Арфæйы фыстæджы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Владимир Вольфы фырт!
Стыр цытимæ дын æрвитын мæ зæрдиаг арфæтæ дæ 70 азы юбилейы цытæн!
Дæ фæлтæрддзинад æмæ дæ хисæрмагонд куырдиатджын организаторы уды миниуджытæ ахъаз сты, бирæ азты дæргъы кæмæн лæггад кæныс, уыцы уæрæсейаг парламентаризмы рæзтæн. Де ппæт зонындзинæдтæ æмæ тыхтæ ды хардз кæныс паддзахад æмæ дæ адæмы интерестæ хъахъхъæныны сæраппонд. Паддзахадон хæстæ скъуыддзаг кæныныны хъуыддагмæ дæ цæстæнгасæн стыр аргъ кæнынц бæстæйы уæлдæр къухдариуæгад, адæмы хъуыды химæ раздахынмæ дæ арæхст æмæ æнтыстытæм тырнындзинад та дæуæн ссардтой кад æмæ æууæнк адæмы æхсæн. Фидарæй мæ уырны, дæ профессионализм æмæ стыр фæлтæрддзинад ма бирæ азты дæргъы ахсджиаг кæй уыдзысты.
Æппæт зæрдæйæ дын, цытджын Владимир Вольфы фырт, зæгъын фидар æнæниздзинад, фæрныгады фæндиæгтæ, цæмæй сæххæст уой де ’ппæт царднывæндтæ».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.