Хуссарирыстойнаг æвзонг хъæбысæйхæцджытæ та сæ тыхтæ фæлвæрдтой Мæздæджы уагъдцæуæг турнир «Моздокский ковер»-ы. Бантыст сын 7 майданы рамбулын. Уыдонæй дыууæ сты сыгъзæрин, æртæ æвзист æмæ дыууæ та бронзæ майдантæ. Тренертæ Коцты Тамерлан, Гæджиты Марат æмæ Бикойты Азæмæты хъомылгæнинæгтæй фыццаг бынат бацахста Пухаты Роланд (75 кг). Пьедесталы дыккаг къæпхæнмæ схызтысты Хуыбиаты Аслан (41 кг) æмæ Плиты Дмитри (45 кг). Бронзæйон призертæ та систы Хъæцмæзты Арсен (36 кг) æмæ Тедеты Хасан (42 кг). Тренер Гæджиты Марат куыд зæгъы, афтæмæй бузныг сты паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Аланæй ерыстæм ацæуынæн сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

Цхинвалмæ ма сыгъзæрин майданимæ æрæздæхт Плиты Ацæмæз (+75 кг). Дыккаг бынат та бацахста Кокойты Денис (+62 кг). Призон бынат бацахсынмæ ма æввахс уыд Хуыбылты Тимур (68 кг). Сæ тренертæ сты Хъесаты Петр, Багаты Вадим æмæ Плиты Руслан.

 

ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы фыццаг дивизионы 22-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» Грознæйы фысымиуæг кодта Краснодары «Кубань»-æн. Фембæлды фыццаг æмбисы дзæуджыхъæуккæгтæн сæ хъазт сæхи фæндиаг нæ уыд. 38-æм минутыл командæйы хъахъхъæнджыты рæдыды фæстиуæгæн уазджытæн бантыст хыгъд байгом кæнын. Хъазты дыккаг хай алайнæгтæ фæхуыздæр кодтой сæ хъазт. 84-æм минутыл Цæриаты Алан хыгъд сæмхуызон кодта. Фембæлд дæр фæцис афтæ. «Алани» дыккаг хъазт фæд-фæдыл фесæфта очкотæ æмæ турнирон таблицæйы баззадысты æртыккаг бынатыл.

23-æм туры 19 марты «Алани» уазæгуаты хъаздзæн Ульяновскы «Волга»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.