Нæ республикæйы царды ахсджиаг нысаниуæг æмæ бынат ис, районты цы процесстæ цæуы, уыдонæн, уымæн æмæ æнæ районты райрæзт æмæ проблемæты æрбæстон кæнынæй рæзæн нæй Хуссар Ирыстонæн.

Æрæджы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры уазджытæ уыдысты республикæйы районтæ – Цхинвал, Дзау, Знауыр æмæ Ленингоры администрациты сæргълæуджытæ Плиты Инал, Магкоты Уырызмæг, Гæбæраты Инал æмæ Хацырты Филипп.

Уыдон дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн дзырдтой æмæ дзуаппытæ лæвæрдтой районы проблемæтæ, æнтыстытæ æмæ бæстонкæнинаг фарстыты фæдыл.

Æнтыстытыл дзургæйæ, Плиты Алан рæгъмæ рахаста социалон æмæ инфраструктурон фарстытæ. Проблемæтæ бæстон цæуынц донифтонгад æмæ фæндæгтæ цалцæг кæныны хъуыддаджы. Æнæниздзинад хъахъхъæнын, ахуырад, культурæ, фæсивæды цард, спорт æмæ æндæр здæхты районы администрацийы къухты æфты бæрæг æнтыстытæ.

«Адæм нуазыны донæй ифтонг куыд сты, доны хæтæлтæ цалцæг куыд цæуынц, ууыл дзырд куы цæуа, уæд 11 хъæуы цæуы куыст. Доны ног хæтæлтæ уагъд цæуы ныртæккæ 4 хъæумæ, уыцы нымæцы Рустауы хъæумæ дæр. Уым нын ис иууыл фылдæр кусинæгтæ. 14 километрæй фылдæр дæрддзæгæй Икъортайы хъæумæ уагъд цæуы доны хахх. Присы хъæумæ дæр цæуынц донуадзæн æмæ фæндагаразæн куыстытæ.

Ног фæндæгтæ, кæнæ  та зæронд фæндæгтæ цалцæг æрцыдысты 11 хъæумæ. Ацы хъуыддаджы куыст къуылымпы кæны техникæйы æдзæллаг уавæр», – загъта уый.

Бирæ азты дæргъы цæрджытæ тыхстысты Вилдайы хъæумæ фæндаджы æдзæллаг уавæрæй  уый дæр цалцæг æрцыд. Гром-Арцеуы æхсæн фæндаг дæр афтæ.

Электроифтонгады фарсты фæдыл йæ хæрдзты фиддонтæ нывыл фыст  нæ цæуынц.

Хъæууон хæдзарад райрæзын кæныны фæдыл Плиты Алан банысан кодта, фермертæн хицæн æрцыд хъæууонхæдзарадон кредиттæ, куыд финансон, афтæ товарты хуызы дæр. Администраци та сын æххуыс кæны зæххы ресурстæй, кæны сын методикон æххуыс. Сæйраг проблемæ у техникæйы хъуагдзинад. Фермертæ кæд се ‘ппæт нæ, уæддæр раст æмæ нысанмæздæхт куыст кæнынц.

Районы сæргълæууæг райгондæй банысан кодта фермерты æнтыстджын куыст Елтъура, Арцеу æмæ Тъбеты хъæуты. Цхинвалы районы Зонкъары хъæумæ фæндаг ис æдзæллаг уавæры æмæ зындзинæдтæ æвзарын кæны, уырдæм сæрибар рæстæг æрвитынмæ чи фæцæуы, уыдонæн. Иу рæстæджы, уыцы фæндаг цалцæг кæнынмæ æрæвнæлдæуыд республикон æмвæзадыл, фæлæ фарст уæддæр нæ аскъуыддзаг

2008 азæй фæстæмæ горæтмæ хæстæг хъæуты пырх хæдзæрттæ йедтæмæ цæст ницæуыл схæцыдаид. Ахæм хæдзæрттæй бирæ территоритæ сыгъдæг æрцыдысты, аннæты фæдыл дæр цæуы куыст. Плиты Алан куыд радзырдта, уымæ гæсгæ районы территорийыл чи ис, уыцы хъæуты гуырдзиаг цæрджытимæ хæццæйæ цардысты ирæттæ дæр. Уыцы ирон æмбæстæгтæй администрацимæ цæуы куырдиæттæ, цæмæй сын сæ цæрæн бынæттæ фæстæмæ раздахой (зæгъæм, Иры хъæуы, раздæры Ереды хъæуы) æмæ сæ ма ныппырх кæной. Уымæ гæсгæ уыцы ирон æмбæстæгты цæрæн бынæттæй пырх цæуы, æрмæстдæр, ныккæлынæй тас кæмæн у, уыдон.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг сæйраг æнтыстыл банымадта Дзау æмæ йæ алыварс хъæуты нуазыны донæй ифтонгады фарст.

Дзауы районы Църуйы хъæу хъуаг сты донæй. Фидæн азы, йæ ныхæстæм гæсгæ ацы хъæумæ уагъд хъуамæ æрцæуа Джеры кувæндоны бынæй дон. Ууыл ныридæгæн куыст цæуы. Моргойæ Къуылыхты хъæумæ æмæ Барсы хъæумæ та фæндæгтæ хъуамæ цалцæг æрцæуой.

Уымæй дарддæр Дзауы райцентры арæзт æрцæудзæн сывæллæтты сфæлдыстадон галуан. Ныртæккæ куыст цæуы документацийыл. Сæрдыгон клуб, скъола-интернаты бæстыхæйттæ цæуынц цалцæггонд.

Районы электрохызæг æмæ электроифтонгады фæдыл – уавæртæ æмæ фадæттæм гæсгæ цæуы куыст, кæмдæрты трансформатортæ сæвæрдтой, бирæ рæтты та раивтой цæджындзтæ. Уынгты рухс кæныны фæдыл дæр куыст цæуы.

Районы фермерон хæдзарадтæ цахæм æххуыс исынц районон администрацийæ æмæ хъæууон администрациты сæргълæуджытæм цахæм фæндтæ ис хъæууон хæдзарад рæзын кæныны  хъуыддаджы, уый фæдыл администрацийы сæргълæууæг банысан кодта, район фылдæр фосдарды ‘рдæм здæхт кæй у. Сæ фæнд у, раздæры стурæргæвдæнтæ æрнывыл кæнын, уымæн æмæ районы цæрджытæн хатт вæййы ныхдуртæ сæ фос уæй кæнгæйæ. Ныртæккæ районы къухдариуæгад Хъæууон хæдзарады министрадимæ иумæ архайынц авд хæдзарады саразыныл. Йæ ныхæстæм гæсгæ хъæуы саразын паддзахадон хæдзарадтæ, уымæн æмæ кусæг уырдæм зæрдæрайдæрæй бацæудзæн кусынмæ, хицæн фермертæм абаргæйæ.

Район бæгæныфыцæн компани «Бавария»-имæ бадзырды фæлгæтты (компани ма кусы тауинаг цæттæ кæныныл) бацæттæ кодтой 10 гектары зæхх картофы хуымæн æмæ сын цы тауинаг радтой, уый хъуамæ байтауой. Кæд хъуыддаг хорз ацæуа, уæд Дзауы район хъавынц уыцы куыст райтынг кæнынмæ.

Дзауы район рагæй дæр у курортон, Мзиугомы улæфæн бы-нæттæ ныртæккæ сты Хъахъхъæ-нынады министрады къухы, иу ахæм зындгонд бынат ма дзы ис Къодибыны. Йæ рæстæджы уый уыд хосгæнæндон. Йæ донæн ис алæмæтон хосгæнæн уагдоны миниуджытæ. Хицæн амалиуæггæнджытæ архайынц, цæмæй уыцы бынаты сæндидза хосгæнæн санатори. Ацы хосгæнæндоны сырæзтæн стыр нысаниуæг ис æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ уымæн æддейæ дæр. Магкоты Уырызмæджы ныхæстæм гæсгæ ацы лæппутæн æххуыс кæны районы администраци, фæлæ хорз уаид æмæ сæм се ‘ххуысы къух куы фæдарид Хицауад дæр.

Фæсивæды ‘хсæн спортивон мадзæлттæ уадзыны тыххæй Уырызмæг дзырдта, зæгъгæ, турниртæ уадзæм шахматтæ æмæ спорты æндæр хуызтæй.

Дарддæр ма администрацийы сæргълæууæг банысан кодта, Дзауы дыууæ хайы чи иу кæны, уыцы хид. Стæй ма фаллаг фарс фæндагæй 3,5 километры бæрц кæй сты капиталон цалцæггæнинаг. Æрмæст районы хъарутæ не сты ацы куыст бакæныны фаг.

Знауыры районы сæргълæууæг Гæбæраты Иналы ныхæстæм гæсгæ, иумиагæй сисгæйæ, районты проблемæтæ æмхуызон сты.  Кæй зæгъын æй хъæуы, проблемæтæ тынг бирæ сты, фæлæ сын уыцы проблемæтæй цыдæртæ бантыст аскъуыддзаг кæнын. Уыдонæн сæ фылдæр баст у фæндæгтæ цалцæг æмæ цæрджыты нуазыны донæй сифтонг кæнынимæ.  Ацы аз сын плангонд уыд, цæмæй Гомарт æмæ Уахтъанайы хъæуты онг дон рауадзой. Сæ къухты бафтыд, планы сын цы куыстытæ уыд, уыдон бакæнын.

2018 азы ацы куыстытæ адарддæр кæндзыстæм æмæ нын планмæ гæсгæ хъуамæ арæзт æрцæуа ацы доны хæтæл кæронмæ. «Æнтыстджындæр куыстыл æз нымайын доны фарст скъуыддзаг кæй цæуы, уый уымæн æмæ нуазыны донæй сифтонг кæндзыстæм Уахтъана æмæ Терегуаны хъæуты. Ацы хъæуты ис 120 хæдзары бæрц æмæ сæ цæрджыты нымæц та у 400-йæ фылдæр. Ацы бонты ма фæуд кæнынц Гобозты хъæумæ дæр дон рауадзыны куыстытæ. Уыцы куыстыты дæр банымайæн ис æнтыстджыныл. Ацы аз ма нын бантыст Знауыры поселочы фæндæгтæ сасфальт кæнын æмæ бирæ дард хъæутæм фæндæгтæ сцалцæг кæнын», загъта уый.

Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Хацырты Филипп афтæ радзырдта:

– Æз мæ куысты иууыл æнтыстджындæрыл нымайын уыцы хабар æмæ мын кæй бантыст æмткæй районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыстмæ ивындзинæдтæ ба-хæссын. Йæ рæстæджы нæ республикæйы хицауад ацы хæдзарадтæ сарæзтой уымæн, цæмæй æххуыс кæной районы администрацийæн æмæ куыст рогдæр кæной. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый раст хъуыддаг у.  Цæмæн æрцыд нæ районы ацы фадыджы ивындзинæдтæ? Уымæн æмæ уыдон кæронмæ гъæдджынæй не ‘ххæст кодтой сæ разы æрæвæргæ хæстæ. Цы техникæ дзы уыд, уыдонæн сæ 90 проценты бæрц нæ куыстой, уыдысты цалцæггæнинаг. Афтæ кадртæй дæр уагдон æййæфта цухдзинад. Чи дзы куыста, уыцы адæймæгтæй бирæтæ сæ хъус куыстмæ нæ дардтой æмæ дзы бирæтæ сæрибар æрцыдысты сæ куыстæй.

Æппæт цалцæггæнæн куыстытæ, фæндæгты арæзтад, афтæ ма донуадзæн куыстытæ дæр иууылдæр баст сты ацы хæдзарадимæ æмæ уым дæсны кадртæ куынæ куса,  уæд цæй цалцæггæнæн куыстытыл хъуамæ дзурæм. Ныртæккæ цæрæнуатон- коммуналон хæдзарад цæттæ у оперативон æгъдауæй йæ разы цы хæстæ æрæвæрдта, уыдон æххæст кæнынмæ.  Инвестицион программæмæ гæсгæ дзырд цæуы районы централон канализацион æмæ доны хæтæлты арæзтадыл. Уыдон сты серьезон æмæ егъау объекттæ. 15 км. арæзт æрцæудзысты донуадзæн хæтæлтæ æмæ 10 км. бæрц та – централон канализацион хæтæлтæ. Ацы куыстыты кæрон æрхæццæ кæны æмæ иннæ аз та скъуыддзаг цæудзæн районы хæрзарæзтады фарст. Фæнды мæ банысан кæнын уый, æмæ æппæт ацы куыстытæ ивгъуыд сæрды урæд кæй æрцыдысты, уымæн æмæ раздæры подрядон организацитæ сæ куыст цæсгомджынæй не ‘ххæст кодтой æмæ иуварсгонд æрцыдысты. Фæлæ ныртæккæ куыст цæуы хорз, гъæдджынæй æмæ цæсгомджынæй, – банысан кодта Филипп.

Пресс-конференцийы рæстæджы журналисттæ бацымыдис кодтой районтæ æмæ сæ хъæутæ электроны рухсæй куыд ифтонг сты, уымæ.

Знауыры районы сæргълæууæг Гæбæраты Инал банысан кодта, зæгъгæ, электроэнергийы фæдыл поселочы уыйбæрц проблемæтæ нæй, районы хъæутимæ абаргæйæ. Зæгъæм, хъæуты уынгты нæй рухсы цæджындзтæ, бирæ рæтты сты ивинаг, фæлæ уæддæр электрохызæджы кусджытæ кусынц планмæ гæсгæ æмæ сын сæ куыстæй райгонд стæм. «Кæд планмæ гæсгæ сæ бон алы фарст аскъуыддзаг кæнын нæ вæййы, уæддæр æппæтдæр аразынц, цæмæй сæ куыст æххæст кæной цæсгомджынæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы фадыджы дæр ис проблемæтæ, фæлæ сæ цадæггай скъуыддзаг кæнæм»,- банысан кодта Гæбæраты Инал.

Ленингоры районы сæргълæууæг та банысан кодта, районы хъæутæ рухс кæй исынц нæхи энергоресурстæй. Районы хъæутæй сæ иу бæрæг аххосæгтæм гæсгæ электроэнерги истой Гуырдзыстонæй, фæлæ уыцы фарст дæр æмбæлон æгъдауæй скъуыддзаг æрцыдис: «Æрæджы нæ республикæйы хицауад райста уынаффæ, кæцыйы комкоммæ дæр дзырд цæуы нæ хъæуты хæрзарæзтады тыххæй. Мах уыцы уынаффæмæ гæсгæ æппæт дæр араздзыстæм, цæмæй нæ хъæуты цæрыны уавæртæ æмæ фадæттæ фæхуыздæр уой æмæ хъæуты уынгты рухсытæ ссудзæм», – банысан кодта Хацырты Филипп.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма дзырд цыд, Ленингоры районы бирæ хъæуты цæрджытæн сæ бон кæй нæу Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы гæххæтт райсын. Уый фæдыл Хацырты Филипп загъта, зæгъгæ, районы цæрджытæ цадæггай исынц ирон æмбæстаджы гæххæттытæ. Уыцы хъуыддагыл кусынц цал-дæр ведомствæйы. Ацы хъуыддаджыы фæдыл цæуы лæмбынæг куыст.

Æнæхъусдардæй нæ баззадис пресс-конференцийы рæстæджы дины фарст дæр. Уыцы хъуыддаг хауд Ленингоры районы цы гуырдзиаг чырыстон аргъуан ис, уымæ. Журналисттæ бафарстой, зæгъгæ, егъау у районы раздæры сæргълæуджытæн сæ бон не ссис ацы фарста аскъуыддзаг кæнын æмæ ныртæккæ та цы уавæры ис?

– Ацы фарст домы лæмбынæг куыст. Махмæ уый фæдыл ис сæрмагонд хайад, кæцы нæ республикæйы къухдариуæгадимæ æмæ нæ чырыстон дины кусджытимæ иумæйагæй кусынц æмæ бæстон кæнынц ацы фарст. Уый хуымæтæг хъуыддаг нæу æмæ афтæ æнцонтæй скъуыддзаг не ‘рцæудзæн, Ленингоры районы мах сарæзтам чырыстон аргъуан, фæлæ нын дзы, хъыгагæн, дины кусджытæ нæй, уымæ гæсгæ цæрджытæ цæуынц кувынмæ гуырдзиаг чырыстон аргъуанмæ.  Æз ма йæ хъуыды кæнын, раздæр-иу чырыстон дины кусæджы цалдæр азы æмгъуыдмæ æрвыстой кусынмæ аргъуанмæ. Фæлæ ныртæккæ ацы хъуыддаг цæмæн ныннымæг ис, уый не ‘мбарын. Хорз уаид, æмæ ацы фарст нæхи чырыстон дины кусджыты ‘хсæн скъуыддзаг куы æрцæуид. Æппæт дæр саразын хъæуы, цæмæй нæхи бынæттон аргъуан скуса.

Цæмæй Ленингоры фæсивæд иумиагæй нæ республикæйы фæсивæдимæ æмиу кæной æмæ архайой, уый фæдыл Хацырты Филипп загъта, зæгъгæ, ацы фарст тынг ахсджиаг фарста у æмæ йыл кусгæ дæр кæнæм. Йæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй ист цæуы конкретон мадзæлттæ. Уый фæдыл цæттæ цæуынц æмбæлон гæххæттытæ сæрдыгон улæфæн лагеры бакæныны фæдыл. Уый арæзт æрцæудзæн куыд районы фæсивæдæн, афтæ æмкæй республикæйы фæсивæдæн дæр. Дзырд цæуы стационарон базæйы арæзтадыл Дзимыргомы раздæры скъолайы агъуысты. Хацырты Филиппы ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ уыцы ран цæуы цалцæггæнæн куыстытæ æмæ сæ фæуыдзысты 2018 азы майы мæйы. Базæйы комкоммæ нысан уыдзæн, цæмæй æмткæй республикæйы фæсивæд иумæ иудзинады уой, сæ улæфтбонтæ иумæ æрвитой æмæ а.д. Уыдзæн дзы 60 бынаты. Ахæм улæфæн фæсивæдон базæ нæ республикæйы никуыма уыд. Афтæ ма районы сæргълæууæг загъта, зæгъгæ поселочы  скъолаты ахуыргæнинæтæ активон хайад фæисынц æмткæй нæ республикæйы æмвæзадыл цы мадзæлттæ уагъд фæцæуынц, уым.

Нæ районты егъау хъусдард здахынц хъæууонхæдзарадон куыстытæм.

Знауыры районы хъæууон хæдзарады хъомыс егъау у, Гæбæраты Инал куыд загъта, афтæмæй ам дæр сæмбæлæн ис проблемæтыл. Ис районы бирæ ахæм адæймæгтæ, кæцыты ацы здæхты фæнды кусын, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ сæ бон нæу ацы фарста сæхæдæг аскъуыддзаг кæной. Ис ахæм фермертæ, кæцытæн сæ куысты ис æнтыстытæ, сæ продукци ласынц æмæ дæттынц республикæйы дуканитæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн дæр сæ фыццаг проблемæ вæййы, техникæ сын кæй нæ фаг кæны, уый. Районы къухдариуæгады къухы нæй техникæ, æппæт техникæ сты нæ республикæйы хъæууонхæдзарады министрады дæлбар.  Æмæ иуæй-иу хатт фермертæн сæ куыстытæ баззайынц. Знауыры район хъæздыг у йæ зæххы фадгуытæй æмæ быдыртæй, æрмæст сæ хъæуы кусын.  Районы арæзт æрцыд фермæтæ, кæцытæ ныртæккæ нæ кусынц, æнхъæлмæ кæсынц инвестортæм. Афтæ ма ис бирæ зæххы фадгуытæ, кæцытæ хорз сты сæндæттæн. Егъау куыст ма Знауыры районы кæнынц халсæрттæ тауыны хъуыддагыл дæр. Хорз æмвæзадыл æххæст кæнынц арендатортæ ацы фадыджы сæ куыст. Уыдон дæр сæ райсгæ продукци реализаци кæнынц нæ республикæйы дуканиты.

Ленингоры районы Цъинагар æмæ Орчъосаны зæххытæ нымад цæуынц иууыл хъæздыгдæр зæххы фадгуытыл. Фæлæ абоны бон уыцы зæххытæ æххæстæй куыст нæ цæуынц. Уыцы зæххытæ куыст куы цæуиккой, уæд фаг уаиккой нæ республикæйы бынæттон продукцийæ ифтонг кæнынæн. Ам дзырд цæуы донæмбырдгæнæн саразыныл, уымæн æмæ уыцы хъæутæ донæй тынг цухдзинад æййафынц. Ис дзы æрдзон фæсауæрцтæ, фæлæ ацы куыст æмбæлон æмвæзадыл кæнынæн, фадæттæ нæй. Уымæ гæсгæ Ленингоры район хъæууон хæдзарады къабазы нырма у лæмæгъ.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ,

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.