14-æм июлы Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзиаг-ирон конфликты зонæмæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты æрбакондыл 32 азы сæххæсты боны цытæн Президент Гаглойты Алан фембæлд хæстонтæ-фидауынгæнджытимæ. 

Гаглойты Алан арфæйы ныхæстæ загъта хæстонтæ-фидауынгæнджытæн æмæ банысан кодта се’гæрон æххуысс Хуссар Ирыстоны зæххыл сабырад æрхæссыны хъуыддаджы æмæ сæ схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдантæй.

«Æмхæццæ Фидауынгæнæг тыхты æрбаконд нæ зæхмæ нысаниуæгджы бон у Хуссар Ирыстоны историйы. «Абон нысан кæнæм, историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм бон. Вазыгджын Фидауынгæнæг операцийæн  саргъгæнæн нæй. Хæстонтæ-фидауынгæнджытæ равдыстой стыр быхсындзинад Гуырдзыстоны хицауиуæгады стыр провокациты æрдæм, уымæй бахъахъхъæдтат сæдæгай сабырцæрæг ирон  адæмы цард.  Бузныг уын Фыды­бæстæмæ уæ уарзондзинады тыххæй. Сымахæй алчи дæр Хуссар Ирыстоны пад­дзахад­дзинады сырæзтмæ бахаста, саргъгæнæн кæмæн нæй ахæм хайбавæрд. Мах æй хъуыды кæнæм, Хуссар Ирыстоны адæм уыл цины цæссыгтимæ кæй æмбæдысты, уый», – банысан кодта Президент Гаглойты Алан.

Бæстæйы сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, 2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы  знаджы цæф йæхиуыл чи банкъардта, уыдон уыдысты Фидауынгæнæг тыхты уæрæсейаг контингенты службæгæнджытæ. «Æнæмсæр тохы рæстæджы цы службæгæнджытæ фæхъуыдысты, уымæ нæкæскæйæ, Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæ баурæдтой знаджы уæззау тыхты  æрбабырст. Абон нæ æфсæддонтæ хъахъхъæнынц æмæ иумæ тох кæнынц нæ паддзахады æмæ æфсымæрон паддзахады – Уæрæсейы Федерацийы интерестæ. Ныфс мæ ис фашизмыл кæй фæуæлахиз уыдзыстæм», – загъта Гаглойты Алан.  Ирон адæмы мысынады баззайдзысты, фидауынгæнæг службæгæнджытæй нæ адæмы сæрибардзинады тыххæй, сæ сæртæ нывондæн чи æрхаста, уыдон рухс нæмттæ.

«Бузныг уын зæгъын, намысджынæй уæ æфсæддон хæс кæй сфæнды дæр уыд æмæ уыдзæн фарсхæцынад», – загъта президент.

Æхсæнадон фонд «Миротворец»-ы сæрдар Гæбæраты Таймураз бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæууæгæн йæ хъус дарды тыххæй.

«Бузныг уын, рохуаты нæ кæй нæ ныууадзут, уый тыххæй. Ирон æфсæддонды дæр тохы быдыры сæхи æвдыстой хъарутæм хæцæнгарз райсгæйæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы раззаг хаххыл иумиаг знаджы ныхмæ кæй тох кæнынц. Уадз æмæ тагъддæр Зæххыл сабырдзинад æрлæууæт æмæ  нæ ирон æфсæддонтæ сæ хæдзæрттæм  æрæздæхæт æнæфыдбылызæй», – радзырдта Гæбæраты Таймураз.

 

***

Хуссар Ирыстонмæ Фидауынгæнæг тыхты æрбакондыл 32 азы сæххæсты боны цытæн 14-æм июлы Президент Гаглойты Алан дидинджытæ сæвæрдта Фидауынгæнæг тыхты номыл стеллæйы раз.

Мысæн мадзалы ма хайад райстой  Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Мæргъиты Алан, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, президенты администрацийы къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæг Джиоты Константин, министрадтæ æмæ уагдæтты къухдариуæггæнджытæ, фидауынгæнæг тыхты раздæры службæгæнджытæ, республикæйы тыхон структурæты минæвæрттæ, республикæйы æхсæнад.

Уыцы бон ма нæ горæты Мады Майрæм æмæ Сыгъдæг Æртæиууоны аргъуанты уагъд æрцыдис фæмардуæвæг фидауынгæнджыты номыл мысæн службæ.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.