Хуссар Ирыстоны соматикон рынчындоны æрæджы гуырдзиаг æмбæстаг Арчил Тъатъунашвилийы фæзиан, æрмæст Гуырдзыстоны æхсæнады нæ растын кодта, фæлæ æппæт дунеон æмæхсæнад æмæ организациты минæвæртты дæр. Тæрхондонон-медицинон экспертизæйы хатдзæгтæм гæсгæ, ацы æмбæстаджы фæзиан баст у зæрдæйы низ æмæ лæмæгъдзинадимæ. Йæ мæлæт Хуссар Ирыстоны кæй ссардта, уым та аххосджын мах цæмæн хъуамæ уæм. Уыдæттыл æмæ Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн Хуссар Ирыстон хъыгдард цы фадгуыты баййæфта, уый тыххæй Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты уагъд æрцыд брифинг.

Гуырдзыстоны æмбæстаджы мæлæты фæдыл гуырдзиаг къухдариуæгад æнæбындур аххосæгтæ кæй размæ кæны, уый банысан кодта Постконфликтон фарстатæ бæстонкæнынады фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат. Ахст цæмæн æрцыд, уый фæстæ йыл цы æрцыд, æппæт уыдæтты тыххæй. Лæмбынæг информаци хуссарирыстойнаг фарс сарæзта. Механизмты фæлгæтты куысты хайадисджытæн дæр. Фæлæ Гуырдзыстоны къухдариуæгад æмæ æхсæнадон организацитæ уавæр ноджы карздæргæнгæйæ, размæ кæнынц алыгъуызон æнæбындур азымтæ Тъатъунашвилийы мæлæты фæдыл. Хатынц дунеон æмæхсæнадмæ æмæ уыдон дæр, Гуырдзыстон сын цы информаци дæтты, уыцы здæхты дзурынц.

Джиоты Мурат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Тъатъунашвилийы мæлæты аххосæгтæ кæд бæлвырд сты, уæддæр уæлæмхас хæдбар экспертизæ саразыны нысанæн æрмæджытæ æрвыст æрцыдысты Уæрæсемæ. Уымæн æмæ гуырдзиаг фарс уæддæр ацы фарстæн политикон нысаниуæг дæтты, æмæ уый тыххæй уæлæмхас медицинон экспертизæ саразын æнæмæнгхъæуæг у.

Ныгуылæйнаг бæстæтæ æмæ дунеон организацитæ цы стыр хъусдард аздæхтой Тъатъунашвилийы мæлæты цаумæ, уый Мураты хъуыдымæ гæсгæ у дывæрсыг стандартты политикæйы бæлвырдгæнæн.

«2008 азы августы цауты фæстæ Хуссар Ирыстоны адæмы трагеди æгас дунейыл куы айхъуыст, уæд Евроцæдисы хæдбар къамис сæ минæвар Тальявинийы сæргълæудæй басастысты, Гуырдзыстон кæй райдыдта хæст, ууыл. Фæлæ уымæн ахæм уæрæх дунеон нысаниуæг лæвæрд не ‘рцыд. Нæ бирæнымæц сидтытæм дунеон организацитæм – Хуссар Ирыстоны  ныхмæ гуырдзиаг агрессийыл стæрхон кæныны сæраппонд дæр æмбæлон хъусдард здæхт не ‘рцыд», – дзырдта æххæстбарджын минæвар.

Дывæр ахасты æндæр миниуæгыл ма Мурат банымадта, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдонмæ дунеон организациты ахаст дæр. Уыдоны фæд фесæфт Гуырдзыстоны территорийыл. Зæрдыл æрлæууын кодта, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырста 2008 азы, уæдæй фæстæмæ не ‘мбæстæгтæ авдæй æбæрæг сæфт кæй сты. Фондз æмбæстаджы фæдыл нæм ис æмбæлон информаци, Гуырдзыстоны тыхон структурæты къухы кæй уыдысты, уый тыххæй.

«Гуырдзыстон кæд йæхи бæрнон паддзахадыл нымайы, уæд йæ территорийыл чи сæфы, уыдон хъысмæты фæдыл бæрндзинад хъуамæ хæсса.

Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтаны гуырдзиаг тыхон структурæтæ æрцахстой 2008 азы фæззæджы Хелцуайы хъæуы цур.  Йæ рæстæджы ацы æртæ æвзонг лæппуйы фæдыл Европæйы Советы къамис ахæм хатдзæг сарæзта, зæгъгæ, – сын сæ фæд Гуырдзысфтоны хъæуы агурын», – дзырдта Джиоты Мурат.

Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фарстыл ма кусы ЕÆÆО-йы хæдбар эксперт Душан Игньятович. Йæ доклады дзырдæуы, зæгъгæ, ацы æртæ ирон æнахъом лæппуйыл фарста уагътой Гуырдзыстоны тыхон стуктурæтæ. Уæдæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад архайы, цæмæй сæ хъысмæты фæдыл исты бæрæг базона, фæлæ нæй. Сæ æрцахсыны рæстæджы сæ иуыл 16 азы дæр нæма сæххæст.

«Уыцы рæстæджы дунеон æмæхсæнады æргом раздахын нæ бафтыд нæ къухты. Тагъд 10 азы сæххæст уыдзæн, ацы æвзонг лæппуты ныййарджытæ сæ сывæллæттæй æппындæр кæй ницы бæрæг зонынц, ууыл. Гуырдзиаг къухдариуæгад та не ‘ххæст кæны ЕÆÆО-йы хæдбар эксперты рекомендацитæ, нæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг кæныны фæдыл», – дзырдта Мурат.

Махæн, зæгъгæ, æмбаринаг у Тъатъунашвилийы ныййарджытæ æмæ хиуæтты рыст, фæлæ кæд иу адæймаджы мæлæт трагеди у, уæд æндæрты мæлæт дæр афтæ у йæ хиуæттæн. Хъыгагæн, ахæм гуманитарон фарсты дæр зыны ныгуылæйнаг бæстæты дывæр ахаст.

Брифинджы рæстæджы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитет мадзалы хайадисджытæн экраныл равдыста 2008 азы нæ æбæрæгæй сæфт æртæ æмбæстагæн гуырдзиаг спецслужбæтæ куыд хъизæмар кæнынц, уыцы нывтæ.

Брифинджы рæстæджы прокуратурæйы минæвар Васили Поляков радзырдта Арчил Тъатъунашвили цы уголовон хъуыддæгты фæдыл ахст æрцыд, уыдоныл. Зæгъгæ, суанг 2004 азæй 2008 азы августмæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ бакодтой 166  алыгъуызон уголовон хъуыддаджы. Уыдон баст уыдысты Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны тыхон структурæты минæвæртты фыдракæндтимæ. Уыцы уголовон               хъуыддæгтæ раргом кæныны рæстæджы бæлвырдгонд æмæ дунеон агуырдмæ лæвæрд æрцыдысты Гуырдзыстоны уæлдæр политикон æмæ æфсæддон къухдариуæгады бæрнон адæймæгтæ, кæцытæ аххосджын уыдысты ирон адæмы ныхмæ геноцид æмæ хæстон фыдракæндтæ саразыны хъуыддаджы. Уыдон сты 45 адæй-магæй фыл-дæр. Се ‘хсæн ис сæ раздæры президент Михаил Саакашвили, мидхъуыддæгты раздæры министр Вано Мерабишвили, хъахъхъæнынады раздæры министр Иракъли Окруашвили æмæ æндæртæ.

Прокуратурæйы минæвар дард-дæр æрхаста нымæцтæ,  цал адæймаг фæхъуыд, цас уыдысты цæфтæ, давыны цаутæ, сыгъд æмæ пырх хæдзæрттæ, исад, паддзахадон уагдæттæ æмæ амалиуæгадон архайды объекттæ цас æрцыд сыгъд æмæ пырх. Уый ма банысан кодта, бæлвырд кæй æрцыд уый дæр, æмæ гуырдзиаг спецслужбæтæ кæй фæлвæрдтой нæ горæты цæрджыты «Едыс-Цхинвал»-ы донуадзæны руаджы фæхъæстæ кæныныл.

Генералон прокуратурæйы минæвар Васили Поляков ма радзырдта Арчил Тъатъунашвилийы мæлæты аххосæгтыл. Уголовон кодексы бæрæг статьятæм гæсгæ, ома, фыдракæндон архайдтыты геноцид аразыны, афтæ диверсион-развæдсгарæн архайды зæрдæхсайыны фæдыл Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ Ленингоры районы æрцахстой Тъатъунашвили Арчил, Къутъашвили Леван æмæ Пъавлиашвили Иосифы. Уыдоны фæдагурæн æмæ оперативон мадзæлттæ уадзыны охыл æрбакодтой Цхинвалмæ.

«Ахст æмбæстæгтæй иу – Тъатъунашвили фæдагуырды цымыдисгæнæг фарстатæн дзуапп кæныныл нæ разы кодта, æрдомдта тæлмацгæнæг æмæ адвокаты. Уыдон хайадистæй дæр не сразы дзуапп кæныныл æмæ йæ бакодтой рæстæгмæдарæн изоляторы.

Уыцы бон Тъатъунашвили изоляторы кусджытæй иуы пистолет йе ‘вæрæнæй раскъæфта, цæй фæстиуæгæн физикон æгъдауæй цæфтæ райста æмæ ратылд асинтæй бынмæ. Йæ къухтæй йын стыдтой пистолет. Уый фæстæ сын загъта, зæгъгæ, мын нæ фаг кæны улæфт. Бахæццæ йæ кодтой республикон рынчындонмæ æмæ уым дыууæ сахаты фæстæ реанимацион хайады амард», – дзырдта Васили.

Уый ма банысан кодта, ацы æмбæстаджы мæлæты аххосæгтæ сбæлвырд кæныны нысанæн ист кæй æрцыд ахæм уынаффæ, цæмæй хæдбар тæрхондонон экспертизæ уагъд æрцæуа Уæрæсейы экспертон уагдоны. Уый фæстæ йæ мард буар, экспертизæйы фæстиуджыты халдихимæ лæ-вæрд æрцæудзæн гуырдзиаг фарсмæ.

Дохтыр, тæрхондонон-медицинон эксперт Тъехты Иналы ныхæстæм гæсгæ Тъатъунашвилийы мард буар басгаргæйæ йыл цæфты фæдтæ бæрæг не ‘рцыд. Инал ацы фадыджы  кусы  дæргъвæтин  азты, у иууыл фæлтæрдджындæр специалист тæрхондонон-медицинон экспертизæйы хъуыдаджы.

«Цахæмдæр тугныттагъд, хуылфы органтæ, кæнæ сæры магъз не сты хъыгдард. Стджытæ сæрæй суанг къах-къухты онг сты æнæхъæн. Зæрдæйы уавæр басгаргæйæ, бæлвырд æрцыд: зæрдæ æмæ дадзинты карз низ ишемийы зонæйы», – дзырдта Инал.

Йæ буарыл уыд тугæрхæмттæ æмæ цъæррæмыхстытæ йæ фæсонтыл, къухтæ æмæ къæхтыл. Уымæй дарддæр ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йæ архайд, Тъатъунашвилийы мард буары уавæр хынцыд сты нывисæнæй æмæ сын ис документалон бындур.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-секретарь Биазырты Екатеринæ куыд банысан кодта, афтæмæй æдасдзинады паддзахадон органтæ Арчил Тъатъунашвилийы мæлæтмæ нæ бæллыдысты. Уый уыд æдасдзинады органты цæстдарды бын, уымæн æмæ зæрдæхсайгæ уыд гуырдзиаг спецслужбæтимæ æмархайды,  уыд бирæ информаци хæссæг.

Брифинджы рæстæджы ма йæ хайадисджытæ дзуаппытæ лæвæрдтой информацион фæрæзты цымыдисгæнæг фарстатæн.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.