Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Лев Владимиры фырт!
Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ мæхи номæй дын зæрдиаг арфæтæ кæнын дæ Райгуырæн боны цытæн. Дæ къухдариуæджы фæрцы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министрад æнтысгæйæ скъуыддзаг кæны йæ разы лæууæг хæстæ Цæгат Кавказы социалон-экономикон рæзты фадыджы, регионы æвæрццаг инвестицион климат саразыны сæраппонд.
Æппæт зæрдæйæ дын зæгъын, цытджын Лев Владимиры фырт, фидар æнæниздзинад æмæ хæрзиуджыты фæндиæгтæ, цæмæй сæххæст уой де ’ппæт царды фæндтæ æмæ дын уа стыр æнтыстытæ дæ куысты»

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.