Лидзæг дæр, дам, Хуыцаумæ куывта æмæ – сурæг дæр…

Алкæмæндæр бамбарæн ис, йæхи рыст, йæхи уавæрмæ гæсгæ, фæлæ нæй бамбарæн ахæм адæмæн, йæхи уавæрмæ гæсгæ, йæхи уынынад кæнæ хи удæн пайдайы охыл иумæйаг хъуыддаг чи халы… Алчи дæр йæхирдыгонау раст у, фæлæ уый бар никæмæн ис, раст æм цы кæсы, уый æндæртæн тыхæй хъара, уыцы «растæй» адæмы цард æнад кæна.

Социалон хызæджы фæзынд ахæм информаци, цыма чидæр фыстæг ныффыста Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары хæдивæгмæ, цæмæй «бæрæг аххосæгтæм гæсгæ» æруромой, Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федерацийæ æххуысы хуызы кæй исы, уыцы финанскæнынад. Æцæг у уый? Æцæг нæм разынд ахæм чидæр? Æмæ ма уæд каст цæмæ у?.. Кæд æцæг у, уæд  уыцы чидæр мызд кæм исы, уыцы уагдоны ведомосттæм æркæсут æмæ йæ сбæрæг кæнут, йæхæдæг мызд иста æмæ исы, паддзахадон финансон фæрæзтæй пайда кодта æмæ кæны æви нæ æмæ йæ æрфæрсут…

Цымæ Хуссар Ирыстоны цæрæг адæм искуы бамбардзысты, абон ахæм уавæры цæмæн, цæй тыххæй стæм, уый? Зын зæгъæн у. Афтæмæй та йæ ахоссаг бæлвырд у: чидæртæ йæ бамбæрстой, куыдфæнды ма кæн, цыфæнды ма дзур, уæддæр дæм «госахранайы лæппутæ» нæ фæмидæг уыдзысты æмæ сæ асфальты хъæбæрыл нæ байсæрддзысты, «Тулдзы къохмæ» дæ не сласдзысты æмæ дæ нæ хынджылæг кæндзысты!..

Æмæ ноджы хъæр кæнынц, закъон, дам, нæм нал ис, адæмыл, дам,  уынгæджы бон ныккодта…

Æмæ, зæгъæм, Хуыцау бахизæд, фæлæ уыдонæй искæмæн нæ дæр йæ хорз хъуыддæгтæ бахынцыдтой, нæ дæр ын йе статус истæмæ æрдардтой, афтæмæй йæ тугхъæлæс над фæкæныны фæстæ арæны сæрты гуырдзымæ базыввытт кодтой, уæд иннæтæ куыд кæниккой, цымæ?..

Афтæ у, гъе, нанайы къонатæ, кау кæм ныллæгдæр у, уым йæ сæрты æнцондæр гæппгæнæн у, кæнæ та – сывæллонмæ дæ дæндæгтæ куы равдисай, уæд сæ цыхт æнхъæлы…

Диссаг уый у, абон Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæй Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийыл алывыдтæ чи мысы, цъыфкалæн ыл чи кæны (йæ усы саунад фæкæнынын онг), уыдоны уымæй цы зæгъын фæнды?.. Ныууадза йæ бынат æмæ ацæуа отставкæйы? Æви сæ афтæ фæнды, цæмæй адæм йæ ныхмæ растой æмæ йæ раппарой йæ бынатæй?.. Æмæ уымæй цы фиу стухдзысты Ирыстон æмæ ирон адæм?.. Бибылты Анатоли бынтон æгуыст куы уа, уæддæр нæ фесæфдзæн, уымæн æмæ йын, куыд ам нæхимæ, афтæ бирæ æндæр рæтты дæр бирæ хæлæрттæ, бирæ æфсымæртæ ис! Уымæн ын ис, æмæ йын Хуыцау йæ удысконды бауагъта, бииирæ кæйдæрты кæмæй фæхъыг кодта, ахæм адæймагдзинад æмæ æфсымæрдзинад.

Ирыстон æфты цæсты, Ирыстон æмæ ирон адæм худинаг кæнынц æддагон дунейы цæсты раз!..

Иу нæ «тифæй мары», иннæ «гуырдзыйы лæг у», æртыккаг «тъормуз у», цыппæрæм «гал у», æхсæзæм «уый мауал уæд æмæ чифæнды дæр уæд», æвдæм «фынæй у», æстæм «бандит у»… Цавæр диссаг æрцыд, Уастырджийы ма æркæнæм æмæ уый рабадын кæнæм хистæрæй? Æмæ уый гæнæн дæр нæй – нæ «æстæм полк» æй  йе ртæкъахыг бæхыл таппызары хай фæкæндзысты…

Ныртæккæ нæм модæйы цы ис: дæ къам, «люди не ласточки – осетия против пыток» фыст кæм ис, ахæм фæлгæты бавæр æмæ арвæй зæххы хсæн дæуæй патриотдæр нал ис!..

Уымæй та цы зæгъынмæ хъавынц? Кæй ныхмæ, кæй фыдæнæн у, уыцы модæ, уый уызынтæ дæр æмбарынц, фæлæ та уæддæр æмæ уæддæр Ирыстон… Омæ уын цы кодта, цæмæн ын фыдаудæн кæнут?!. Нæ йæ зонут, уыцы модæ æнæхъæн дуне кæй уыны, æмæ нын уымæ гæсгæ кæй аргъ кæнынц?

Кæмдæр дыууæ, æртæ, цыппар æви (писссяттт точнæ нæ уыдаиккой!!!) фылдæр адæймаджы тугхъæлæстæ разындысты, кæйдæр цæрынхъуаг лæппуйы фыднад фæкодтой æмæ йæ амардтой, уый тыххæй æнæхъæн Ирыстон æмæ ирон адæмыл «æххыту» цæмæн хъуамæ кæной, не знæгтæ дæр æмæ æмæ нæ ныры онг чи нæ зыдта, уыцы адæмтæ дæр?.. Ау, Ирыстон афтæ сæфт у, уый онг æрцыд, нæ формæджын фæсивæд иууылдæр тугхъæлæстæ сты? Августы хæсты Тъбеты æрцæуæны афтид къухæй гуырдзиаг танкты ныхмæ цы лæппутæ æрлæууыд, уыдон дæр органты кусджытæ куы уыдысты æмæ сты! Уыдон иууылдæр æвзæр сты, кæйдæрты тыххæй сæм къухæй цæмæн хъуамæ амоной?..

Уæ къухтæ ма уæ зæрдæтыл сæвæрут иууылдæр æмæ ахъуыды кæнут: 2008 азы нæм Уæрæсе æххусмæ куынæ æрцыдаид, уæд абон кæм цæрæм, уый Ирыстон хуыйнид? Нæ хуыйнид!

Æмæ ныр нæ «зæрватыччытæй» фидиссаг æмæ алайаг кæнæм нæ ирвæзынгæнæг Уæрæсейы дæр – фæйнæрдыгæй йын йæ цæстытæ къахынц, уый, дам, цы бакодтай, кæй хæдбардзинад, дам банымадтай, адон, дам, бандиттæ куы сты…

Хорз бинонтæ цы нысан кæны?..

 Хорз бинонтæй, кæрæдзи куы бахæрой, уæддæр æддæмæ цъар ныхас нæ райхъуысдзæн…

Раст у, мах зæрватыччытæ не стæм. Зæрватыччытæн ис дыууæ цæрæн бæстæ. Хъарм бæстæйы фæвæййынц, цалынмæ хъарм вæййы, уæдмæ, стæй та атæхынц, уæдмæ хъарм рæстæг кæм ралæууы, уыцы бæстæм.

Мах та… нæ фыдæлты зæххыл цæрын нæ куынæ уадзынц, уæд нæ йæ хъарм бæстæм чи хъуамæ бауадза?..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.