Тынг хорз бæрæггæнæнтæ равдыста ленк кæнынæй Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ, кæцы хайад райста Ессентукийы уагъдцæуæг сгуыхт тренер Алек-сандр Клюкины номарæн турниры. Рамбылдтой 6 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 1 та бронзæ майданы. Уыдонæй 5 сыгъзæрин рамбылдта Уалыты Даянæ, иннæ майдантæ та бафтыдысты Тасойты Арсены къухы. Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ турниры «Хуыздæр спортсменкæ»-йыл нымад æрцыд Уалыты Даянæ. «Хуыздæр тренер»-ы приз лæвæрд æрцыд РХИ-йы ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеевайæн. Командон хыгъды та Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд 13 командæйы ‘хсæн бацахста цыппæрæм бынат.

«Тынг райгонд дæн нæ спортсментæ сæхи куыд равдыстой, уымæй. Сæ фылдæр тренировкæты цы бæрæггæнæнтæ æвдыстой, уыдон ныр ерысты фæхуыздæр кодтой», – фехъусын кодта Евгения Терлеева.

Евгения Терлеевайæн ма ерысты лæвæрд æрцыд æппæтуæрæсейон категорийы тæрхонгæ-нæджы бæлвырдгæнæн æмæ риуыл дарæн нысан.

Ерысты фæстæ Хуссар Ирыстоны командæйы фæхуыдтой Ессентукийы музеймæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.