20 ноябры нæ республикæйы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры уагъд æрцыд пресс-конференци. Йæ  уазджытæ уыдысты нæ республикæйы Знауыр æмæ Дзауы районты сæргълæуджытæ. Фыццаджыдæр, уыдон бузныджы ныхæстæ загътой пресс-конференцийы организатортæн, æмæ банысан кодтой зæгъгæ ахæм фембæлдтытæ республикæйы цæрджытæн дæттынц бакæнгæ куысты фæстиуджытимæ зонгæ кæныны фадат.

Уый фæстæ лæмбынæгæй æрдзырдтой æмæ журналистты базонгæ кодтой афæдзы дæргъы сæ куысты фæстиуджытимæ: 2018 азы дæргъы сын цы бантыст саразын, цæмæй цардысты районты хъӕутӕ  æмæ цы зындзинæдтыл æмбæлдысты.

Знауыры районы сæргълæууæг Гæбæраты Инал куыд банысан кодта, афтæмæй йæ разылæууæг хæстæй иууыл ахсджиагдæрыл нымайы инфраструктурæйы рæзты фарстытæ.

Социалон объекттыл дзургæйæ

Гæбæраты Иналы ныхæстæм гæсгæ, 2018 азы нывæзтмæ хаст – фæндæгты арæзтад,  нуазыны доны хæтæлтæ цалцæг кæнын, хæдзæртты агъуыстытæ ивын, культурæ æмæ ахуырады рæзты фарстатимæ баст куыстытæн сæ 95 проценты æххæст æрцыдис.  Районы 8 хъæумæ  фæндæгтæ фæхуыздæр кодтой, фæлæ уы-мæй æххæстæй нæ аскъуыддзаг фæндæгтæ цалцæг кæныны фарст. Ацы проблемæйыл дарддæр дæр куыст цæудзæн.

“Планмæ гæсгæ ма ацы аз хъуамæ Мугуты фæндаг асфальт æрцæуа, æнхъæлмæ кæсæм асфальтæвæрæн техникæмæ, æмæ нæ кæд митуард нæ бахъыгдара, уæд ацы куыст дæр бакæндзыстæм. Стыр куыст ма æрцыд нуазыны донæй хъæуты ифтонг кæныны фæдыл дæр: районы 6 хъæумæ рауагътам нуазыны дон, бирæ рæтты сцалцæг кодтам  доны зæронд хæххытæ, сарæзтам ма бассейн дæр», – банысан кодта Гæбæраты Инал.  Районы сæргълæууæг ма лæмбынæгæй æр-дзырдта районы донифтонгады фадыджы гуырахстджын проект “Гомарт-Уахтъана-Терегуан”-ы тыххæй, уый фæрцы донæй ифтонг æрцæудзысты 200 хæдзары. «Ацы проектыл райдыдтам кусын фарон. Ӕз уый нымайын  стыр æнтыстыл. Уый бæрц хæдзæрттæ донæй кæй сифтонг кæндзыстæм,  уый хорз хъуыддаг у. Арæзт дзы æрцæудзæн дыууæ донæмбырдгæнæны – иу Уахтъанайы сæрмæ, иннæ та Терегуаны хъæуы», – загъта Гæбæрайы фырт. 2018 азы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æнтыстытæм ма районы сæргълæууæг бахаста бирæуæладзыгон хæдзæртты агъуыстытæ ивд кæй æрцыдысты, уый дæр.

«Районы ацы аз раивтам цыппар бирæуæладзыгон  хæдзæртты  агъуыстытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис ма дзы ивинæгтæ æмæ уыдоны дæр ивдзыстæм, нæ уавæр нæ куыд амоны, уымæ гæсгæ. Сарæзтам ма Лопъаны хъæуы   æмæ сцалцæг кодтам Знауыры поселочы хидтæ, æмæ фæхуыздæр кодтам электроны рухсы ифтонгад поселок æмæ хъæуты уынгты, раивтам сæ къаддæр хардзгæнæг цырæгътæй, – загъта Гæбæраты Инал.

Культурон æмæ

ахуырадон объекттæ

Районы сæргълæууæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй Знауыры скъолайы цур фæзынд спортивон фæзуат, уымæ гæсгæ районы сывæллæттæн ис хиирхæфсæн бынат. Дзагъинайы скъолайы та фæхуыздæр кодтой хæлцады блок. Абоны бон районы æппæт скъолатæ дæр сты зымæгмæ цæттæ.

Гæбæраты Инал ма радзырдта, зæгъгæ, йæм ацæугæ азы районы æмбæстæгтæ кæй цыдысты цæрæнуатон проблемæтæ æмæ куыстæй ифтонг кæныны фæдыл куырдиæттимæ. Уымæн йæ бон куыд уыд, афтæ бынаты скъуыдзаг кодта ацы проблемæтæ. “2019 азы Инвестицион программæмæ бахæссын кодтам 18 фатерон бирæуæладзыгон хæдзары арæзтад, нырма, кæй зæгъын æй хъæуы, программæ фидаргонд не ʻрцыд, фæлæ уый суыдзæн цæрæнуаты фарсты проблемæйы скъуыддзаг кæныны фадæттæй сæ  иу”, – загъта районы сæргълæууæг.

Африкæйаг емынæ иуварс æрцыд

Африкæйаг емынæ ацы аз Знауыры районы ногæй апарахат ис. Низы фæстиуæгæн цалдæр хъæуы амард 130 хуыйы бæрц. Районы сæргълæууæджы  ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ низ фесæфт.

«Ацы аз емынæ цы фос ныццагъта, уыдоны хицæуттæн компенсаци радтынæн районы къухдариуæгадмæ фæрæзтæ нæй. Ацы хъуыддаджы хъæуы цæрджытæ дæр хъуамæ равдисой се ‘мбаргæ ахаст сæвзæргæ уавæрмæ, мах сæ нæхи ‘рдыгæй фæдзæхсæм, цæмæй сæ фос æддæмæ ма уадзой, дарой сæ хицæнæй, фæлæ уыдон  не ʻххæст кæнынц фæдзæхст æмæ уадзынц сæ фосы æддæмæ, уымæ гæсгæ емынæ апырх вæййы. Ныр районы бакодтам карантин.  Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ,   иу мæйы бæрц африкæйаг емынæйæ районы хуытæ нал амард”, – радзырдта уый.

Емынæйæ фервæзыны амæлттæй ма иу у, æртæ азмæ хуытæ нал скæнын, фæлæ Гæбæраты Инал куыд банысан кодта, афтæмæй цæрджытæ уый дæр не ʻххæст кæнынц.

Дзауы районы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг дæр пресс-конференцийы рæстæджы цыбыртæй æрдзырдта районы бакæнгæ куысты фæстиуджытыл,  афтæ ма цы зындзинæдтыл æмбæлдысты, куыд иуварс цыдысты, уыдæттыл.

Ног ахуырадон объекттæ

– Ацы аз Дзауы районы фæцис арæзт Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан, цыран нæ районы сывæллæттæн хорз уавæрты фадат уыдзæн се ‘ппæтварсон рæзтæн. Ацы объект ивгъуыд азы райдыдтой аразын, фæлæ бæрæг  аххосæгтæм гæсгæ, арæзтадон куыстытæ урæд æрцыдысты, æмæ та сæ адарддæр кодтой ацы аз. Кæронмæ фесты Дзауы скъола-интернаты дæр цалцæггæнæн æмæ арæзтадон куыстытæ. Ныртæккæ скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ цæрынц æмæ ахуыр кæнынц хорз уавæрты. Арæзтадон куыстытæ дзы æххæст кодта МРТ Банк (Ӕхсæнадæмон хыгъдон банк).  Мах дæр сæм не ‘ххуысы къух фæдаргъ кодтам. Нæ Республикæйы сæргълæууæг  нын баххуыс кодта 5 милуан сомы, цæмæй сарæзтаиккам футболон фæзуат. Фæзуат арæзт æрцыд зæронд интернаты бынаты. Скъола-интернаты уавæртæ кæй фæхуыздæр сты, уымæ гæсгæ  сæ ахуырдзауты нымæц дæр фæфылдæр. Ахуыр кæнынмæ сæм æрбацыд 15 ног ахуырдзауы бæрц», – загъта районы сæргълæууæг.

Социалон объекттæ

Магкоты Уырызмæг фехъусын кодта, афæдзы дæргъы районы хъæутæм фæндаг аразыны куыстытæ æххæст куыд æрцыдысты, уый. Загъта, зæгъгæ, районы ахæм хъæу нæй,  фæндаг кæдæм нæу  арæзт. Районы къухдариуæгад æппæтдæр аразы, цæмæй хъæуты цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæной. «Ацы бонты фæцис арæзт, ацы азы программæмæ хаст цы фæндаг уыд,  уый – Хуымысæртæй хъæуы уæлмæрды онг.  Ацы фæндаг тынг æвзæр уавæры уыдис, уæлдайдæр та-иу къæвда куы руарыд уæд, фæлæ ныртæккæ ацы проблемæ скъуыдзаг æрцыд. Нырма цалдæр фæндагыл цалцæггæнæн æмæ арæзтадон куыстытæ цæуынц, зæгъæм, Теделеты  æмæ Моргойы фæндæгтыл. Нуазыны дон рауагътам Ерцъо, Цъон æмæ ма ноджы Дзауы районы цалдæр хъæумæ, баззадис ма нын чысыл бакæнгæ кусининаг Ручъы, мит кæй æруарыд, уымæ гæсгæ, æмæ нын куыддæр фадат фæзына, афтæ сæ кæронмæ фæуыдзыстæм. Зæгъын мæ фæнды уый æмæ нæ разы лæууæг хæстæ сæххæст кодтам 90 проценты бæрц», – загъта Магкоты Уырызмæг. Дзауы районы  сæргълæууæг ма куыд загъта, афтæмæй ба-кæнынц, сæ куысты планмæ цы куыстытæ нæ бахауынц, уыдон дæр. Уымæй дарддæр ма сæм цæрджытæ бахатынц алыхуызон æххуысы фæдыл æмæ сæ бон куыд вæййы, афтæ сын баххуыс кæнынц.

Культурæ æмæ спорт

Магкоты Уырызмæджы ныхæстæм гæсгæ, хъæздыг у районы цард спорт æмæ культурæйы фадыджы дæр. Ӕрвылаз ам ацæуы æртæ турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй, самбойæ æмæ шахмæттæй. “Советон Цæдисы хъайтар Хъоцыты Къостайы номыл нæм ацæуы уæгъдибар хъæ-бысхæстæй турнир, ОМОН-ы раздæры командир, РХИ-йы Фыдыбæстæйон хæсты хъайтар Сиукъаты Темойы номыл ерыстæ ацыдысты самбойæ. Стæй ма Челехсаты Хъазбеджы номыл турнир дæр райстам нæ районы дæлбармæ. Фарон къахдзоныгътыл бырынæй ерыстæ ауагътам Кърозы æмæ та сæ æрбалæугæ азы февралы мæйы сфæлхатт кæндзыстæм”, – загъта Магкойы фырт. Уый радзырдта культурæйы фадыджы сæ архайды тыххæй дæр. «Ацы аз ирон бæгæныйы конкурсы дзауаг сылгоймаг бацахста, дыккаг бынат, уый та æхсæнадæмон æмвæзадыл у хорз æнтыст. Республикæйы æмвæзадыл цы культурон мадзæлттæ фæцæуы, уым хайад райсынц нæ районы сфæлдыстадон коллективтæ дæр», –  банысан кодта уый.

Хæууон хæдзарад

Ацы аз Итрапис æмæ Църуйы хъæуты быдырты районы разамынад ныссагъта картофы ног сорт “Елизавета”. Тыллæг иттæг хорз не ʻрзад, фæлæ райстой экологон æгъдауæй сыгъдæг продукци. Райсгæ продукцийæ районы къухдариуæгад баззадысты райгондæй.

“- 15 тоннæйы бæрц цы ног сорт картоф ныссагътам уымæн йæ тыллæг уыд хæрзгъæд æмæ дзы фæлхасгæнджытæ баззадысты тынг райгондæй”.

Æрдзон бæллæхтæ

2018 азы Дзауы районæн егъау зиан ракодтой æрдзон катаклизмæтæ,  донивылдтытæ фæластой хидтæ, зæххæнкъуыст разиан кодта Къуыдаргомæн, ихуард та разиан кодта цалдæр хъæуы хæдзæртты агъуыстытæн. Уыцы цауты рæстæджы районы къухдариуæгад йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кодта йæ цæрджытæм.

“Донивылд раласта Згъубиры хъæуы хид, уый дæр ныр цалцæг æрцыд.  Арæзт æрцыд сæрмагонд къамис æмæ уый  саргъ кæндзæн  Къуайсайы зæххæнкъуыст цы зиан æрхаста цæрджытæн, уымæн. Их цы хæдзæрттæн разиан кодта,  цы агъуыстытæ фехæлдта, уыдонæн та æххуыс æрцæудзæн æввахс рæстæджы арæзтадон æрмæджытæй”, –  загъта уый.

Магкоты Уырызмæг ма радзырдта, ацы аз инвестицион фæрæзты æххуысæй Дзауы районы бæрзонд хæххон хъæу Едысы аразт кæй цæуы донуадзæн завод.

Танделаты Вилена

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.