæ Хуссар Ирыс-тоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн 2016 азы 4 июлы горæт Цхинвалы фыстæрцæуæг Сразы-дзинад  сратификаци кæныны тыххæй.

  1. Ратификаци æрцæуæд мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центры арæзт æмæ архайды тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн 2016 азы 4 июлы горæт Цхинвалы фыстæрцæуæг Сразыдзинад.
  2. Ацы закъон йæ тыхы цæуы официалонæй йæ ныммыхуыр кæныны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

 

 

ФИДЫД

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центры арæзт æмæ архайды фæткы тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци, дарддæр – Дыууæ Фарсы,  иумæйагæй нымад принциптæ æмæ æхсæндунеон барады нормæтæй къухдариуæг кæнгæйæ,

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы тыххæй 2008 азы 17 сентябры фыстæрцæуæг Бадзырд æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй 2015 азы 18 марты фыстæрцæуæг Бадзырды 4-æм уацыл æнцойгæнгæйæ,

организацигонд фыдракæндон æмæ фыдракæндты æндæр тæссаг хуызты ныхмæ архайды, афтæ ма бархалынæдты профилактикæ кæныны, ахсджиаг интерестæ хынцгæйæ, мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центр (дарддæр – Центр) саразынмæ тырнгæйæ æмæ йын йæ архайды эффективондзинадæн Республикæ  Хуссар Ирыстоны территорийыл æнæмæнгхъæуæг уавæртæ саразыны тыххæй, сразы сты дæлдæруæвæгыл:

У а ц  1

Дыууæ Фарсы Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл аразынц Центр, йæ уæвынады бынат горæт Цхинвалы.

Центры барадон статус, йæ хæстæ æмæ йæ функцитæ, афтæ ма йæ архайды бындуртæ организаци кæнын бæрæг цæуынц Уæлæмхасæны, кæцы у ацы Фидыды æнæфæхицæн-гæнгæ хай.

У а ц  2

Ацы Фидыд реализаци кæныны нысæнттæн Дыууæ Фарсы нысан кæнынц æххæстбарджын органтæ:

Республикæ Хуссар Ирыстонæй – Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министрад;

Уæрæсейы Федерацийæ – Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрад.

У а ц  3

Ацы Фидыды спайдагонд æмбарынадтæ нысан кæнынц:

«бæрнджын адæймæгтæ» – Центры директор æмæ Центры директоры хæдивæг;

«Центры исад» – цыфæнды змæлгæ æмæ æнæзмæлгæ исад (уыцы нымæцы фæсарæйнаг валютæ, валютæйон хæзнатæ, зæххы фадгуытæ, агъуыстытæ æмæ арæзтæдтæ, транспортон фæрæзтæ, бастдзинад æмæ информатизацийы фæрæзтæ æмæ æндæр сæрмагонд техникæ), кæцы лæвæрд кæнæ самалгонд цæуы Центры официалон архайды тыххæй;

«Центры бæстыхæйттæ» – агъуыстытæ кæнæ агъуысты хæйттæ, Центры сæрмагонд нысæнттæн пайдагонд кæмæй цæуы, афтæ ма Уæрæсейаг Фарсæй æрвыст бæрнджын адæймæгтæн æмæ æмкусджытæн æмæ уыдон бинонтæн цæрæн бынæтты агъуыстытæ;

«æмкусæг» – Дыууæ Фарсæй иуы мидхъуыддæгты органты кусæг, кæцы кусынмæ æрвыст цæуы Центрмæ æмæ йæ Центры директор нысан кæны  Центры штатон кусæгæй;

«Центр» – иугæндзон чи архайы, ахæм æхсæнпаддзахадон орган, кæцыйы нысанмæздæхт у Дыууæ Фарсы архайд организацигонд фыдракæндты æмæ фыдракæндты æндæр тæссаг хуызты ныхмæ тох кæныны координаци кæнын, афтæ ма цы паддзахады уæвынад кæны, уым барадхалынæдтæ профилактикæ кæнынæн;

«бинонты уæнгтæ» – æмкъай (ус, лæг), æнахъом сывæллæттæ æмæ æндæр æввахс хæстæджытæ Уæрæсейы Федерацийæ Центрмæ кусынмæ æрвыст чи æрцыдысты, уыцы бæрнджын æдæймæгтимæ æмæ æмкусджытимæ чи цæрынц, уыдон.

У а ц  4

Центрæн ис юридикон цæсгомы бартæ æнæ коммерцион архайды барæй, ис ын йæхи символикæ, мыхуыр æмæ бланктæ, кæцыты фидар кæны Центры директор Дыууæ Фарсы Мидхъуыддæгты министрадты разыдзинадæй.

Центрæн йæ бæрндзинады фæлгæтты бар ис:

æмбæстагон-барадон бадзырдтæ аразын (уыцы нымæцы Центрмæ Уæрæсейы Федерацийæ кусынмæ æрвыст чи цæуынц, уыцы бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджытæн цæрæнбынæттæн агъуыстытæ дзаумæттимæ арендæйы райсыны тыххæй бадзырдтæ аразын);

исад амал кæнын æмæ уымæй пайда кæнын;

бангты хыгъдтæ кæнын æмæ дарын;

домæн куырдиæттимæ тæрхондонмæ хатын æмæ тæрхоны процессты   хайад  исын;

  1. Центрæн ис юридикон цæсгомы æндæр бартæ Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ.

Уац  5

Центры исадæй нæй спайдагæнæн, Центры хæслæвæрдтæ æмæ функцитимæ чи нæ иу кæны, кæнæ Республикæ Хуссар Ирыстоны кæнæ Уæрæсейы Федерацийы æдасдзинадæн, сæ æмбæстæгты кæнæ юридикон цæсгæмтты интерестæн зиан чи хæссы, ахæм нысæнттæн.

Республикæ Хуссар Ирыстон исы æмбæлон мадзæлттæ Центры бæстыхæйттæ цыфæнды бабырстæй бахъахъхъæнын æмæ (кæнæ) уыдоныл исты зиан ма æруадзыны тыххæй.

Центры бæстыхæйттæ хъахъхъæныны хæрдзтæ ист цæуынц Центрæн радихгонд фæрæзтæй.

Центрæн бар ис, цæмæй йæ хæслæвæрдтæ æмæ функциты сæххæст кæнынæн уавæртæ аразыны нысæнттæн скæна мидæггагон фæткæн уагæвæрдтæ, кæцьггæ архайынц Центры бæстыхæйтты мидæг.

Центры исад æмæ бæстыхæйттæ сты æнæагайгæ æмæ сыл парахатгонд цæуынц 1961 азы 18 апрелы райсгæ дипломатон ахастыты тыххæй Венæйы конвенцийы уагæвæрдтæ.

Оперативон-фæдагурæн мадзæлтты æмæ (кæнæ) слестгæнæн куысты фæрцы цы документтæ ист æрцыдысты, уыдонæй дарддæр Центры архивтæ, документаци, коррес-понденци æмæ бæрæггæнæнты базæ сты æнæагайгæ. Центры хъусынгæнинæгтæ æмæ кор-респонденцийыл цензурæ не ‘вæрдæуы. Ацы Уагæвæрд ахады мыхуырон, къамон, аудиовизуалон æмæ æндæр хуызы информацийы фæрæзтыл, кæцытæ ист æмæ æрвыст цæуынц Центрæй, йæ бæрнджын адæймæгтæй æмæ æмкусджытæй, лæвæрд цы хуызы цæуынц, уымæ нæ кæсгæйæ.

Центр сæрибаргонд цæуы комкоммæ фиддонтæ æмæ æндæр хъалонтæ фидынæй, коммуналон лæггæдты фиддонтæй дарддæр, кæцытæ фидаргонд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ паддзахадон органтæн.

Уац  6

Республикæ Хуссар Ирыстон Центрæн æнæаргъæй пайда кæнынæн дæтты зæххы фадгуытæ æмæ (кæнæ) Центры куыстæн бæзгæ агъуыстытæ, ахæм бадзырдимæ, цæмæй сын фыстæуа сæ коммуналон лæггæдтæ æмæ фиддонтæ паддзахадон хицауиуæгады органты фиддонты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ.

Республикæ Хуссар Ирыстон фадат дæтты Центрæн хицауадон, телефонон, факсимилон, электронон, сæрмагонд, постон æмæ телеграфон æмæ радиобастдзинæдтæй пайда кæнынæн.

Бастдзинады фæрæзтæй пайда кæнынмæ бауагъд æххæст цæуы Республикæ Хуссар Ирыстон фæсарæйнаг паддзахадты дипломатон минæварадтæн æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауиуæгады органтæн бастдзинады фадат цы уавæры дæтты, ахæм уавæры.

Уац  7

Центры къухдариуæггæнджытæ æмæ æмкусджытæн æхцайы ифтонгад арæзт цæуы окладæй, кæцы фыстæуы Центрæн радихгонд фæрæзтæй.

Центры бæрнджын адæймæгтæн æмæ æмкусджытæн æндæрхуызон бафыстытæ лæвæрд цæуынц, кæцы Фарсæй æрвыст сты, уыцы паддзахадæн йæ закъондæттынадмæ гæсгæ.

Уац  8

  1. Бæрнджын адæймæгтæ, æмкусджытæ æмæ сæ бинонтæ, кæд æмæ уыдон не сты, Центр кæцы паддзахады уæвы, уыцы паддзахады æмбæстæгтæ, уæд пайда кæнынц уыцы паддзахады территорийыл привилегитæй æмæ иммунитетæй уыйас бæрцæй, цас дæтты 1961 азы 18 апрелы фыстæрцæуæг дипломатон ахастыты тыххæй Венæйы конвенцийы дипломатон агентæн.
  2. Центры бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджытæ сæрибарæй цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл уыйас бæрцæй, цас бæрц у æнæмæнгхъæуæг сæ хæслæвæрдтæ æмæ функцитæ сæххæст кæнынæн.
  3. Уæрæсейы Федерацийæ Центрмæ кусынмæ æрвыстæрцæуæг бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджытæ сæрибаргонд цæуынц таможнæйон фиддонтæй Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ товартæ ласгæйæ, сæ хисæрмагонд пайдакæныны æмæ хæдзарад сæндидзыны райдианы тыххæй куы уой, уæд.
  4. Республикæ Хуссар Ирыстон Центрæн дæтты, Уæрæсейы Федерацийæ кусынмæ æрвыстæрцæуæг бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджытæн кусынæн æмæ сæ бинонтимæ цæрынæн бæстыхæйттæ.

Капиталон æмæ радон цалцæггæнæн куыстытæ, бæстыхайæн йæ дарыны æмæ йæ эксплуатацион хæрдзтæ фыст цæуынц Центрæн радихгонд фæрæзтæй.

 

Уац  9

Ацы Фидыдмæ гæсгæ бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджытæн лæвæрд цæуы службæйон бæлвырдгæнæнтæ, кæцытæ нымад цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон органты, ахæм документы хуызы, кæцытæ бæлвырд кæнынц Центры бæрнджын адæймæгты æмæ æмкусджыты статус æмæ бартæ, иммунитеттæ æмæ уæлбартæ.

Бæрнджын адæймæгты æмæ æмкусджыты хицæн категориты барты гæнæн ис уа, сæ хæстæ æххæстгæнгæйæ, табелон æхсæнгарз æмæ сæрмагонд фæрæзтæ дарын, хæссын æмæ уыдонæй спайда кæныны бар, Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынады нысангонд уавæрты æмæ фæткмæ гæсгæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл сæ хæстæ æххæстгæнгæйæ табелон æхсæнгарз æмæ сæрмагонд фæрæзтæ дарын, хæссын æмæ уыдонæй спайда кæныны бар кæмæн ис, Центры уыцы бæрнджын адæймæгты æмæ æмкусджыты категориты номхыгъд фидаргонд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынады фæткмæ гæсгæ.

Кæд бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджытæ табелон æхсæнгарзæй æмæ (кæнæ) сæрмагонд фæрæзæй спайда кæной, уæд ахæм факттæн æмæ сæ фæстиуджытæн барадон аргъ лæвæрд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынады фæткмæ гæсгæ, Центры æххæстбарджын минæваримæ иумæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Центры бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджыты хицæн категориты барты ис, сæ хæстæ æххæстгæнгæйæ, оперативон-фæдагуырдон, слестгæнæн æмæ æндæр архайд æххæст кæнын, ахæм уавæрты æмæ фæткмæ гæсгæ, кæцытæ бæрæг сты Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынады.

Республикæ Хуссар Ирыстон Центрæн бар дæтты йæ æддаг цъарыл сæрмагонд хуызон графикон схемæ нывгонд кæуыл ис, Центры уыцы службæйон хæдтулджытыл сæрмагонд рухсгæнæн æмæ мырон фæрæзтæ бакæнынæн.

Республикæ Хуссар Ирыстон фадат дæтты Центры бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджытæн сæ службæйон бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон органты бæстыхæйттæм бацæуынæн, уыцы бæстыхæйттæм бацæуыны тыххæй архайæг фæтк æмæ æгъдаумæ гæсгæ.

Центр фидар кæны йæ службæйон бæстыхæйттæм Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон органты минæвæрттæн, сæ службæйон бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ, бацæуыны фæтк æмæ æгъдау.

Центрæн ис Республикæ Хуссар Ирыстоны, Уæрæсейы Федерацийы æмæ Центры тырысатæ, эмблемæтæ æмæ æндæр символикæ йæ службæйон бæстыхæйттыл, автотранспортон фæ-рæзтыл, сæрмагонд бланктыл æмæ æндæр документацийыл æвæрыны бар.

Уац 10

Центры архайды материалон-финансон ифтонгад æххæст кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци иумæ.

Ацы Фидыды 5, 6 æмæ 8 уацтæм гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстон Центры бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджытæн дæдты исад æмæ гарантитæ ( хатыртæ æмæ уæлбартæ).

Уæрæсейы Федераци финансон æгъдауæй ифтонг кæны Центры архайд.

 

Уац 11

Дыууæ Фарсы æмразыдзинадæй ацы Фидыдмæ бахæссæн ис ивындзинæдтæ æмæ баххæсткæнинæгтæ, кæцытæ арæзт цæуынц хицæн суагъæтæй æмæ сты йæ æнæфæхицæнгæнгæ хай.

Ацы Фидыды уагæвæрдтæ æмбарын кæнын æмæ сæ пайда кæнынимæ бастуæвæг æнæразыдзинæдтæ Дыууæ Фарсы æхсæн скъуыддзаг цæуынц консультациты руаджы.

 

Уац 12

Центры архайд урæд куы ‘рцæуа, уæд йæ исад лæвæрд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстонмæ æмæ дзы пайда кæны ацы Фидыдмæ гæсгæ æххæстбарджын орган – Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад.

Центр йæ архайд куы æрурома, уæд Центры архивтæ, документтæ, корреспонденцитæ æмæ Центры бæрæггæнæнты базæ лæвæрд цæуынц дыууæ Фарсмæ (алы экземпляр дæр йæ оригиналы æнгæсæй), Центры архайд æруромынæй 90 боны æмгъуыдмæ.

 

Уац 13

Ацы Фидыд арæзт цæуы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй 2015 азы 18 марты фыстæрцæуæг Бадзырды æмгъуыдмæ, кæд æмæ Дыууæ Фарсæй искæцы æппынкъаддæр 6 мæйы æмгъуыдæй раздæр дипломатон каналтыл фыстæй нæ фехъусын кæна иннæ Фарсæн ацы Фидыды архайд æруромыны тыххæй.

Ацы Фидыд йæ тыхы цæуы, йæ тыхы бацæуынæн æнæмæнгхъæуæг мидпаддзахадон процедурæтæ сæххæст кæныны тыххæй Дыууæ Фарсы кæрæдзийæн дипломатом каналтыл фыстæй куы фехъусын кæной, уæдæй.

Фыст æрцыд Цхинвалы 2016 азы    июлы мæйы 4 боны дыууæ экземплярæй, алкæцы дæр дзы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, уыимæ дыууæ текстæн дæр ис æмхуызон тых.

 

УÆЛÆМХАСÆН

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центры арæзт æмæ архайды фæткы тыххæй Фидыдмæ 2016 азы 4 июль

УАГÆВÆРД

мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центры тыххæй

  1. I. Иумæйаг уагæвæрдтæ
  2. Ацы Уагæвæрд бæлвырд кæны мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центры (дарддæр – Центр) барадон статус, хæслæвæрдтæ, функцитæ æмæ йæ архайд организаци кæныны бындурон уавæртæ.
  3. Центрæн ис юридикон цæсгомы бартæй пайда кæныны бар æмæ йын нæй коммерцион архайды бартæ, ис ын йæхи символикæ, мыхуыр æмæ бланктæ, кæцыты фидар кæны Центры директор Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрадты иумæйаг разыдзинадæй æмæ арæзт цæуы организацигонд фыдракæндтæ æмæ фыдракæндты æндæр тæссаг хуызты ныхмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмархайд координаци кæнынæн, Центр кæм уæвы, уыцы паддзахады территорийыл.
  4. Центр, ацы Уагæвæрдæй йыл цы хæстæ æвæрд цæуы, уыдонмæ гæсгæ æмархайд кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы барадхъахъхъæнæг æмæ æндæр паддзахадон органтимæ, фæсарæйнаг паддзахадты барадхъахъхъæнæг органтимæ, æхсæнадæмон полицæйон организацитимæ, æхсæнадон æмæ æндæр организацитимæ.
  5. Центр йæ архайды къухдариуæг кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæнадæмон хæсистытæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы закъондæттынадæй, уыцы нымæцы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы мидхъуыддæгты министрадты нормативон барадон акттæй.
  6. Центры архайд æххæст цæуы закъондзинады, адæймаджы æмæ æмбæстаджы бартæ æмæ сæрибардзинадæн, паддзахадты суверенитетæн цыт кæныны принципты бындурыл, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы мидæггагон хъуыддæгтæм æнæагайгæйæ.
  7. Центры хъуыддагарæзтады æвзаг у уырыссаг æвзаг.
  8. Центры уæвынады бынат у Республикæ Хуссар Ирыстон, г. Цхинвал.
  9. Центры бындурон хæстæ
  10. Центр æххæст кæны ахæм хæстæ:

а) Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы барадхъахъхъæнæг органты æхсæн оперативон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм информаци кæрæдзимæ адæдты, афтæ ма æнæмæнгхъæуæг оперативон æмæ криминалон бæрæггæнæнты хыгъдарæзттæ аразы;

æ) аразы æмæ æххæст кæны, Дыууæ Фарсы интересты йæ архайдæй чи агайы, ахæм организацигонд фыдракæндон æмæхсæнадты сæрмагонд бæрæггæнæнты банк;

б) æмбырд æмæ иумæйаг кæны организацигонд фыдракæндты æмæ фыдракæндты æндæр тæссаг хуызты ныхмæ куысты информаци æмæ йын кæны анализ.

в) æххæст кæны, уголовон фæдагуырдæй кæнæ тæрхоны уынаффæйæ йæхи чи æмбæхсы, уыдоны æхсæнпаддзахадон фæдагуырд æмæ сæ алæвæрд.

г) ахъаз кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æдасдзинадæн тæссагдзинад цы фыдракæндтæ æвзæрын кæнынц, уыдон ныхмæ æмуаг, æнæмæнгхъæуæг архайд реализаци кæнынæн;

д) бакусы æмæ бавдисы, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмгуыстады эффективондзинад чи уæлдæр кæны, ахæм хьæппæрисон бакуысты фæндæттæ.

III. Центры сконд æмæ йæ архайды организаци

  1. Центры сконд арæзт цæуы бæрнджын адæймæгтæй æмæ Центры æмкусджытæй.
  2. Центры структурæ æмæ йе штатон нывæзт фидаргонд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы мидхъуыддæгты министрадты иумæйаг разыдзинадæй Центры директоры бавдыстæй.
  3. Центры сæргъ лæууы директор, кæцы урæд æмæ сæрибар цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы мидхъуыддæгты министрты иумæйаг уынаффæйæ.
  4. Центры директоры хæдивæг урæд æмæ сæрибар цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы мидхъуыддæгты министрты иумæйаг уынаффæйæ, Центры директоры бавдыстæй.
  5. Центры директор æмæ йæ хæдивæгæн нæй бар æмæ уой иу паддзахады минæвæрттæ.
  6. Центры директор æмæ йæ хæдивæг сæ куысты бынæттæй сæрибар цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы мидхъуыддæгты министрадты иумæйаг уынаф-фæйæ, уыцы нымæцы сæхи фæндонмæ гæсгæ, кæнæ се ‘нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ.
  7. Центры директор æмæ йæ хæдивæг, сæ хæстæ æххæстгæнгæйæ, хынцынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы интерестæ.
  8. Центры директор йæ архайды тыххæй хыгъд дæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыд-дæгты министрадты раз.
  9. Центры штатон бынæттæм Дыууæ Фарсæй рарвыстгонд æмкусджытæ æрвыст цæуынц Дыууæ Фарсы паддзахадты закъондæттынады нормæтæм гæсгæ æмæ баззайынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрадты кадрты сконды.

Уыимæ Центры штатон бынæтты фæндзай процентæй къаддæр ма хъуамæ уа Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады кадрты сконды уæвæг æмкусджытæй.

Центры штаттæ бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджытæй комплектаци кæныны æмæ уыдонæн сæ хæстæ æххæст кæныны, Центры фæсчъылдыммæйы ифтонгады æмæ Центры бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджытæн сæ куыстимæ баст хæрдзты фæтк фидаргонд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрадтæй Центры директоры бавдыстмæ гæсгæ.

  1. Центры директор:

а) къухдариуæг кæны Центры куыстæн æмæ йын хæссы бæрндзинад йæ куысты фæстиуджытæн, афтæ ма йæ финансон-хæдзарадон архайдæн;

æ) йæ компетенцийы фæлгæтты дæтты бардзырдтæ æмæ уынаффæтæ;

б) Центры номæй минæварад кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон органты, афтæ ма фæсарæйнаг бæстæты барадхъахъхъæнæг органты, æхсæнадæмон полицæйон организациты æмæ ма Центры компетенцимæ цы фарстатæ хауынц, уыдоны фæдыл æндæр æхсæнадæмон организациты;

в) къухдариуæг кæны кадрты æвзарын æмæ сæ бынæтты уромыны хъуыддагæн æмæ, Центры æмкусджытæ æрвыст кæцæй сты, уыцы паддзахады министрадты разыйæ сæ сæрибар кæны сæ куысты бынæттæй дæр;

г) бахаты æрвитæг паддзахады Мидхъуыддæгты министрадмæ Центры директоры хæдивæг æмæ æмкусджытæн сæрмагонд чинтæ, хорзæхтæ æмæ дисциплинарон æфхæрд радтыны тыххæй;

д) æрвылаз дæр бавдисы Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрады æркастмæ Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады разыйæ Центрæн йæ дарыны, йæ хæрдзты сметæйы проект æмæ йæ сæххæсты хыгьд;

е) æрвылаз дæр Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы мидхъуыддæгты министртæм бавдисы Центры архайды афæдзон хыгъд;

ж) организаци кæны Центры сфидаргонд куысты фæтк æххæст кæнынмæ хъусдард;

з) Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады коллегийы уæнг.

  1. Центры директоры хæдивæг:

а)   хайад исы кадртæ æвзарын æмæ сæ бынæтты уромыны хъуыддаджы, афтæ ма сын дих кæны æмкусджыты æхсæн сæ функционалон хæстæ æмæ сын контроль кæны сæ архайдыл;

æ) Центры директоры барамындæй минæварад кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон органты, фæсарæйнаг паддзахадты барадхъахъхъæнæг органты, æхсæнадон полицæйон организациты, æмæ ма Центры компетенцимæ цы фарстытæ хауынц, уыдоны фæдыл ахæм æндæр æхсæнадон организациты;

б) Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрадты æркастмæ цы документтæ æвдыст цæуы æмæ уыдон цы экспертон рабадтыты цæттæгонд цæуынц, уым хайад исы;

з) йæ куысты тыххæй хыгъд дæтты Центры директоры раз æмæ йын йæ хæстæ æххæст кæны, директор бынаты куы нæ уа, уыцы рæстæг;

г) æххæст кæны, Центры куыстмæ чи хауы, æндæр ахæм функцитæ, Центры директоры барамындæй;

  1. Центры директор, йæ хæдивæг æмæ æмкусджытæн радон сæрмагонд чинтæ лæвæрд цæуынц, кæцы паддзахадæй æрвыст сты, уый закъондæттынадмæ гæсгæ.
  2. Æрвитæг паддзахадтæ сфидаргонд фæткмæ гæсгæ Центры æмкусджытæ æмæ бæрнджын адæймæгтæн дæттынц, Центрмæ æрвыст æрцæуыны размæ сын цы бынæттæ уыд, уыдонæй дæлдæр чи нæ уа, ахæм бынæттæ, ахæм цауты рæстæджы:

а) Центры архайд урæд куы ‘рцæуа;

æ) бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджытæн Центры сæ куысты æмгъуыд куы фæуа;

б) Центры бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджытæ сæ куыстæй сæрибар куы ‘рцæуой.

  1. Центр Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрадимæ æмразыйæ ифтонг кæны Центры бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджытæн службæйон æвдисæндарты хуызæг.

Æрвитæг паддзахады мидхъуыддæгты министры къухфыстæй Центры бæрнджын адæймæгтæн лæвæрд цæуы службæйон æвдисæндартæ сæрмагонд чин æмæ службæйы бынаты нысанимæ.

  1. Центры директоры къухфыстæй Центры æмкусджытæн лæвæрд цæуы службæйон æвдисæндартæ сæрмагонд чин æмæ службæйон бынаты нысанимæ.
  2. Сæрмагонд рухсы, мыры æмæ сигнализацийы, афтæ ма сæрмагонд символикæ нынныв кæныны бар цы хæдтулгæтыл ис, уыдоны нымæц æмæ хыгъд фидаргонд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Центры директоры бавдыстмæ гæсгæ.
  3. Центры финансон æгъдауæй ифтонг кæнын
  4. Центры архайд финансон фæрæзтæй ифтонг цæуы, йæ дарынæн Уæрæсейы Федерацийæ цы фæрæзтæ радихгонд цæуынц, уыдонæй.
  5. Центры директоры бынат, йæ мызд æмæ гæнæнуæвæг уæлдæр сæрмагонд чин æмсæр сты Уæрæсейы Федерацийы мидхъуыддæгты министрады централон аппараты сæйраг управленийы (департаменты) сконды уæвæг управленийы сæргълæууæджы бынатимæ.

26.Центры директоры хæдивæджы бынат йæ мызд æмæ гæнæнуæвæг уæлдæр сæрмагонд чин æмсæр сты Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады централон аппараты сæйраг управленийы (департаменты) сконды уæвæг управленийы сæргълæууæджы хæдивæджы бынатимæ.

  1. Центры дæлхæйтты æмкусджыты бынæттæ сæ мызд æмæ гæнæнуæвæг уæлдæр сæрмагонд чинтæ æмсæр сты Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады централон аппараты сæйраг управленийы (департаменты) сконды гæнæнуæвæг управленийы æмкусджыты бынæттимæ.
  2. Уæрæсейы Федерацийæ æрвыст Центры бæрнджын адæймæгтæ æмæ æмкусджытæ сæ бинонтимæ медицинон лæггæдтæй ифтонг цæуынц Центры фæрæзтæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.