ИРОН  ФАРНЫ  АРТДЗÆСТ

Ирон адæмы культурæйы ахсджиагдæр цаутæй иу уыд, 100 азы размæ нæ мадæлон æвзагыл газет «Рæстдзинад» цæуын кæй райдыдта, уыцы цины хабар. Уæдæй фæстæмæ кæд бирæ цæлхдурты сæрты ахызт, уæддæр уый сси ирон адæмы фарны æмæ рæстдзинады фидиуæг æмæ абоны онг дæр рухс хæссы адæммæ. Абон, техникæйы дуджы, адæмæн сæ фылдæр мыхуыры электрон информацион фæрæзтæй баивтой. Куыд уыдзæн газеты хъысмæт, йæ фидæн, уый тыххæй нæ ныхас у филологон наукæты кандидат, газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барисимæ.

– Барис, «Рæстдзинад бирæ фыдæвзарæнтæ баййæфта, фæлæ уæддæр йæ сæдæ азы кармæ бахызт. Цавæр зæрдæйы уагимæ æмбæлыс дæ кусджытимæ газеты цытджын юбилейыл, цы бафтыд къухы æмæ цæмæ тырнут фидæны?

– «Рæстдзинад»-ы къæсæрыл бирæ адæмтæ фæхызт, фæлæ йæ сæдæ азы бæрæгбоныл цин кæнынц абоны зиууæттæ æмæ семæ æгас ирон дзыллæ. Цæгат Ирыстоны сæйраг национ газеты кусын у стыр кад æмæ уыцы иу рæстæг стыр хæс. Газеты кусджытæ сæ хъарутыл нæ ауæрдынц. Цы фæнды уавæрты дæр сæ куыст кæнынц. Афтæ бонæй-бонмæ газет адæммæ хæссы рæстдзинад æмæ фарн. Цы сæдæгай фыстæджытæ райсæм, уыдон дзурæг сты нæ газеткæсджытæ разы кæй сты, ууыл. Бауырнæд уæ, махæн уымæй стырдæр арфæйаг лæвар зын ссарæн у. Нæ фыдæлтæ дæр иу дзæгъæлы нæ загътой: «Адæмы цæст уынаг у!»

 – Кæд нæ ныхас бæрæгбоны фæдыл у, уæддæр дзы лыггæнинаг фарстатæ дæр къаддæр нæ уыдзæн. Бирæты цымыдис кæны абоны тираж. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныры дуджы, Уæрæсейы посты куыст зынгæ фæмæгуыраудæр. Цавæр æргътæ сæ фæнды, ахæмтæ æвæрынц. Газет аразыныл цы журналисттæ кусынц, уыдоны фыдæбон посты кусджыты цæсты нæ ахады. Куыд аразут уæ куыст семæ?

– Уымæн дзуапп раттын зын у ныртæккæ. Цæвиттон, Уæрæсейы пост паддзахадон нал у æмæ уымæ гæсгæ тынг зын ссис семæ кусын. Раздæр газет рафыссæн уыди афæдз иу хатт, абон та йæ фыссын хъæуы алы æхсæз мæйы. Афтæмæй газеткæсæджы фидын хъæуы дыууæ хатты фылдæр. Раздæр нын æххуыс уыдысты республикæйы цы газетты киосктæ уыдысты, уыдон. Уым газет рафыссæн уыд бирæ асламдæрæй. Киоскты куысты системæ хæлд кæй æрцыдис, уый аххосæй нæ тиражæй ахаудта 3000 экземпляры. Фæлæ уый иу бæллæх у, иннæ та, газет йæ кæсæгмæ посты кусджытæ кæй нæ хæссынц, уый. Æмæ дын цы нæ æфсон акæндзысты: постхæссæг ссарын нæ бон нæу, газет нæм афоныл не ʻрластой, хъæуы куыйтæй постхæсджытæ нæ уæндынц æмæ афтæ дарддæр. Лæг дисæй амæлы, ау ацы хъæуæн сæргълæууæг нæй, кæнæ пъæлицæйы хайад æви хъуыддаг цæй мидæг ис?

– Рæстдзинад»-ы алы азты бирæ курдиатджын журналисттæ куыста. Уыдон сæ фарн газеты ныууагътой? Ис сын аккаг фæдонтæ?

– Традицитæ цы редакцийæн нæй, уыдонæн фидæн никуы уыдзæн. Æз редакцийы куы нæма куыстон, уæддæр æнгом баст уыдтæн йемæ. Æмæ фидарæй мæ бон зæгъын у: «Рæстдзинад»-ы фыдæлтæ цы рæсугъд æгъдæуттæ ныууагътой, уыдон хъахъхъæд æрцыдысты. Уымæн æмæ сæ фæстæ баззад курдиатджын фæлтæр: Цгъойты Хазби, Багаты Аврам, Тепсыхъоты Зоя, Тохсырты Къоста, Дзуццаты Къоста, Фæрниаты Мæдинæ, Цопанаты Эльмæ, Дзоцъиты Тамарæ æмæ иннæтæ.

Уыдоны фарсмæ фæрнæйдзаг фæллой кодтой астæуккаг фæлтæры минæвæрттæ: Малиты Хасан, Касаты Батрадз, Цомайты Ростислав, Дыгъуызты Тенгиз, Дедегкаты Зæлинæ, Абайты Арбилянæ æмæ иннæтæ. Алы азты газеты куысты æнтыстджынæй архайдтой Хетæгкаты Оксанæ, Колыты Иринæ, Тъехты Тамерлан æмæ иннæтæ. Газетæн фæстаг азты æнтыстджынæй разамынд лæвæрдтой Хъесаты Валодя, Фидараты Булат æмæ Битарты Маринæ. Ис нæм æрыгон кусджытæ Гобозты Агуындæ, Цæгæраты Эльмирæ, Хъайырты Дианæ, Хозиты Дзерассæ, Кæлухты Фатимæ… Афтæ, алы фæлтæрты минæвæрттæ уæхскуæзæй, æмзондæй, æмзæрдæйæ кусынц газет æмæ газеткæсджыты фарнæн.

– Ивгъуыд азты «Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин»-ы кусджытæн уыдис пайдайаг æмгуыстады бастдзинæдтæ, фæрнæйдзаг традицитæ. Æрвылаз дæр коллективтæ æмбæлдысты куы Хуссары, куы Цæгаты. Уыцы фембæлдтытæн уыд стыр патриотон нысаниуæг, æнгом сæ кодта. Сæ газетты фæрстыл мыхуыр кодтой кæрæдзи æрмæджытæ. Абон та цы цæстæй кæсут уыцы арфæйаг хъуыддагмæ?

– Куыд зонæм, афтæмæй «Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин» æфсымæрон газеттæ сты. Мах мыхуыры фæрæз дзы фараст мæйы бæрц хистæр у. Иумæйаг фембæлдтытыл куы дзурæм, уæд та, басæттын хъæуы, къорд азы кæй нæ уал уыдысты, ууыл. Фæлæ сæ «Хурзæрин»-ы раздæры сæйраг редактор Гæбæраты Юриимæ сног кодтам.  Дыууæ азы размæ нын фембæлд уыд Хуссары, ныр та мах рад у, фæлæ нæ ивгъуыд аз ацы ковиды гæрæнтæ бахъыгдардтой. Фæлæ ницы кæны. Ацы аз, куы фæхъармдæр уа, уæд æй баххæст кæндзыстæм, нæ хуссайраг хотæ æмæ æфсымæртыл зæрдиагæй сæмбæлдзыстæм.

– «Рæстдзинад» мидисджын æрмæджытæ мыхуыр кæны. Газеткæсæг æхсызгонæй бакæсы рубрикæтæ «Æлутон», «Хурзæрин», «Æнцойбоны фарс», «Нæ Иры фæсивæд», «Сылгоймаджы фарн» æмæ æндæрты бын цы æрмæджытæ вæййы, уыдон. Фæлæ ма газеткæсæг арæх æрымысы «Цæхæрцæст»-ы рæстдзæвин æрмæджытæ, кæцыты автортæ худтысты магусатыл, æввонгхортыл, расыггæнджытыл, къæрныхтыл… Мæнмæ гæсгæ, газет уыцы традици куы сног кæна, уæд йæ кæсджытæ фæфылдæр уыдзысты.

 

______________________                                  ***

Цас æнтыстджындæрæй цыдысты ирон адæм ахуыры фæндагыл, уыйбæрц сæ домæнтæ фылдæр кодтой. Хъуыд сæ фылдæр зонындзинæдтæ канд Ирыстоны æрвылбоны цардæй нæ, фæлæ сæ алфамбылай цæрæг адæмты тыххæй дæр. Уымæн та æппæты хуыздæр фæрæз уыд периодикон мыхуыр. Уыимæ ирон интеллигенцийы сæйраг домæн уыдис, цæмæй адæм æппæт хабæрттæ дæр кæсой сæ мадæлон æвзагыл æмæ сфæнд кодтой ирон газет рауадзын.

Уыцы арфæйаг фæндон сæ къухы æфтгæ дæр бакодта – 1906 азы 23 июлы Дзæуджыхъæуы рауагътой фыццаг ирон газет. Йæ ном дæр ын схуыдтой «ИРОН ГАЗЕТ». Йæ редактор уыд Бутаты Аслæнбег. Фæлæ йын бирæ цæрæнбон нæ уыд, æхгæд æрцыд уыцы азы 20 августы.

Дыккаг ирон газет – «НОГ ЦАРД» – рацыд Калачы 1907 азы мартъийы. Йæ редактор уыд Тедеты Петр, фæлæ та уый дæр уыцы аз декабры æхгæд æрцыд.

Æртыккаг газет «ХАБАР» рацыд 1909 азы февралы, йæ редактор Хъаныхъуаты Алмахситт, фæлæ дæс номыры йеддæмæ нæ рауагъта.

1917 азы 18 апрелы та Бутаты Аслæнбег ногæй рауагъта газет, уымæн дæр та йæ ном раздæрау схуыдта «ИРОН ГАЗЕТ». Фæлæ та уымæн дæр бирæ цæрæнбон нæ уыд. Æхгæд æрцыд 1918 азы 7 февралы.

Фæндзæм ирон газет – «КЕРМЕН» – рацыд Дзæуджыхъæуы 1920 азы 18 апрелы. Йæ редактор уыди Барахъты Гино. Йæ сæйраг хæс уыди советон æмæ коммунистон цард æвдисын. Æхгæд æрцыд 1921 азы 28 апрелы.

Уыцы иу рæстæджы ма 1920 азы 11 июлы рацыд æндæр газет – «НОГ ЦАРД» дæр. Йæ редактор уыд зындгонд ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг Цæлыккаты Ахмæт. Æхгæд æрцыд 1920 азы 23 ноябры.

1923 азы 14 мартъийы рухс федта, æцæг дзыллон газет, ирон фарны тырыса чи сси, абоны онг дæр Ирыстонмæ рæстдзинад чи хæссы, уыцы газет «РÆСТДЗИНАД». Йæ раздæры редактортæ уыдысты Брытъиаты Цæра, Гæдиаты Цомахъ, Барахъты Гино æмæ Къосираты Сæрмæт.

_______________________

 

– Дæ фиппаинаг раст у, æцæг уый фæдыл зæгъынмæ хъавын. Сæйраг редакторæй кусын куы райдыдтон, уæд æз дæр хъуыды кодтон «Цæхæрцæст» сног кæныныл. Иу цалдæр æрмæджы уадзгæ дæр ракодтам, фæлæ раздæры хуызæн ахсджиаг нал рауадысты. О, адæм сыл, æцæгæйдæр бацин кодтой, гъе, фæлæ сын цыдæр нæ фаг кодта. Ныр уыцы къуыхцы аиуварс кодтам æмæ йæ уадзын райдайдзыстæм. Хъуыддаг ма уый мидæг ис æмæ ахæм æрмæджытæ фыссынæн хъæуы сæрмагонд курдиат, хъазæн ныхас æмæ критикон æрмдзæф кæмæ уа, ахæм журналисттæ. Ахæмтæ та æнцон ссарæн не сты. Суанг алы хорз журналисты бон дæр нæу ахæм æрмæджытæ фыссын. Ам хъæуы сæрмагонд цæстæнгасы хицау, уый та алкæй бон нæу. Фæлæ фæзынд ахæм адæймаг æмæ тагъд йæхи тыххæй фехъусын кæндзæн.

– Барис, республикæйы иунæг ирон газеты бæрны куы æрлæууыдтæ, уæд цавæр фæндтимæ æрбацыдтæ?

– «Рæстдзинад» æз кæсын, æппынкъаддæр, 55 азы, скъоладзау ма куы уыдтæн, уæдæй фæстæмæ. Мæ цæстытæ-иу ныуурс сты постхæссæгмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Кастæн-иу æй мæ фыды мадæн дæр. Æмæ-иу алыхатт дæр разыйæ баззадтæн. Ныр 45 азы бæрц ме ‘рмæджытæ мыхуыргонд цæуынц ацы газеты. 1983 азты та ЛПУ-йы ахуыр кæнгæйæ тынг бирæ æрмæджытæ ныффыстон алыхуызон темæтыл. Цалдæр азы размæ сæйраг редакторæй кусын куы райдыдтон, уæд мæм, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ фæндтæ уыдис, фæлæ æнæнхъæлæджы къуыхцытыл сæмбæлдтæн. Æвæстиатæй хъуыд ног фæлтæр æрбакæнын, иронау чи фыстаид, ахæм журналисттæ та нæ уыдис. Æмæ уый зындзинæдтæ сæвзæрын кодта мæ куысты. Фæлæ, табу Хуыцауæн, уыдон иуварсгонд æрцыдысты æмæ ныр раздæхтæн мæ раздæры фæндтæм. Царды сæ куы рауадзон, уæд уымæн дæр фадат уыдзæн.

– Йæ 100 азы юбилейыл сæмбæлд «Рæстдзинад». Цавæр хуынтимæ бæрæг кæнут уæ бæрæгбон æмæ уæм цавæр фæндтæ ис фидæнмæ?

– Æппæты стырдæр æнтыстыл нымайын, куыстхъом коллективæн разамынд кæй дæттын, уый.  Мæ кусджытæн цыфæнды хæс куы бабар кæнын, уæддæр æй бæлвырд фæзонын æххæстгонд кæй æрцæудзæн.  Ахæм уавæрты кусын зын нæу. Æрæджы нæ кусджыты мыздыл дæр бафтыд æмæ ныр сæ зæрдæйы уаг зынгæ фæхуыздæр. Уæдæ цы фæндтæ ис, уыдоны тыххæй мæ дзурын нæма фæнды. Цард сæ йæхæдæг амондзæн.

– Бузныг, Барис! Нæ республикæйы иунæг национ газет «Рæстдзинад» цæрæццаг цы басгуыха, йæ кæсджытæ та фылдæрæй-фылдæр цы кæной, уыцы арфæ нын дунейы фарн ракæнæд!

 

Интервью райста «Хурзæрин»-ы

 хисæрмагонд уацхæссæг

ДЖУСОЙТЫ Нинæ

«Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин»-ы кусджыты фембæлд. Итрапис 2021аз.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.