Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин йæхимæ райста горæт Санкт-Петербургы Исады ахастыты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Кирилл Федоровы.

Фембæлды ма хайад райста нæ республикæйы Паддзахадон исад æмæ зæххы ахастыты фæдыл комитеты сæрдар Пæррæстаты Сергей.

Сæ ныхас цыдис паддзахадон исады управлени æмæ уынаффæйы системæйы рæзты фарстытæ, афтæ ма РХИ-йы зæххы ахастытыл.

Джуссойты Константин раарфæ кодта Кирилл Федоровæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Санкт-Петербургы Хицауадтæн ис рагон хæларадон бастдзинæдтæ, кæцытæ азæй-азмæ фидардæр кæнынц, æмæ сын бузныг загъта се ‘ххуысы тыххæй.

Кирилл Федоров радзырдта Хуссар Ирыстоны иууыл хуыздæр тæлмæнты тыххæй, сæйраджыдæр, Национ музейы, æрдзы хъæбысы цы диссæгтæ федта, æмæ ныфс бавæрдта æнтыстджын æмгуыстадæй. Æруынаффæ кодтой паддзахадон исады управленийы эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнын; кадастризацийы ног механизмтæй пайда кæнгæйæ, управленийы барадон регламентацийы  процесстæ фæхуыздæр кæнын æмæ æндæр фарстатыл.

«Махæн тынг ахсджиаг у Санкт-Петербургы æххуыс, æмæ нæ ныфс ис æмархайды дарддæры рæзт, канд исадон ахастыты нæ, фæлæ ма цардархайды æндæр фадгуыты æнтыстджын æмархайдæй», – загъта Хицауады Сæрдар.

Фембæлды кæрон кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.