Раст чи у, тыхджын дæр уый у, уымæн æмæ рæстдзинад уый фарс хæцы, раст адæймаг йæ ныхæмбæрц цæуы, фæсвæдæй къæбутмæ нæ хъавы, сусæгæй нæ хæцы, йæ хъуыддæгтæ дам-думты фæрцы нæ аразы æмæ не скъуыддзаг кæны…

Ацы æбæлвырд æмæ хæццæдзинадæй чи сфæлмæцыд, уыцы адæмы сæ маст нал баурæдта æмæ майрæмбоны Парламентмæ бацыдысты, цæмæй, хъæлæс кæмæн радтой, сæ фæрцы чи сдепутат, уыдоны æрфæрсой, сæ комкоммæ хæстæ цæмæннæ æххæст кæнынц, уымæй. Фæлæ… нæ сæм æрбацыдысты сæхæдæг. Цæмæннæ? Цæмæннæ бацыдысты æмæ адæмæн сæхицæн цæмæннæ бауырнын кодтой сæ рæстдзинад? Кæд раст сты, уæд æй адæмæн сæхицæн цæмæн-нæ загътой? Фарст логикон у? Уæдæ ма логикон цы вæййы! Хъуамæ галы бузныг фæуыдаиккой уыцы адæмæй, сæхи къахæй сæм кæй бацыдысты æмæ сын сæ зæгъинæгтæ зæгъыны фадат кæй радтой, уый тыххæй. Талынджы микрорайонтыл зилын æмæ уазалы лæууынæй Парламенты райдзаст залы, фылдæр адæмы раз æнцондæр æмæ хæрзвадатдæр нæу адæммæ рæстдзинад фæхæццæ кæнын?..

Æви…

Ех-х æмæ ех-х…

Хорз, фæуæд афтæ – рæстдзинад агурæг сæм цы адæм бацыдысты, уыцы адæмы мацæмæ æрдарæд, логикæйы сæрты дæр ахизæнт, дæлдзиныг ма та сæ цæмæн кæнынц, тугтæ сыл цæмæн мысынц?..

Адæмы, дам, фосау раскъæрдтой сæ куыстытæй, тыхæй, дам, сæ бакодтой Парламентмæ… Уанцон нæу, гормон макуы фæуат, алчи дæр уæ Хуыцаумæ куы кувы, алчи дæр уæ куы ссæуы Джеры дзуармæ йæхи фæдзæхсынмæ, уæд уын цавæр зæрдæтæ ис, тæригъæдæй дæр нал тæрсут?..

Тæрсынц æви нæ тæрсынц, уымæн бамбарæн æмæ равзарæн нал ис, фæлæ сæ ахæм фарст кæмæ радтай, уый йæхæдæг дæр хъуыры фæбаддзæн: æмæ, дам, Дзабиты лæппуйы марджытæ цæмæннæ тарстысты тæригъæдæй…

Оу, мæнæ диссæгтæ!.. Ныууадзут ма уыцы тæригъæддаг сывæллоны йæ мæгуырыл!.. Йæ фыднад мæрдон буар ын йæ ингæны уæддæр бауадзут æрулæфын, сымах æй уæддæр мауал æвдæрзут, хъизæмарæй йæ дыккаг мард мауал кæнут! Присы иу чындзæхсæвы фаг фæсивæд ныццагътой, фæлæ иу бон дæр йæ куыстмæ æнæрацæугæ ничи фæци, иу сесси дæр æнæауадзгæ нæ баззад… Тæригъæддзинад чи сарæзта, уыдонæй сæ тæригъæд ракæнды тыххæй дзуапп æрдомын кæй хæс у, уыдонмæ уал банхъæлмæ кæсæм æмæ нæхи мауал худинаг кæнæм, знаджы куыроймæ дон мауал уадзæм! Никæмæн ис лæг марыны бар, уымæй дæр – фыднадæй! Фæлæ уый бар дæр никæмæн ис, цæмæй фæдагуырдыл æндава, ныхдуртæ йын æвæра, цалынмæ фæдагуырд кæронмæ бахæццæ уа æмæ тæрхондон йæ уынаффæ рахæсса, уæдмæ. Абон афтæ чи дзуры, цалынмæ президент генпрокуроры йæ бынатæй сиса, уæдмæ нæ кусæм, зæгъгæ, уыдоны Хуыцау æнæниз, æнæфыдбылызæй уадзæд – зынг зæгъынæй ком нæ судзы – фæлæ сæ исчи уæззау уавæры рынчындонмæ куы бахауа, уæд ын дохтыртæ дæр афтæ хъуамæ зæгъой, цалынмæ президент генпрокуроры йæ бынатæй сиса, уæдмæ нæ кусæм, зæгъгæ? Кæнæ искæй хæдзар куы ссудза, уæд ын зынгхуыссынгæнджытæ афтæ хъуамæ зæгъой, цалынмæ президент генпрокуроры сиса, уæдмæ йæ нæ ахуыссын кæндзыстæм?.. Æмæ афтæ дарддæр.

Алы куыстуат, алы организацийы кусджыты дæр, дам, фæтæрсын кодтой, депутатты ныхмæ акцийы хайад исынмæ, дам, чи нæ рацæуа, уыдон, дам, куыстæй тард æрцæудзысты…

Хуссар Ирыстоны территорийыл газет «Хурзæрин»-ы редакцийæ хистæр æмæ рагондæр организаци нæй, æмæ ма йæ зæгъут, кæцы кусæгæн дзы загъдæуыд, акцийы хайад куынæ райса, уæд йæ куыстæй тард кæй æрцæудзæн, ахæм ныхас?

Фæзуаты, дам, чи лæууы, уыдонмæ, дам, чидæриддæр бацыд, уыдоны, дам, иууылдæр сæ куысты бынæттæй систой политикон цæстæнгасмæ гæсгæ. Кæй, кæнæ кæйты систой, иу адæймаджы ном æмæ мыггаг дзы цæуылнæ зæгъут? Зæгъæм, «Хурзæрины»-ы редакцийы кусджытæй кæй ссæрибар кодтой йæ куыстæй, фæзуаты чи бады, уыдонмæ бацæуыны тыххæй?

Цæсгом армыдзаг йедтæмæ куынæ у, гормæттæ, уæд цавæр диссаг у, армыдзаг цæсгомæн бамбæрзынафон нæма у? Цас хъуамæ сайат адæмы Цънелисы зæххы тыххæй? Æхсæзæм æрсидты депутаттæ, дам, схъæлæс кодтой Цънелисы зæххы ныхмæ, уыдон, дам  æй радтой гуырдзыйæн… Ничи схъæлæс кодта!.. Фыццаджыдæр уымæн, æмæ æхсæзæм æрсидты нæ уыд ахæм депутат, йæ фыдæлты зæххы ныхмæ чи схъæлæс кодтаид, дыккаджы та уымæн, æмæ æхсæзæм æрсидт Парламенты боны фæткы ахæм фарст никуы уыд æмæ дзы чи æмæ куыд хъуамæ схъæлæс кодтаид?..

Парламенты арæзт æрцыд къамис, 2010 азы нæ паддзахадон арæнтæ раст нысангонд æрцыдысты æви нæ, уый равзарыны тыххæй. Къамисæн сæрдарæй æвзæрст æрцыд Парламенты сæрдары хæдивæг Тедеты Руслан Рутены фырт. Раст зæгъгæйæ, кæд нæм искуы искæцы къамис цæсгомджын æмæ æнæзæрдæхудт куыст бакодта, уæд уыдоны фыццæгтæй иу уыд Тедеты Русланы къамис. Стыр бузныг ын йæ намысджын æмæ æвæллайгæ куысты тыххæй. Цалдæр мæйы уæхскуæзæй фæкуыста, сбæрæг кодта бирæ цухдзинæдтæ. Фæлæ къамисы куыстæн саргъ кæныны фарст сессийы боны фæткмæ цалдæр æнæаргъæвгæ фарстимæ иумæ хаст куы æрцыд, уæд депутатты иу хай загътой, зæгъгæ, ацы фарст равзарынæн хъæуы сæрмагонд сесси снысан кæнын, цæмæй сессимæ хуынд æрцæуой, 2010 азы нæ паддзахадон арæнты хахх кæуылты ацыд, уый тыххæй чидæриддæр дзуапп лæвæрдта, уыдон иууылдæр æмæ сæ бафæрсæм, цæмæн афтæ рауад, нæ зæххыты дзаджджындæртæ знаджы территоримæ цы хуызы ахаудтой, уыдæттæй…

Уый Цънелисы зæхх гуырдзыйæн радтын нысан кæны?!.

Цас хъуамæ сайат, цас хъуамæ фидиссаг кæнат Ирыстон æмæ ирон адæмы? Константин Косачев у, ныртæккæ Уæрæсейы хъысмæт кæй къухы ис, уыцы политикон архайджытæн сæ тæккæ фыццæгты нымæцы. Æмæ йын цы бакуыстат? Лæг йæ хъуыддæгтæ наууагъта, æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æнæхъæн делегациимæ, æнæхъæн бон алы æмæ алы æмвæзадтыл æмбырдты æмæ фембæлдты йе ‘взаг цъиуы ‘взаджы йас ссис, мæгуыр, ахæм уавæрæн дарддæр быхсæн кæй нал ис, уый дзурынæй…

Æмæ, дам… Косачев, дам, кой дæр не скодта, цæмæй Парламент кусын райдайа…

Æмæ кæмæн? Гуырдзы æмæ уыдоны нæ ныхмæ чи ардауы, уыдоны информацион фæрæзтæн. Æмæ уымæй æрмæст Ирыстоны историйы нæ нытту кодтой, фæлæ Уæрæсейы цæсгомыл дæр!

Æмæ сæ исчи афтæ куы бафæрсы, цæмæй арæзт стут, зæгъгæ, уæд та хъыг фæвæййынц…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.