6 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Къазбулат телефоны ныхас кодта Хæххон Хъарабахы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Карен Мирзоянимæ.
Цхуырбаты Къазбулат Карен Мирзоянимæ ныхасгæнгæйæ, равдыста тыхстдзинад хæххон-хъарабахаг зонæйы ныхмæлæуды фæдыл. Министр йæ коллегæйæн фидарæй загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны лæмбынæг сæ хъус дарынц уавæрмæ, æмæ ныфсы ныхæстæ арвыста Хæххон Хъарабахы адæмæн. Уымæй дарддæр ма банысан æрцыд, кæй хъæуы бæрндзинад æмæ фидардзинад равдисын, цæмæй уавæр ма расайа уымæ, æмæ ныхмæлæуд аирвæза хъусдарды бынæй æмæ ауæрæх уа. Уый та æркæнид æнæхъæн регионы æндыгъддзинадмæ.

Цхуырбаты Къазбулат мæсæллæйы ныхæстæ загъта фæмардуæвджыты бинонтæ æмæ æвввахс адæмæн, æмæ бахатыд, цæмæй фæстаг бонты цауты чи фæцæф, уыдонмæ фæхæццæ кæной, тагъддæр цы сæнæниз уой, уый тыххæй йæ фæндиæгтæ.

Йæхирдыгæй Карен Мирзоян дæр бузныг загъта Цхуырбайы фыртæн йæ ныфсы æмæ æмзæрдæдзинады ныхæсты тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хæххон Хъарабахы къухдариуæгад аразы æппæт дæр уавæр сабырадон амæлттæй æрнывыл кæныны сæраппонд.

г. Цхинвал, 2016 азы 6 апрель

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.