«Адæм кæрæдзийы фæрцы цæрынц» («Ирон æмбисæндтæ». – Дзæуджыхъæу, 1976. – 68 ф.), – уыцы фарн нын фыдæлтæй баззадис. Абон дæр ыл нæ къух нæма систам. Ӕмæ, скъолайы куы ахуыр кодтон, стæй институты, уæд нæ-иу афоризмты, зондджын хъуыдыты чиныг кæмæ æрбахаудта, уый кад-иу уайтагъд сгæпп кодта уæлхохмæ. Иууылдæр-иу æм тæхуды кодтам, ахæм хæзнайы хицау чи бацис. Нал-иу æфсæстыстæм алыгъуызон зондджын хъуыдытæ кæсынæй. Уырысмæ-иу тæхуды кодтам, ахæм зондджын адæм кæмæ ис, сæ цымыдисон хъуыдытæ чингуыты кæмæн мыхуыр кæнынц. Немыцаг поэт-ахуыргонд Иоганн Вольфганг Гётейы афоризм фæзмын нæ фæндыд: «Учатся у тех, кого любят» (Собр. соч. в 10 т. Т. 10. – М., 1980.).

Махмæ ирон адæмæн ахæм чингуытæ кæй нæ уыд, уый нæм хъыг каст. Ӕнхъæл уыдыстæм, зæгъгæ, нæм, æвæццæгæн, тынг зондджын адæм нæ уыд. Ӕмæ-иу нæ фысджыты чингуыты афоризмтæ, стæй зондджын хъуыдытæ куы ссардтам, уæд-иу нæ цинæн кæрон нал уыдис. Фылдæр сæ ардтам Къостамæ. Уымæн æмæ нæм Къостайы чингуытæ стæмтæй дарддæр алкæмæ дæр уыдысты. Ӕмæ-иу сыл цас фæцин кодтам! Уæддæр сæ хицæн чиныджы куы федтаиккам, уый нæ фæндыд. Ӕмæ поэты афоризмты æмбырдгонд «Сæдæ афоризмы» (Цхинвал, 1984. – 70 ф.) чиныг саразæг Хъазиты Мелитоны разныхас «Фыццаг бафæлвæрд»-имæ куы федтон, уæд мæ цинæн кæрон нал уыд. Фидарæй мæ бауырныдта, нæ адæм стыр, зондджын гоймæгтæцух кæй никуы уыд. Уæлдайдæр, чиныгсаразæг йæ цыбыр разныхасы дзуры: «Ирон адæмон æмбисонд мæнгæй нæ зæгъы: «Стыр дурæн – стыр тулæн, стыр фурдæн – стыр уылæн,» – генитæн сæ хъуыдытæ дæр гениалон вæййынц, сæ куырыхон зонд билцъ фæуадзы адæмы зонд æмæ зæрдæйы. Нæ Иры дзыхъхъы та кæд искæй куырыхон схонæн ис, уæд уый фыццаджы-фыццаг у Къоста. Хетæгкаты Леуаны цæхæрцæст фырт, йæ зондæй зондджын кæмæн стæм, йæ кадæй – кадджын. Йæ аив дзырды фарн æмæ арф хъуыдыйæн нæ армыдзаг зæхх нал сфаг, æмæ-иу нарты хæдедзаггæнгæ диссаджы уацамонгæ хорз лæджы къухы ронгæй йæ былтæй куыд акалд, афтæ уыдон дæр нæ урссæр хæхты сæрты, сæумæйы хуры тынтау, рæсугъд æмæ уазæй лæдæрсынц нæ сыхаг адæмтæм дæр.

Уыцы фарны хъуыддаг нæ Иры дзыллæйы кæны фæрнджын. Æвæры ныл хæс дæр – лæггад фидгæйæ у. Къостайы раз не ‘ппæт дæр хæсджын стæм, йæхæдæг йæхи нæ дзыллæйы раз хæсджыныл куыд нымадта, афтæ: «Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин, Куы бафидин искуы мæ хæс…» («Ныстуан»); («Сæдæ афоризмы». – Цхинвал, 1984. – 5 – 6 ф.).

Уымæн рагæй уыд йæ хæс фыст, фæлæ, Хаджеты Таймуразы загъдау (Уацмыстæ. – Дзæуджыхъæу, 2010. – 306 – 307 ф.):

Дæ хæс ды бафыстай, бæгуы,

Нæрæмонау, Къоста!..

Дæ разы мыл цы хæс и, уый

Цæмæй фидон æз та?!

Мелитон дæр Къостайы раз йæхи хæсджыныл кæй нымайы, уымæн зæгъы: «Йæ хæсы мин-минæм хай йын, зæгъын, кæд уæддæр бафидин, ахæм хъуыдыимæ йын æрæвнæлдтон йæ базырджын хъуыдытæ – афоризмтæ æрæмбырд кæнынмæ дæр.

Къостамæ сты бирæ, куыд йæ поэзи æмæ прозæйы, афтæ йæ публицистикæ æмæ фыстæджыты дæр. Ис æм афоризмтæй фыст æнæхъæн æмдзæвгæ «Кæмæн цы».

Æмæ æрмæст уый нæ, бирæ æмдзæвгæты йæм фылдæр поэтикон рæнхъыты фембæлæн ис афоризмтыл, æмæ сæ уый кæны æлвæст æмæ хъуыдыджындæр. «Æхсины лæг» у 44 поэтикон рæнхъы æмæ 10 рæнхъæй дарддæр иннæтæ иууыл дæр сты афоризмтæ» (Уый дæр уым.).

Уымæйдæр, йæ алы афоризм зæрдæйыл тайы æмæ руайы:

*Авд сæры уæйыгыл зайы,

Зондæй та – къæдзæх!

                 («Лæскъдзæрæн»)

*Дзурынц, – æвзæр, дам, æппæлы йæхицæй.

*Хорзæй фæзæгъынц: æппæлы йæ туджджынæй.

                                                  («Хетæг»)

*Адæмæн зæхх у сæ дарæг…

                                  («Азар»)

*Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры.

                                                   («Додой»)

*Алкæмæн йе ‘гъдау йæ гакк у кæмдæриддæр.

                                             («Лæг æви ус»)

*Алы куыстæн – рад.

            («Кæмæн цы»)

«Кæмæн цы», куыд загътам, афтæмæй æнæхъæнæй фыст у афоризмтæй, фæлæ сæм куыд кæсут, афтæмæй иууылдæр сты цымыдисон. Диссаг мæм каст, нæ поэтмæ дзæвгар фылдæр афоризмтæ куы ис, уæд дзы чиныгаразæг сæдæйæ фылдæр цæмæннæ равзæрста? Ӕмæ, куыд базыдтон, афтæмæй чингуыты рауагъдад «Ирыстон»-æн дæллæгты мыхуыры комитет егъаудæр чиныг ныммыхуыр кæныны фаг фæрæзтæ нæ рахицæн кодта.

Уæдæ йын 2009-æм азы дæр нæ разынд фаг фæрæзтæ, цæмæй сæ ирон чиныгкæсæг федтаид æххæстæй. Чиныгаразæджы къухы уыцы хъуыддаг бафтыд æрмæстдæр 2019-æм азы (Цхинвал, – «Хуссар Алани». – 106 ф.)

Чиныгаразæг йæхи чингуытæй хуры рухс уал хатты никæмæн фенын кодта, кæд ын сæ нымæц йæ райгуырдæй нырмæйы азтæй бирæ фæфылдæр, уæддæр, фæлæ Къостайы тыххæй ницæмæ зивæг кодта æмæ кæны, мæнгæй нæ загъта ардбахæрдау (Хъазиты   Мелитон. Къоста. – Дзæуджыхъæу – Цхинвал, 2009. – 205 ф.):

Мæ Ирыстон,

куыд амондджын бæстæ дæ,

Къоста кæй у хъæбулæн!

Афоризмты чиныг «Разум сердца»-йы (М., 1990. – 606 ф.) аразджыты къорд чиныджы разныхас афтæ балхынцъ кодтой: «Создатели книги могли бы считать свою цель достигнутой, если бы она могла послужить примером и подтолкнуть к такого рода духовной работе» (15 ф.). Ацы чиныгаразæг дæр, автор дæр, чиныгкæсджытæ дæр рамбылдтой иу хъуыддаджы: «Хорз цуанон иу æхсæвуаты тыххæй дæр халагъуд аразы» («Ирон æмбисæндтæ». – Дзæуджыхъæу, 1976. – 202 ф.). Нæ чиныгуарз ахуыргæндтæ, – бузныг сын, – Къостайы «Афоризмтæ» иунæг чиныгæй нæ ныууагътой. Филологон зонæдты кандидат, ныртæккæ газет «Рæстдзинад»-ы редактор Хозиты Барис бацæттæ кодта нæ литературæйы классиктæй цалдæры базырджын хъуыдытæ æмæ афоризмты чиныг «Цыкурайы фæрдгуытæ» (Дзæуджыхъæу, 1999. – 279 ф.); фæстæдæр та «Олимп»-ы рухс фенын кодта нæ драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы «Базырджын хъуыдытæ»-йæн (Дзæуджыхъæу, 2001. – 115 ф.).

Ирон нывæфтыд литературæйæн стыр фыссæг æмæ литературæиртасæг Джыккайты Шамил чи уыд, уый, нæ аив дзырд чи уарзы, уый йæ ма зона, уый гæнæн нæй. Дардыл уыдысты йæ нывæфтыд æмæ рæстаг хъуыдытæ. Ӕнæн-хъæлæджы нæ загъта: «Ӕз арвæй а зæхмæ æрхызтæн, Цæмæй дзы уа рæстдзинадæн цæрæн» (Джыккайты   Шамил. Сыгъзæрин нæмгуытæ. – Дзæуджыхъæу, 2015. – 2 ф.) – æмæ йæ уыцы рæстдзинады сæрыл бацарæфтыд кодтой Ирыстоны знæгтæ, фæлæ йын йæ ном ферох кæнын никуы бауыдзæнис сæ бон. Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы Хетæгкаты Къостайы номыл университеты сфæлдыстадон къорд «Ахуыргæнæг – дæ ном»-ы уæнгтæ (сæ разамонæг – педагогон зонæдты кандидат Безаты Фаризæ) уый тыххæй æрæмбырд кодтой йæ æвзæрст рæнхъытæ æмæ сæ рауагътой хицæн чиныгæй.

«Разум сердца»-йы аразджытæ цæмæ бæллыдысты, уый махмæ, æнхъæл дæн, цæуы. Мелитон уымæн дзырдта: «Нæ зонын, цæмæн, ногæй нæм хæнт чысыл исты равдисын кæй бафæнды, уый нæ цæсты сындз фесты. Мах, кæд æндæр адæмтæй ахæм чингуытæ бирæтæм дуне сты, уæддæр сыл ахуыр нæма уыдыстæм. Къоста Къоста у, фæлæ мын уæд йæ афоризмтæй фыццаг рухсмæ рахæссын бантыст æрмæст сæдæйæн. Æмæ нæ фæрæдыдтæн – фæзындис ын уыйфæстæ фæдонтæ» (Къоста. Афоризмтæ. – Цхинвал, 2019. – 7 ф.).

Ӕхсызгон у, уыцы «фæдонтæй» иу – Тъотъоты Ленæ йын æрæджы йæхи хардзæй джиппы кæй рауагъта йæхи афоризмты чиныг дæр. Уый дæр финансты тыххæй æххæстæй нæ (Хъазиты   Мелитон. Афтæ загъта…  – Цхинвал – Дзæуджыхъæу, 2018. – 208 ф.).

Ӕппæт адæттæ  уымæн дзурын, æмæ ирон æмбисонд афтæ зæгъы: «Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы». Ацы фарны хъуыддаг дарддæр ноджы æнтысгæйæдæр кæй цæудзæнис, уый мæ уырны. Ногбонтæ сты æмæ йæ уынгæ дæр цы кæнæм, уыцы амонд нæ уæд. Ахæм кады аккаг фысджытæ нæм дзæвгар ис. Нæ литературон, стæй сæ æмткæй нæ рæсугъд ирон æвзаг ноджыдæр кæнид хъæздыгæй-хъæздыгдæр.

               ПЛИТЫ Мæдинæ, ХИПУ-ы ирон

               литературæйы ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.