Ивгъуыд аз фæззæг æмæ ацы аз уалдзæджы нæ республикæйы фермерон хæдзарадтæ æмæ хицæн зæхкусджытæн бантыст фæззыгон мæнæу æмæ хъæбæрхор дзæвгар байтауын. Æвзартæ тагъддæр сæвзæрынæн ахъаз уыдысты бæзгæ боныгъæдтæ æмæ сæ ныр рухс кæны адæймаджы зæрдæ. Байтыдты фæзуæттæ уæлдай хуыздæр сты, хъацæнтæ сæм чи бахаста, стæй алыгъуызон уырынгонтæ скуынæг кæныныл рæстæгыл цы хæдзарадтæ ба-цархайдтой, уыдонæн. Цæвиттон, «Агросервис» цы хъацæнтæ самал кодта, уыдонæй радтой хæдзарадтæн, æндæртæ та хъацæнтæ сæхæдæг æрластой бынатмæ. «Агросервис»-ы директор Джиоты Алыксандыр куыд загъта, афтæмæй сæхицæн æфсирон культурæтæ тыд ис 100 гектары фæзуатыл, рæстæгыл сæм бахастой гербицидтæ æмæ тыллæгæрзад уыдзæн зæрдæйы фæндиаг. Æдæппæт республикæйы та æфсирон культурæтæ тыд æрцыд 2 мин гектарæй фылдæр, уый чысыл нымæц нæу æмæ алчи дæр архайдзæн уыдон рæстæгыл æмæ æнæсæфтытæй бафснайыныл. Фæлæ ацы ахсджиаг кампани рæстæгыл ахицæн кæнынæн ис йæхи аххосæгтæ. Уый уымæн, æмæ хуымгæрдæн æрбалæууы уыцы иу афон æмæ йæм афоныл бавналынмæ фæтагъд кæны алы хоркуыстгæнæг дæр. Афтæ та куынæ бакæнай, уæд, гæнæн ис, фæкæрдиппæрд уа æмæ уæд сæфы зæхкусæджы афæдзы фыдæбон. Развæлгъау зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй тыллæг æфснайыны куыстытæ аххæсдзысты мæймæ æввахс кусгæ бонмæ. Цæмæй зæхкусæг ма фæтыхса, æнæкъуы-ымпыйæ ацæуа йæ куыст, уый тыххæй хъæуы фаг техникæ, фæлæ, хъыгагæн, уыдонæй сты тынг цух. «Агросервис»-ы разамонæг куыд загъта, уымæ гæсгæ сæм æдæппæт ис 8 хорæфснайæн комбайны æмæ куыстытæ сæххæст кæныныл нæ фæтых уыдзысты. Иннæ-мæй та сæ иутæ базæронд сты, сæ куысты æмгъуыд раджы ахицæн æмæ арæх хæлынц.

Фæлæ уæддæр кусын хъæу-зæн уавæртæ æмæ фадæттæм гæсгæ. Цæмæй хоргуыстгæнæгæн йæ хъуыддæгтæ фæрогæр уой, уый тыххæй кæрдæн техникæ бахъæудзæн цалцæг кæнын. Æввахс бонты уыдонæн самал кæндзысты ивæн хæйттæ, æрласдзысты сæ бынатмæ æмæ уæд комбайнертæ æрæвнал-зысты техникæ æмбæлон фæткмæ æркæныныл. Куыд амæйразмæ азты, афтæ та ныр дæр хуымгæрдæнмæ рацæудзысты фæлтæрд æмæ æвзыгъд комбайнертæ Кокойты Вале, Гæззаты Андрей, Наниты И. æмæ æндæртæ. Хæдзарадтæ фылдæр кусдзысты, сæхæдæг кæй самал кæной, уыцы æртагæй. Кæд сæ исчи фæтыхса, уæд та сæм æртагæй фæкæсдзæн «Агросервис», æрмæст æй хъуамæ æлхæнгæ бакæной.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.