1992 азы Хуссар Ирыстоны зæххмæ фидыуынгæнæг тыхтæ куы æрбацыдысты, уæд хæст фенцад. Нал хъуыстысты нал дæр æхстыты хъæр æмæ нал дæр вертолетты уынæр. Цхинвайлаг цæрджытæ иу чысыл сулæфыдысты æвирхъау хабæрттæ хъусынæй. Фæлæ та 1993 азы февралы райдианы Цхинвалы сæрмæ уæлдæфы ногæй фæзынд вертолет – æрмæст ацы хатт йæ æрбатахты сæр æндæр уыд. Хаста фыдохы хабæрттæ. Ручъы фæндагыл зæйы бын цы æнамонд бæлццæттæ бабын сты, уыдонæй кæй ссардтой, уыдоны иугай-дыгай Дзæуджыхъæуæй ласта Цхинвалмæ.

Вертолеты уынæр-иу куы фехъуыст, уæд та-иу горæты цæрджытæ, уыцы нымæцы ацы рæнхъыты автор дæр æмæ иннæ рæттæй уырдæм æрцæуæг адæм стырæй чысылæй атындзыдтой горæтæн йæ хуссарæрдыгæй цы автогараж уыд, уырдæм. Уым-иу æрбадт фыдохы вертолет. Адæм сæ сæртæ хойгæйæ æмбæлдысты сæ зынгхуыст бæлццæттыл. Вертолет-иу фæстæмæ дæр афтидæй нæ атахт – йæ зынгхуыст бæлццæттæй-иу куы ссæрибар, уæд та-иу сбадын кодта Хуссарæй Цæгатмæ чи цыд, уыцы тыхст бæлццæтты.

Æрмæст иу бон Дзæуджыхъæуæй Цхинвалмæ цы вертолеттæ æртахтысты, уыдонæй сæ иу ацы хатт марды чырынты бæсты æрласта зынгхуыст бæлццæттæн хæрнæджыты тыххæй продукттæ. Уæд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны уæлдæрлæууæг органты уынаффæмæ гæсгæ зианджын бинонтæн хицауады ‘рдыгæй уыд æххуыс, куыд финанстæй, афтæ продукттæй дæр. Цхинвалы цæрджытæ фæлмæцыд æмæ тыхстæй цалдæр боны æнхъæлмæ кастысты фыдоххæссæг вертолетмæ, цалынмæ зынгхуыст бæлццæтты иууылдæр не ‘рластой, уæдмæ.

Уæд зæйы бын уыцы иурæстæджы бабын сты 40 адæймаджы бæрц. Зынгхуыст бæлццæттыл хъуыды кæнгæйæ, алыхатт дæр мæ цæстыты раз слæууынц иттæг хорз ахуыргæнджытæ Бекъойты Эдуард, йæ цардæмбал Болататы Людмилæ æмæ сæ 14-аздзыд хуры хуызæн хъæбул Сашайы (Сако) рухс фæлгæндзтæ. Мæ цæстыты раз сысты æвирхъау ныв: сæ фатеры хатæнтæй сæ иуы дыууæ уарзæгой цардæмбалы табæтты ‘хсæн æвæрд уыд сæ уарзон тæхудиаджы хъæбул Сашайы табæт. Уыдонмæ кæсгæйæ адæм зæрдæхъæрмттæ кодтой. Иу бинонтæй æртæйæ! Уый æвирхъау тæригъæддзинад у. Стыр Хуыцау цæмæн схай кодта ахæм хъысмæт уыдоны         хуызæн æнæхъыгдард æмæ хæларзæрдæ бинонтæн.

1993 азы февралы мæйы профессор Цыбырты Людвиг йæ уац «Я верю в завтрашний день»-ы фыста: «Куыд гæнæн ис æмæ Цхинвалы мауал цæрой рæсугъд æмæ æгъдауджын цардæмбæлттæ Бекъойты Эдуард æмæ Болататы Людмилæ. Эдуард Андрейы фырт уыд нæ царды фæзынд, уый уыд тынг курдиатджын æмæ хорз адæймаг. Бекъойты Эдуарды хуызæн адæймæгты тыххæй ирон адæм фæзæгъынц: Адæмы фарнæй фæрнджын лæг. Бекъойты бафæзминаг бинонтæ баззайдзысты чи сæ зыдта, уыдоны зæрдæты».

Хуссар Ирыстоны адæмон ахуырады историйы Бекъойты Эдуарды ном фыст æрцыд сыгъзæрин дамгъæтæй. Йæ ном хæссы нæ горæты 6-æм астæуккаг скъола. Бирæ сты йæ лæггæдтæ ацы скъолайы раз. Уый математикон кълæсты бындурыл 6-æм скъолайы сарæзта кружок «Агат», кæцыйы уæнгтæ-иу систы æппæт математикæйы олимпиадæты уæлахиздзаутæ, Уæрæсейы хуыздæр уæлдæр ахуырадон уагдæтты студенттæ. Бекъойты Эдуардæн саккаг кодтой Фæллой Сырх тырысайы орден. Кæд бирæ азтæ рацыд уыцы трагедийæ, уæддæр абоны онг дæр Бекъойты Эдуард йæ коллегæты, йæ хæлæртты зæрдæты баззад йæ диссаджы мидбылхудтимæ.

Уыцы трагедийы фæстиуæгæн хæрзæвзонгæй фæмард  Сиукъаты бинонты иунæг фырт Гия дæр æмæ бинонтæ æвæстаг фесты. Сæ уарзон хъæбулы мастæй цæрынхъуæгтæй се нусон бæстæм ацыдысты йæ ныййарджытæ дæр.

Æрмæст 1993 азы зæйты бын фæмард сты 56 адæймаджы. Статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ 1993-2012 азты Транскавказы автомагистралы фæмард 119 адæймаджы, фервæзын кодтой 3326 адæймаджы. Стыр æхсызгонæй мæ банысан кæнын фæнды уый дæр, æмæ фæстаг азты Транскаваказы автомагистралы арæх кæй нал æрцæуы трагикон цаутæ. Хуыцау зæгъæд æмæ нырæй фæстæмæ дæр афтæ цы уа.

ДЖИОТЫ Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.