Парижы Паралимпион хъæзтыты цыппæрæм бон бронзæ майдан рамбылдта Мæргъиты Георги. Уымæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд хæрдмæ гæпп кæнынæй. Ирон спортсмен агæпп кодта 2 метры бæрзæнд планкæйы сæрты.

 

Шахматтæ

Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы боныл 16 азы сæххæсты цытæн Дзауы поселочы уагъд æрцыд турнир шахматтæй. Ерыстæ уагъд цæуынц дыккаг аз. Ныр дæр та уым сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой куыд дзауаг, афтæ цхинвайлаг æвзонг шахматисттæ. Сæ фæстиуджытæм гæсгæ лæппуты ‘хсæн уæлахиздзау ссис Гаглойты Вильям. Дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ та адих кодтой Санахъоты Геннади æмæ Сагкаты Станислав.

Чызджыты ‘хсæн та иууыл хуыздæр йæхи равдыста æмæ фыццаг бынат бацахста Цхуырбаты Виктория. Дыккаг ссис Сиукъаты Дана, æртыккаг та Саулохты Олеся.

Ерысты уæлахиздзауты схорзæхджын кæныны церемонийы хайад райстой Дзауы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик æмæ «РХИ-йы Шахматты федераци»-йы президент Саулохты Георги.

 

Бокс

Сербаг горæт Суботицайы уагъд æрцыд дунеон турнир «Золотая перчатка Воеводины», зæгъгæ. Уым хайад райстой дунейы 15 бæстæйæ 95 боксеры. Турниры сæйраг майдантæ рамбылдтой ирон спортсментæ Хъуылаты София (57 кг), Дзугаты Миланæ (66 кг) æмæ Таймæзты Елизаветæ (70 кг). Афтæмæй уыдон стыр хайбавæрд бахастой, цæмæй командон хыгъды турниры иууыл хуыздæр æмбырдгондыл нымад æрцыдаид Уæрæсейы командæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.