Фарн уӕм бадзурӕд, ирон адӕмы æвзӕрст лӕгтӕ!

Фарн уӕ ныхасы, уӕ фӕндтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгты!

Фыдӕлтӕй нын баззад, нӕ адӕмы ӕмӕ не ‘хсӕнады риссагдӕр фарстатыл, мӕнӕ абонау, иумиаг ныхасы тӕрхон кӕнын. Нӕ фыдӕлтӕн нӕ уыд Конституци дӕр ӕмӕ закъӕттӕ дӕр, фӕлӕ сӕ удварны тӕхудиаджы миниуджытӕ, сӕ куырыхон зонд ӕмӕ кӕрӕдзи ӕмбарынады фӕрцы уӕлахиз кодтой сӕ уӕззау царды ӕппӕт ныхдуртыл дӕр. Сӕ карз ӕрдзон ӕмӕ уӕззау социалон уавӕрты дӕр сӕ бон уыд царды раст фӕндагыл цӕуын, кӕстӕртӕн аккаг хъомылад дӕттын, ӕндӕр адӕмты ‘хсӕн кад ӕмӕ радӕй цӕрын. Уымӕн ӕмӕ се ‘хсӕн уыд ӕгъдау ӕмӕ фӕтк.

Раст ахӕм традицитӕ дарддӕр кӕныны фӕндон ӕмӕ нӕ куырыхон фыдӕлты фарн ныры фӕлтӕрмӕ раздахыны нысанӕн сырӕзт ӕппӕтирон ӕхсӕнадон организаци Стыр ныхас. Кӕд фӕстӕдӕр йӕ ном ӕмӕ йе статусы дӕр ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уӕддӕр нӕ аивта йӕ сӕйраг ӕмӕ бындурон нысаниуӕг. Уыцы нысаниуӕг та у ирон адӕмы кӕрӕдзимӕ ӕрбангом кӕнын, нӕ рагфыдӕлты традицитӕ ногæй аккаг ӕмӕ царды домӕнтӕм гӕсгӕ сфидар кӕнын. Уымӕй дӕр ӕппӕтирон организацийӕн йӕ хӕс нӕ уыд ӕмӕ нӕу ӕрмӕстдӕр Ирыстонӕн йӕ иу хайы кусын. Йӕ нысаниуӕг уыд ӕмӕ у ирон адӕмы ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзондмӕ ӕркӕнын, се ‘хсӕн ӕцӕг ӕфсымӕрон ахастытӕ ӕмӕ иудзинад сфидар кӕнын, не ‘гъдӕуттӕ ӕмӕ традициты иу фӕткмӕ ӕркӕнын, кӕмфӕнды ма цӕрой – Ирыстонӕн йӕ цӕгат хайы ӕви йӕ хуссар хайы, кӕнӕ ӕввахс ӕви дард фӕсарӕнты.

Ацы оганизаци сырӕзт, канд иугай адӕймӕгты архайды фӕрцы нӕ, фӕлӕ дуджы домӕнмӕ гӕсгӕ. Ныппырх нӕ иумӕйаг Райгуырӕн бӕстӕ Советон Цӕдис, нал уыд ӕппӕт адӕмты иугӕнӕг централон тых, алчи дӕр райдыдта тыхсын йӕхи царды фӕндаг равзарыныл, тыхджындӕртӕ ӕрхъавыдысты ӕдыхдӕрты ныцъист кӕнынмӕ. Ӕмӕ… Ӕнгом цуанӕттӕ саг марынц, ӕнгом бинонтӕ цард арынц – зӕгъы ирон ӕмбисонд. Ӕмӕ уыцы уӕззау рӕстӕджы Ирыстон ӕмӕ ирон адӕмӕн ӕнӕмӕнг хъуыддаг уыд иумиаг организаци саразын, кӕцы ӕрбангом кодтаид ирон адӕмы дунейы алы къуымты дӕр, куыстаид ирон диаспорæты ‘хсӕн бастдзинӕдтӕ сфидар кӕныныл. Уый уыд Стыр Ныхас ӕмӕ йын уыд ӕнтыстытӕ дӕр йӕ арфӕйаг архайды.

Цытджын делегаттӕ, хуынд уазджытӕ. Мах хъуамӕ кӕддӕриддӕр нӕ хӕсыл нымайӕм не зноны бонмӕ акӕсын, нӕ рӕдыдыдтытӕ фенын ӕмӕ сӕ цӕмӕй мауал сфӕлхатт кӕнӕм, ууыл архайын. Фӕлӕ ӕппӕтӕй сӕйрагдӕр у сомбоныл хъуыды кӕнын. Уыцы сомбонӕн та бындур абон хъӕуы ӕрывӕрын.

Мах хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕппӕтирон ӕхсӕнад кӕй фӕзынд, Ирыстон ӕмӕ ирон адӕм иууыл уӕззаудӕр уавӕры куы бахаудысты, ахӕм рӕстӕджы, фӕлӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм ууыл дӕр, абон дӕр нырма бирӕ проблемӕтӕ кӕй ис Ирыстон ӕмӕ ирон адӕмы раз. Уыдон тыххӕй нӕ риутӕ хойгӕ алы уанелты ма хъуамӕ дзурӕм, фӕлӕ-иу хъуамӕ  скъуыддзаг ӕрцӕуой иу уанелӕй иннӕмӕ. Иугӕр нӕ рагфыдӕлты фӕзмӕм, иугӕр уыдон фӕзмгӕйӕ сарӕзтам ахӕм организаци, кӕцы хъуамӕ ӕххӕст кӕна, фыдӕлты Ныхасы функцитӕ, уӕд хъуамӕ кӕнӕм, нӕ фыдӕлтӕ куыд кодтой, афтӕ дӕр. Махмӕ та куыд у? Не ‘хсӕнады фӕзыны ахӕм цаутӕ, кӕцытӕ нӕ адӕмы фылдӕр хаймӕ сӕвзӕрын кӕнынц гуырысхо дӕр, ӕнӕразыдзинад дӕр ӕмӕ ӕнӕууӕнкдзинад дӕр. Тырсыгоммӕ ирон адӕмы сӕ фыдӕлты уӕлмӕрдтӕм ма бауадзын, ӕмӕ ахӕм ӕбуалгъ цауы хӕдфӕстӕ Ирыстонмӕ гуырдзыстойнаг ансамблы ӕрцыд ӕви фӕхонын не ‘хсӕнады сӕвзӕрын кодта стыр ӕнӕразыдзинад, фӕлӕ, хъыгагӕн, Ӕппӕтирон ӕхсӕнадон организаци йӕхи ӕмбӕлонӕй нӕ равдыста ацы быцӕуы, кӕд уый йӕ комкоммӕ хӕс уыд, уӕддӕр.

Стыр Ныхас йӕ сырӕзтӕй фӕстӕмӕ архайдта нӕ фӕсивӕды раст фӕндагыл бафтауыны фарстатӕ скъуыддзаг кӕныныл, сӕйраджы дæр та тох кодта наркоманийы ныхмӕ, зӕрдиагӕй архайдта ирон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕн сӕ раздӕры кад ӕмӕ нысаниуӕг раздахыныл, районты, сыхты ӕмӕ мыггӕгты Ныхастӕ аразыныл. Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ уа нырӕй фӕстӕмӕ дӕр. Махӕн нӕй, мацы аразӕм, уый бар, махӕн нӕй Ирыстон ӕмӕ ирон адӕмы разылӕууӕг проблемӕтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсыны бар. Махӕн ис кӕстӕртӕ, кӕцытӕ сты нӕ царды сӕйраг нысан, нӕ сомбоны ныфс. Уыдон мах хъуамӕ уыной кусгӕйæ, архайгӕйæ, хъуамӕ сын бауырнын кӕнӕм, сӕ хъысмӕт нын кӕй у ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр, кӕй сыл хъуыды кӕнӕм. Ӕрмӕстдӕр сӕ афтӕмӕй бауырндзӕн, хистӕр фӕлтӕры кӕй хъӕуынц. Ӕрмӕстдӕр сӕм ахӕм хуызы раздахдзыстӕм ирондзинад дӕр ӕмӕ сомбоныл ӕууӕнкдзинад дӕр. Ӕмӕ хистӕрӕй кӕстӕрмӕ та нӕ иууыл бӕрзонддӕр ӕмӕ табуйагдӕр хӕс хъуамӕ уа ирон адӕмы ‘хсӕн иудзинад ӕмӕ ӕфсымӕрдзинад тауын!

Йемӕ арфӕйаг уӕд нӕ куыст, арфӕйаг ӕмӕ ӕнтыстджын уӕд нӕ хъуыддӕгтӕ, нӕ уынаффӕтӕ!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.