Абон дæр нæ рох кæны, нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Тедеты Циалæ, ахуыргæнинæгты раз æрлæууынмæ йæхи куыд рæвдз кодта, уыцы бон, кæд уæдæй абонмæ 55 азы рацыд æмæ йæхиуыл та 77 азы сæххæст, уæддæр.

Уæд æвзонг чызджы зæрдæ йе ‘нцойад фесæфта æцæгæлон бæсты. Алыгъуызон хъуыдытæ сæрымагъзы кæрæдзи рассæнд-бассæнд кодтой. Æцæгæлон адæм… Æцæгæлон хæдзар… «Адæм мæ куыд райсдзысты, стæй сывæллæтты зæрдæтæм дæр фæндаг куынæ ссарон…».

Уыцы тыхст хъуыдытæй йе уæнгты цавæрдæр тасы улæн æнхъæвзта. Зæрдæ та йæ риуы мидæг йæхи æнахуыр хост кодта, афтæмæй-иу æй иу хъуыды иннæйы фæстæ ахаста йæ райгурæн хъæу Хъорнисмæ. Йæ хъусты-иу айзæлыд йæ ныййарæг мады фæдзæхст.

– Мæ чызг, уарз адæмы, архай алкæмæн дæр хорзы бацæуыныл, адæмы хорзæх райсынæй стырдæр хæзна нæй а-зæххыл

– Нана, мæхи нана, архайдзынæн алкæимæ дæр иумæйаг æвзаг ссарыныл… сидзæрæй схъомыл Тедеты Циалæ. Нæ бавзæрста фыды рæвдыд, фыды узæлд. Æмæ йæ фæндгæ та уæвджыйæдæр, куыд тынг кодта, искуы уый дæр йе ‘мцахъхъæн чызджытау йæ фыдмæ куы бадзырдтаид, мæхи баба, зæгъгæ, йæ сау сæры хъуынтыл ын узæлгæ куы æруагътаид йæ куыстуарзаг къухтæ. Фондз азы дæр ыл нæма цыдис, йæ фыд Абел куы фæзиан, уæд. Баззадысты æртæ сабийæ сæ мад Надяйы æвджид, сæ чысыл зæрдæтæм хъусгæйæ. Мадæн æхсæвæй-бонæй æрæнцой нал уыдис, æгъатыр хъысмæты фыдæнæн удвидар разындис. Йе ‘нахъом сабиты-иу ныууагъта йæ зæронд æфсинимæ, йæхæдæг-иу колхозы быдыры кусгæйæ, йæ ас-тæу никуы сраст кодта, цæмæй йæ сывæллæттæ æххормаг макуы баззадаиккой. Изæрæй та-иу йæ фæллад уæнгты рыст тыххæй уромгæйæ, кодта йæ хæдзары алыгъуызон митæ. Афтæмæй хъомыл кодта Циалæ йæ хо æмæ йе ‘фсымæримæ. Астæуккаг ахуырад сæхи хъæу Хъорнисы райста. Ахуырмæ æвзыгъд кæй уыдис, уый уымæй дæр бæрæг уыд, æмæ цалынмæ скъоламæ нæ бацыд, уæдмæ кæсын-фыссын кæй зыдта. Дæрддзæф-иу сбадтис йæ ахуырдзау хо æмæ æфсымæрмæ æмæ-иу лæмбынæг хъуыста, сæхи куыд цæттæ кодтой уроктæм, уымæ. Райсомæй-иу уыдон сæ хызынтæ куы райстой æмæ-иу скъоламæ куы араст сты, уæд-иу сæ фæстæ хæлæггæнæджы каст кодта. Æмæ йыл æхсæз азы куы сæххæст, уæд ын кæд нырма скъоламæ цæуын афон нæ уыдис, уæддæр баййардта йæ ныййарæг мады, мæн дæр барвит скъоламæ, зæгъгæ, æмæ мад дæр æвæндæй сразы. Къласы уый уыдис алкæмæй чысылдæр, не ‘ххæссыд партæмæ æмæ-иу æй йæ ахуыргæнæг Санахъоты Местъор йæ уæрджытыл сбадын кодта, афтæмæй йын амыдта йæ уроктæ. Йæ уагахаст æмæ йæ хорз ахуырты тыххæй цæстæвæрæн уыдис йæ ахуыргæнджытæ æмæ иннæ ахуыргæнинæгтæн дæр. Абон дæр ма Циалæ сæрыстырæй æрæмысы ирон æмæ уырыссаг æвзæгты ахуыргæнджытæ Гæбæраты Мария æмæ Дзуццаты Ксенияйы. Растдæр æй уыцы ахуыргæнджыты иузæрдион куыст сразæнгард кодта ирон æмæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг суæвынмæ. Æмæ йæ бæллиц та сæххæст, Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт каст куы фæцис æмæ йæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй куы снысан кодтой Лагодехы районы Арешпераны хъæумæ, уæд. Тынгдæр банкъардта, бæрнон æмæ ахсджиаг кæй у ахуыргæнæджы куыст. Уый хъуамæ уына, æнкъара, йæ ахуыргæнинæгты цæстытæм кæсгæйæ, алкæйы хъуыды дæр, хъуамæ дзы рафæлгъауа алкæй цæстæнгас дæр. Бирæтæ, тынг бирæтæ йæм рабæттынц сæ гæрзтæ, сæ цард рæзгæ фæлтæр хъомыл кæнынæн радтынæн, фæлæ алчи не ссары сабиты зæрдæтæм фæндаг. Сывæллæтты уарзон ахуыргæнæг цæмæй суыдаид, уый тыххæй бирæ фыдæбон бахъуыд Циалæйы дæр.

Арешпераны хъæуы ма ссардта Циалæ йæ амонд дæр. Йæхицæн цардæмбалæн равзæрста Санахъоты Валеряны. Уый дæр каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты химион-биологон факультет. Æмæ æвзонг æмкъæйттæ-ахуыргæнджытæ сæ хъару, сæ тых снывонд кодтой педагогон куыстæн, сæ зонындзинæдтæ æнæвгъау æмæ рæдауæй амыдтой сæ ахуыргæнинæгтæн. Арешпераны дæс азы бакусыны фæстæ æрцыдысты нæ горæтмæ цæрынмæ æмæ Тедеты Циалæ уайтагъд кусын райдыдта дыккæгæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй.

Циалæ нæ зивæг кодта æхсæнадон куыстытæм дæр. Иу рæстæджы йæ скъолайы коммунисттæ равзæрстой сæ организацийы раздзогæй. Куыста профкомы сæрдарæй. Йæ предмет иттæг хорз кæй зыдта, уымæ гæсгæ ма уыцы иу рæстæджы æххæст кодта нæ горæты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты методикон баиугæнды сæрдары хæстæ  дæр.

2-æм скъолайы кусгæйæ, Циалæ архайы сывæллæттæн сæ мадæлон æвзаг бауарзын кæныныл. Æмбарын сын кæны, æнæ мадæлон æвзаг нацийæн уæвæн кæй нæй, уый. Лæмбынæг сын фæдзуры нæ фыдæлты царды тыххæй. Афтæмæй сæм æвзæрын кæны хи æвзаг, хи адæммæ уарзондзинад. Йæ ахуыргæнинæгты-иу арæх  акодта экскурсийы. Уыдысты Хъобангомы, Дæргъæвсы. Уыдон базонгæ сты нæ адæмы историон цыртдзæвæнтимæ. Тынг цымыдис сæвзæрын кодтой ахуыргæнинæгтæм уыцы бынæттæ, афтæмæй æрыздæхтысты фæстæмæ. Горæты скъолайы цы олимпиадæтæ уагъд фæцæуы, уым хайад райсынц Циалæйы ахуыргæнинæгтæ дæр. Уыдон тынг хорз ныффыссынц мадæлон æвзагыл хæслæвæрдтæ. Гъе, уый тыххæй Циалæйæн лæвæрд æрцыдис Колыты Аксойы номыл преми æмæ æппæлæн гæххæтт.

Йæ намысджын педагогон, архайдæн ын аккаг аргъ скодтой нæ республикæйы разамынад. Лæвæрд ын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын ном. Хорзæхджын æрцыд бирæ Кады грамотæтæй, премитæй. Лæвæрд ын æрцыд РХИ-йы Адæмон ахуыргæнæджы кадджын ном дæр.

Гъе, ахæм у цыбыртæй Тедеты Циалæйы намысджын фæллойы цардвæндаг.

Хайджын у Циалæ ирон сылгоймаджы удварнæй. Сæххæст кодта йæ мады фæдзæхст. Уый канд йæ ахуыргæнинæгты зæрдæтæм нæ ары фæндаг, фæлæ архайы, цы  коллективы,  стæй   цы сыхæгты ‘хсæн цæры, уыдонимæ дæр иумæйаг æвзаг ссарыныл.

Циалæйæн куы бамбарын кодтон ме ‘рбацыды сæр, уæд фæкъæмдзæстыг, йæ рæсугъд цæсгом фæсырх, йæ сау æнæхин цæстытæ зæххы фæцавта æмæ нымдгæнгæ сдзырдта:

– Мæнæй хуыздæртæ бирæ ис. Уый дæр дзурæг у йæ хæдæфсæрмдзинадыл.

Циалæ, канд хорз адæймаг æмæ намысджын ахуыргæнæг нæу, у ма у хорз ныййарæг æмæ хорз æмкъай дæр. Йæ цардæмбалимæ схъомыл кодтой æмæ царды раст фæндагыл бафтыдтой æртæ хъæбулы. Иууылдæр райстой уæлдæр ахуырад. Алчи дæр сæ царды ссардта аккаг бынат.

Амондджын хоны царды йæхи Циалæ. Уымæн æмæ йын ис хорз бинонтæ, уарзон скъола, уарзон ахуыргæнинæгтæ.

Ноджыдæр дæ къухы бафтæд стырдæр æнтыстытæ, Циалæ!

                      БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.