Знауыры районы Балтайы хъæуы цæрæг Плиты Лаврик аразы улæфæн зонæ «Лесная сказка», зæгъгæ.

Уазджытæн ам арæзт æрцыд волейболон фæзуат, найæн бынат, хъеллаугæнæнтæ, уырыссаг абана. Ис дзы бæхтæ дæр, кæцытыл ис атезгъогæнæн. Хæдзарон карк, бабызтæ, цицыртæ æмæ тæрхъусы фыдæй физонæгæй аминас кæнынæн кæдфæндыдæр фадат уыдзæн, ардæм минас кæнынмæ чи æрбацæуа, уыдонæн.

Фидæны уыдон хъавынц сæ улæфæн комплексы уазæгдон саразын дæр, цæмæй горæтæй ардæм улæфынмæ чи æрбацæуа, уыдонæн фадат уа æхсæв дæр баззайынæн.

Плиты Лаврик куыд зæгъы, афтæмæй йæ зæрды ис улæфæн зонæйы дыргъдæттæ æмæ бæрзы къох саразын дæр. Зæгъы ма, зæгъгæ, йæ комплексæн бындур цалдæр азы размæ æрæвæрдта æмæ йæ къух куыд амоны, афтæ йæ бæстон кæны. Зæгъæм, цад æмæ йæ фарсмæ сывæллæттæн цы хъазæн фæзуат ис, уый арæзт æрцыд уалдзæджы. Бæргæ хъавы æрыгон лæппу ацы дзæнæттаг бынаты, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм улæфæн зонæ саразынмæ, фæлæ алцы дæр баст у æхцайы фæрæзтимæ. Плиты Лаврикæн улæфæн зонæ йæ хæдзармæ æввахс у, уымæ гæсгæ йæ бинонтимæ æдзухдæр архайынц йæ мидæг, уырыссаг абана дæр лæппу йæхи къухæй сарæзта. Цадмæ хæстæг цы беседкæтæ ис, уыдон дæр йæхи къухæй бынæттон хъæдæрмæгæй арæзт æрцыдысты.

Плиты бинонтæ фæнд кæнынц Балтайы хъæуы Хуссар Ирыстоны улæфæн центрæй сæ иу саразын. Ныртæккæ уыдонмæ бирæ адæм нæ цæуы, сæйраджыдæр, хæстæг сæм цы арæнхъахъхъæнæг заставæ ис, уым службæгæнджытæ сæ бинонтимæ. Бацæуæн æмæ улæфæн зонæйы хиаирхæфсыны аргъ у 1000 сомы. Фæлæ вæййы афтæ дæр, æмæ сæ бауадзынц æнæаргъæй. Уыдон хатт развæлгъау заказ радтынц. Фæлæ вæййы афтæ дæр, кæй цы хæринаг хъæуы, уый йемæ æрбахæссы. Зæгъæм, ацы бонты уыдонмæ уазæгуаты æрцыдысты Цæгат Ирыстон-Аланийы спортивон скъолайы дзюдоисттæ. Сæ тренер куыд зæгъы, афтæмæй спортсментæ сæ климат кæй фæивтой, уый сыл хорзæрдæм бандæвта. Кæд Цæгат Ирыстоны дæр бирæ рæсугъд бынæттæ ис, уæддæр  Хуссар Иры æрдз у бынтон æндæр. Ам алчидæр йæхи хаты уæнгрогдæр, тренировкæтæ кæнынæн та иттæг хорз уавæртæ ис, Знауыры районы центры цы спортивон скъола арæзт ис, уым.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.