Æлборты Сергей æмæ Æлборты Ланæ сты зындгонд музыканттæ сæхи сæрмагонд здæхты. Сергейы зонæм куыд хорз гитарист, вокалист æмæ, дзæуджыхъæуккаг рок-къорд «РО. ЖИ.» Albor Cooder-ы организатор, ацы къорды зарджыты автор. Ланæ — музыкæ амонæг, педагог, адæмон æмæ эстрадон зарджыты æххæстгæнæг. Ланæйы æнтыстджын куыст — ирон рокы классик Джыгкайты Æхсары зарджыты трибьют-альбом. Æлборты мыггаджы ацы дыууæ минæвары ныр баиу кодта проект «Луар». Луар у, Æлборы рагфыдæлыл фыццаг кæм æмбæлæм, уыцы хъæу (ХVI æнус, Уæлладжыры ком).

Æлборты Ланæйы сфæлдыстадимæ цхинвайлæгтæ хорз зонгæ сты. Æлборты Сергееимæ базонгæ кæныны фадат та сын уыдзæн ансамбль «Луар»-ы æрцыды агъоммæ Ланæйы радиоалæвæрдтæй сæ иуы цикл «Музыкæйы æмæ канд музыкæйы тыххæй нæ» Паддзахадон радио «Ир- FM»-ы уылæныл.

«Луар»-ы репертуарон политикæйы приоритеттæ бæрæг сты: сæйраджыдæр — ирон адæмон зæлвидыц æмæ æндæр адæмты музыкалон фольклор, афтæ ма ирон композиторты уацмыстæ æмæ адæмон стилыл фыст сæхи сæрмагонд уацмыстæ.

Ацы хъæздыг репертуарæй музыканттæ равзарынц ирон музыкалон фольклоры зæронддæр фæлгонцтæ. 1990-æм азты Дыгур, Куырттаты ком æмæ Дзауы районы, афтæ ма Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæуы зонад-иртасæн институтты архивты Ланæ цы æр-мæджытæ æрæмбырд кодта, уыдон стыр ахъаз сты ирон зарджытæ æмæ кафты цæгъдтыты сног кæнынæн. Музыкантты бахъæуы зонадон куыст бакæнын дæр, уымæн æмæ сæ сæйраг хæс у, цæмæй æрмæг райхъуыса ног дуджы комулæфтимæ, фæлæ йæ оригиналон вариант ма фехæла, бахъахъхъæд æрцæуа.

«Эксперимент» Сергей æмæ Ланæ сæ ансамблы архайды нымайынц сæйрагдæр дзырдыл:

«Æнæмæнгæй сног кæнын хъæуы музыкæмæ цымыдисдзинад, уæлдайдæр та — музыкалон фольклормæ, хи аирхæфсынæн нæ, фæлæ куыд æхсæнадæн æмæ конкретон адæймаджы удæн ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг компонент».

Ансамблы хайадисджытæ адæмон зæлвидыц æххæст кæнынц уадындз æмæ гитарæйыл. Ланæ ма уадындзыл цæгъдын амонгæ дæр кæны, цæмæй ацы инструмент фæстæмæ æрыздæха Ирыстоны музыкалон тыгъдадмæ. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы арæх ралæудтытæ вæййы Республикон аивæдты лицей «Золотые ноты»-йы 4-æм къласы ахуыргæнинæгтæн, йæ уадындзты ансамблæн.

Хæрзæрæджы дæр ма гитарæ Ирыстоны нымад уыд уарзондæр инструментыл æмæ уæрæхæй хъуыст музыкалон царды: Мæргъиты хоты ансамбль, Мамсыраты Тасолтан æмæ æндæртæ. Музыканттæ нын æй сæхæдæг куыд бамбарын кодтой, афтæмæй уадындз дæр æмæ гитарæ дæр Ирыстоны рохуаты аззадысты, уымæн æмæ сыл «иуварс ахæцыдысты», хъæрдæр зæл кæмæн ис, уыцы инструменттæ. «Фæндырæн фылдæр ис техникон фадæттæ, цæгъды хъæрæй, у æнцондæр архайд. Уый фидарæй уæвынад кæны æмæ фылдæр бартæ райста йæхимæ», — банысан кодта Сергей. Ланæйы ныхæстæм гæсгæ нæ «фæндыр æрцах-ста», йæ уацары нæ бакодта, иннæ инструменттæ та фæсте аззадысты кæнæ та сæ бынтондæр нал пайда кæнæм, фесæфтысты рæстæджы цæхгæр фæзилæнты«.

«Мæнæн сæйрагдæр сты классикон инструменттæ», — зæгъы Æлборты Сергей. Дала-фæндырæй гитарæйыл фылдæр гæнæнтæ ис. Сергейы ныхæстæм гæсгæ, бирæтæ ныддис кæнынц, гитарæйыл адæмон мелодитæ куы фæцæгъды, уæд. Стæй йæм лæмбынæгдæр куы байхъусынц, уæд сæм фарстытæ нал вæййы. «Æз спайда кодтон далафæндырдзæгъджыты тохы темæйæ æмæ йæ афтæ райдыдтон цæгъдын гитарæйыл. Ногæй ницы æрымысыдтæн — махмæ Ирыстоны рагæй цагътой адæмон мелодитæ национ инструменттыл», — зæгъы уый.

Ланæ нын куыд зæгъы, афтæмæй, Сергей ирон композиторты симфонион партитурæтæй цы равæрдтытæ сарæзта, уыдоны «цыма æгас оркестр хъуысы, фæлæ афтæмæй та иууылдæр сæ зæл хъуысы цавæрдæр сæрмагонд фольклорон æгъдауæй». Ацы оранжировкæтæм ма Ланæ бафтауы уадындзы парти. Уымæ афтæ кæсы: «Сæйраг уый нæу, цæуыл æххæст цæуы искæцы уацмыс, сæйрагдæр у бахъахъхъæнын ын йæ сæрысуан-гон ратæдзæн æмæ йын йæ уд удæгасæй ныууадзын».

Ансамбль «Луар»-æн йæ фыццаг ралæуд уыд Дзæуджыхъæуы 4 марты, уый фæстæ — æндæр æмæ æндæр фæзуаттыл. Æрæджы Сергей æмæ Ланæ æрыздæхтысты Абхазæй, апрелы æмбисы та хъавынц Цхинвалмæ æрцæуын.

Сухуммæ Сергей æмæ Ланæ ацыдысты ахуыргæнджыты семинармæ, афтæ ма сæ хъуыдыйы уыд сæ курдиат равдисын, сæ разы — ахсджиаг хæс — ссарын абхазаг адæмон зæлвидыцы рагдæр фæлгонцтæ, цæмæй сæ репертуар фæхъæздыгдæр кæной. Этникон æрмæджыты фæдыл Сергей æмæ Ланæ бацыдысты Д. И. Гулиайы номыл Гуманитарон иртасæнты институтмæ. Фембæлдысты музыкæйы дæсны М. Хашбаимæ, афтæ ма фольклорон хайады кусджытимæ, сæ сæргъ — Ц. Габниа. Уазджытæн абхазаг музыкалон фольклоры фæдыл уыйбæрц чингуытæ балæвар кодтой, æмæ «Луар»-ы хайадисджыты ныхæстæм гæсгæ, ныр «хъуамæ равзарой цымыдисондæр уацмысты, сахуыр сæ кæной æмæ сæ æххæст кæной сæ табугæнджытæн». Уым сæм абхазаг ахуыргæндтæ бахатыдысты, цæмæй сын институты залы ралæууой — се ’ппæт дæр баззадысты райгондæй.

Уый фæстæ ансамблы минæвæрттæ фембæлдысты Паддзахадон музыкалон ахуыргæнæндоны студенттимæ. Ацы фембæлды уазджытæ сæххæст кодтой ирон зæлвидыц. Студенттæ, Д. Архуайы ахуырдзаутæ та — абхазаг адæмон музыкæ национ инструменттыл. «Тынг æхсызгон нын уыд, абхазаг студенттæ сæрмагондæй мах тыххæй сæхи адæмон инструменттыл ирон мелодитæ куы цагътой, уый», — сæ хъуыдытæ æргом кæнынц Сергей æмæ Ланæ. Ацы фембæлд уагъд æрцыд ахуыргæнæндоны директоры хъæппæрисæй. Уыцы майрæмбоны изæрæй Сухумы Сау денджызы былыл ансамбль «Луар» æгæрон æхцон-дзинад хаста кафе «Бариста»-йы уазджытæн дæр.

И. Хаджимбайы алæвæрдты цикл «Æрфæны фæд»-ы фæлгæтты Абхазы паддзахадон телеуынынад равдыста ансамбль «Луар»-имæ фембæлд: абхазаг телеэфирæй хъуыстысты ирон кæфтыты зæлтæ, ирон адæмон зарджытæ æмæ Æлборты Феликсы алæмæтон зæлвидыц.

Ланæ æмæ Сергей сæхирдыгæй банысан кодтой абхазаг джаз æмæ рок-музыкантты бæрзонд æмвæзад. Уыдон сты: А. Марыхуба, сабиты эстрадон музыкалон театр «Каданс», йæ къухдариуæггæнæг А. Алавердян æмæ Сергейы рагон зонгæтæ М. Цкъвитария æмæ рок-къорд «К-50».

15-æм апрелы «Луар» сæрмагонд программæимæ æрцæудзæн Цхинвалмæ. Сæйраджыдæр, хайад райсын ирон композитор Æлборты Феликсы мысæн юбилейон концерты. Ацы концерты айзæлдзæн Хуссар Ирыстоны Кады зарæджы мелоди — Æлборты Феликсы фыст, сæххæст æй кæндзæн Æлборты Сергей. Афтæ ма сын фембæлдтытæ уыдзæн студентон клуб «Аполлон»-имæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттимæ. Сергей æмæ Ланæйы цагъдмæ байхъусыны фадат уыдзæн хуссарирыстойнаг радиойы уылæныл комкоммæ эфиры.

Цхинвалмæ сæ балцы фæстæ та райдайдзысты цæттæ кæнын солон концертмæ æмæ радон гастролтæм. «Луар»-æн хъуамæ рæза йæ репертуар дæр æмæ йæ хайадисджытæ дæр. Хаттæй-хатт, фæзуатыл хорз пианино куы вæййы, уæд ансамблимæ ралæууы пианисткæ, фортепианойæ педагог Æлборты Ланæ. Ныртæккæ ансамбль «Луар»-ы хайадисджытæ агурынц сæ-хицæн виолончелист. Проекты æрмæстдæр Æлбортæ кæй исынц хайад, ацы мыггаг та музыканттæй хъæздыг кæй у, уымæ гæсгæ виолончелист дæр хъуамæ уа Æлбортæй.

«Æндæр горæтты уæвгæйæ, махæн нæ бон у фылдæр кæнæм нæ ансамблы хайадисджыты нымæц. Зæгъæм, æрцыдыстæм Цхинвалмæ, уæд „Симд“-ы зары Æлборты Инал, ис дзы зындгонд музыкант æмæ композитор Æлборты Владимир (Бетховен), семæ ис гæнæн бацæттæ кæнын хицæн программæ. Сочæйы цæры Æлборты Алан, хорз контрабасист. Ам дæр гæнæн ис саразын цымыдисон программæ æмæ музыкæйæн табугæнджыты зæрдæтæ барухс кæнын».

Фольклорон репертуарæй дарддæр ирон музыкалон хъæздыгдзинад пропагандæ кæныны фæлгæтты «Луар» йæ сæйраг хæсыл нымайы эксперименттæ кæнын джаз, рок, классикæ æмæ авторон зарджыты здæхтыты. Зæгъæм, Блекморы уацмыс «Каминный зал» («Мinister Hall» Ritchie Blackmore) æххæст цæуы нырма «куыд у, афтæ», стæй та ирон адæмон стилыл; Кокеры зарæг «Ты так прекрасна» («You Are So Cocker») ансамблы хайадисджытæ журналист æмæ тæлмацгæнæг Плиты Иналимæ иумæ ратæлмац кодтой ирон æвзагмæ; бритайнаг хард-рок-къорд «Дип Пёпл»-ы зарæг «Дитя во времени» («Child in Time» «Deep Purple») Сергей йæхæдæг ратæлмац кодта уырыссаг æвзагмæ. Цæмæй зарæгмæ хъусæг лæмбынæг бамбара ахæм цымыдисон эксперименталон варианттæ, уый тыххæй Сергей бахаста фæнд ансамблы архайды ацы хай схонын «Раул» (афтæ иннæрдæм бакæсдзыстæм «Луар»). Фыццаг хатт дзырд цæуы дывæр ансамблыл: «Луар»/ «Раул» — уый дæр у эксперимент.

Аивад цард рæсугъдгæнæн фæрæз у, æмæ газет «Хурзæрин»-ы редакцийы кусджыты дæр бафæнддзæн «Луар»-æн стыр сфæлдыстадон æнтыстытæ сæ дарддæры архайды сæ радтæг адæмы, сæ уарзон Ирыстоны хæрзиуæгæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.