Фæндаг – дыууæ сахаты цыд. Цхинвал – Цъæйы ком. Хæххон æрдзы нывтæ адæймаджы цæсты тигътæ исынц куыд хуссары, афтæ цæгатырдыгæй дæр. Ахызтыстæм «Дæллаг Зæрæмæджы» таможнæйон пункты сæрты, нæ хæдтулгæ фæхæццæ кæны Буроны поселокмæ.

Ацыран фæндаг цæуы Цъæйы комы, Уæллаг Цъæйы чысыл хъæуы Рекомы кувæндоны ‘рдæм. Æмæ мæнæ цы бынатмæ тырныдтам, уый, Рекомы рагон ирон аргъуан. Ацы бынатмæ æрхауд Хуыцауы цæссыгтæй иу (йæ иннæ дыууæ цæссыджы та æрхаудтой Мыкалгабыр æмæ Таранджелосы кувæндæтты).

Уалынджы табуйаг бынатмæ æмбырд кæнын райдыдтой ахуырдзаутæ, уыдон ны-мæцы уыдысты хуссайраг æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ дæр.

Кувæндоны ‘рдæм цы къахвæндаг цæуы, ууыл адæм араст сты бæгъæмвадæй.

Сыгъдæг бынатмæ цæуджытæн загъдгонд уыди, цæмæй семæ ма уа цыргъагтæ кæнæ сæрак дзаумæттæ.

Адæймаг цыма исты уæларвон хъуыддагмæ æввахс кодта, ахæм æнкъарæн гуырди зæрдæйы, æмæ уый адæймаджы уды æп-пæрста æнахуыр уæлвонгдзи-нады.

Куыддæр фыццаг къахдзæф акодтам бæгъæмвадæй цæугæйæ, афтæ зæрдæйы æвзæрд æм-бисонды цины æнкъарæн, цыма адæймагæн исты стыр сусæгдзинад байгом.

Рекоммæ фæндагыл æрбынат кодта Мады Майрæмы кувæндон. Уыцы ран-иу æрлæууыдысты сылгоймæгтæ, уымæн æмæ уыдонæн Рекоммæ бацæуын нæ фæтчыди.

Хуссарирыстойнаг делегацийы нæлгоймæгтæ уыдысты кувæндонæн йæхи сæрмагонд уаз хъуыддæгты архайджытæ.

Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй балцы организатор Бететы Юри куыд зæгъта, афтæмæй мадзалы нысан уыд нæ фыдæлты æгъдæут-тæ æмæ традицитæм æрæввахс уæвын.

«Æгъдау ахъаз уыд нæ кадджын фыдæлтæн сæ зын рæстæджыты, уыцы нымæцы хæстыты рæстæджы дæр, æмæ мæн фидарæй уырны, æрмæстдæр ацы монондзинад, æгъдау æмæ традицитæ æххуыс кæндзысты аланты, скифты æмæ сæрмæтты байзæддагæн ныры дуджы, – загъта Бетейы фырт.  Хуссар Ирыстоны фæсивæд ныр цыппæрæм аз цæуынц Рекомы кувæндонмæ. Ацы аз дзуардзæутты нымæц уыд цыппарсæдæ адæймаджы бæрц нæлгоймæгтæ æмæ сæдæйы бæрц та сылгоймæгтæ. Дзуардзæутты æхсæн уыд дыууæ хистæры – сæ иу хуссарæй, иннæ та цæгатæй. Махырдыгæй хистæрæн вæййы Зæгъойты Батрадз. Хистæртæ æххæст кодтой куывд, фынджы æгъдау. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фынгыл æгъдаумæ гæсгæ кæй уыд æртæ уæливыхы, æртæ фæрсчы, цъæхыгтæ, хæдзарон бæгæны, къуыдырвых дзидза.

Бететы Юри бузныджы ныхæстæ загъта ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадимæн, транспортæй сæм кæй фæкаст, стæй студенттæн дæр, Рекоммæ балцы хайад кæй райстой, уый тыххæй.

«Уазджытыл Рекомы æмбæлдысты адæмон зарджытæ заргæйæ, архайдтой дзы нæлгоймæгты зарæггæнджыты къорд, æххæстгонд æрцыд дыууæ уæладзыгон симды кафт. Стыр цымыдис æвзæрын кодта фатæй æхст. Архайдтой дзы куыд лæппутæ, афтæ чызджытæ дæр. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фаттæ æмæ æрдынтæй æрбацæуджыты кæй сифтонг кодта Калоты Нарыман».

Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты минæвар Хъуылымбегты Алыксандр ныр цыппæрæм хатт уыд Рекомы кувæндоны, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, азæй азмæ Рекоммæ цæугæйæ тынгæй-тынгдæр æнкъары фыдæлты æгъдауы ахадындзинад.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей бххуыс кодта уырдæм ацæуджыты иу хайæн, цæмæй дзы хайад райстаиккой.

ХИПУ-йы минæвар Плиты Сослан дæр радзырдта балцы рæстæджы йæ тæлмæнты тыххæй.

«Бæрæгбон уагъд æрцыд бæрзонд æмвæзадыл, – загъта Плийы фырт.- Нæ фыдæлтæм куыд уыд, афтæ æппæтдæр арæзт уыд æгъдауыл, æмæ тынг ахсджиаг уыд, карз нозт дзы æмгæрон дæр кæй нæ уыд, уый, æмæ се ‘ппæтдæр нуæзтой ирон бæгæны. Адæмы æхсæн уыд æфсымæрон ахаст сæ кæрæдзимæ. Уый уыд æцæг интеграцион процесс, ныхæстæй нæ, фæлæ хъуыддæгтæй. Ирон æгъдæуттæ æмæ культурæ сты, нæ фыдæлтæй нын цы баззад, уый, æмæ сæ хъæуы хъахъхъæнын æмæ рæзын кæнын.

Адæм фæстæмæ здæхтысты стыр ныфсимæ. Ацы, Хуыцауæй арфæгонд бынатмæ сæ балц фæстаг кæй нæ уыдзæн, кæй та-иу æм æрбаздæхдзысты ногæй æмæ ногæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.