Нæ сылгоймæгтæ сæ бæрæгбоны цытæн æрвылаз дæр райсынц бирæ зæрдæбын арфæтæ æмæ хорзæхтæ. Æнæ хъусдардæй нæ баззайынц республикæйы разамынады ‘рдыгæй дæр

Знон сылгоймæгты дунеон боны цытæн нæ республикæйы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон  комитеты сæрдар Хъотайты Мария  Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындмæ гæсгæ йæ дæлбаруæвæг организациты кусджыты иу къордæн радта сæ хорзæхты.

«Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæстыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» цытæн майдантæй хорзæхджын æрцыдысты республикæйы паддзахадон газеттæ «Хурзæрин», «Южная Осетия» æмæ полиграфион кондадон баиугæнды кусджытæ, афтæ ма Информаци æмæ  мыхуыры комитеты аппараты иууыл хуыздæр кусджытæн лæвæрд æрцыд   зæрдылдарæн лæвæрттæ дидинджытимæ.

Нæ уацх. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.