Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон кад æмæ цытимæ банысан кæныны сæраппонд нæ республикæйы уагъд цæуынц бирæ культурон мадзæлттæ. Бæрæгбоны сæраппонд Цхинвалы районы Къостайыхъæуы нывгæнæн скъола-студийы ахуыргæнинæгтæн 20-æм февралы Цхинвалы районы администрацийы бæстыхайы баконд æрцыдис бæрæгбонон равдыст. Скъола нырма 3 азы йедтæмæ нæ архайы, фæлæ сын ныридæгæн ис зæрдæрухсгæнæн æнтыстытæ, аивады дунемæ кæнынц сæ фыццаг къахдзæфтæ. Равдыстмæ ахуыргæнинæгтæ цы нывтæ бацæттæ кодтой, уыдон уыдысты æндæр æмæ æндæр темæтыл. Уыдон сæ куыстыты æвдисынц райгуырæн бæстæмæ сæ уарзондзинад, йæ алæмæттаг æрдз, бирæ дзы ис портреттæ дæр.

Равдыстмæ æрбацыдысты Къостайыхъæуы скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ, се ʻхсæн уыдысты нывгæнджытæ æмæ аивадæн табугæнджытæ. Ардæм æрбацыдысты республикæйы Ветеранты цæдисы сæрдары хæдивæг, булкъон Уалыты Гайоз æмæ РХИ-йы Ахуырады министрады кусæг Буджиты Замирæ.

Цхинвалы районы ахуыры хайады гæс Лолоты Владимир йæ раныхасы, фыццаджыдæр, 23-æм февралы бæрæгбоны сæраппонд арфæ ракодта сеппæтæн дæр æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Къостайыхъæуы скъола-студийы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæн сæ радон равдысты тыххæй. Æрыгон нывгæнджытæн ма арфæйы ныхæстæ загътой Уалыты Гайоз æмæ Кæсойты Лаврент дæр.

Дæ цæст равдыстыл куы ахæссай, уæд дзы зыны нывкæнынады аивад уд æмæ зæрдæйæ чи бауарзтой, уыцы æвзонг курдиæтты цымыдисон куыстытæ. Скъола-студи нырма кæд бирæ рæстæджы нæ кусы, уæддæр бæрæг у, æнтыстджынæй кæй архайы. Сæ ахуыргæнæг Хуыбиаты Роберт нын куыд радзырдта, афтæмæй скъола-студийы архайы 20 сывæллоны бæрц. Уыдон дих сты дыууæ къордыл. «Сæ архайды тыххæй зæгъдзынæн уый æмæ нæ ахуыргæнинæгтæ кæй сты зæрдæргъæвд нывкæнынмæ, мæнæн сæ мæ зæрдæ райы. Чи нæм ахуыр кæны, уыцы сывæллæттæй фондзæй ныридæгæн аскъуыддзаг кодтой, дарддæр дæр кæй сахуыр кæндзысты нывкæнынады хаххыл. Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр æмæ нын Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндон стыр æххуыс кæй сты, уый. Хъуыдис нæ мольберттæ æмæ мын радтой дæсы бæрц. Тынг хорз нæм сæ хъус дарынц нæ районы ахуыры хайад дæр, нывкæнынæн нæ цы фæхъæуы, уыдон нын балхæнынц. Арæх ацæуæм æрдзы хъæбысмæ æмæ дзы практикон куыст бакæнæм, фæныв кæнæм пейзажтæ. Нæ ахуыргæнинæгтæ цалдæр хатт истой хайад конкурсты дæр. Æндæраз не скъолайæ дыууæйæ хайад райстой, Сочæйы цы æхсæнадæмон конкурс уагъд цыдис, уым æмæ сын уыд хорз æнтыстытæ, бацахстой дыккаг бынат. Фæнды мæ, цæмæй нæ ахуыргæнинæгты арæхдæр кæнæм республикæйæн æдтæмæ, ахæм равдыстимæ нæ республикæйы æппæт районтыл æрзилын», – загъта Хуыбиаты Роберт.

Мадзалы ма Къостайыхъæуы скъолайы ахуыргæнинæгтæ сæ арæхстдзинад равдыстой ирон кæфтытæ æмæ зарджытæй. Сывæллæтты архайд сæ зæрдæмæ кæй цæуы, уый тыххæй сæ кады грамотæтæй схорзæхджын кодта РХИ-йы Ахуырады министрады минæвар Буджиты Замирæ.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.