Фыссæг æмæ зонадон кусæг Хъазиты Мелитон ирон чиныгкæсæгæн  Ног азы къæсæрыл, йæ райгуырды 70 азы юбилейы рæстæджы, ахуырдзау фæсивæдæн бакодта æхсызгон лæвар – стыр ирон поэт, прозаик, драматург, литературæиртасæг, Ирыстоны патриот, ЦИПУ-йы профессор Джыккайты Шамилы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй монографи «Æрвон комулæфтимæ», зæгъгæ.

Шамил уыд ирон адæмы фæдисон. Æмæ чиныджы разныхасы автор зæрдæрисгæйæ уымæн дзуры: «Фыссæджы фидарæй уырныдта йæ хъуыды æмæ йæ рæстзæрдæйæ уырнын кодта не ‘мбаргæ дзыллæйæ кæмæ хъуыст, – кæд искæмæ хъуыст, уæд, – йæ хъæр, уыдонæн дæр: «Ирон лæг стырзæрдæ у, нæ зоны фидæныл сагъæс кæнын, нæй йæм стратегион зондахаст, æмæ æнцад бадæм – цы уа, уый уæд. Æмæ та ныл æрцæуы уæззау цæфтæ.

Иу хатт ма йæ зæгъын, ныууадзæм нæхи стауын. Хорз фыдæлтæ сæ байзæддагæн ныууадзынц зæххытæ, сахартæ, галуантæ. Цы баззад махæн та. Чермены хай – цъыфдзæстытæ, къæдзæхтæ. Уыдон дæр знæгтæ кайынц. Цы ныууадздзыстæм нæ цотæн? Цы?!» («Нæ уавæр, нæ хæстæ»). Фæлæ уыцы фарстæй алчи дæр хъуыды кодта хи цотæн исты ныууадзыныл…

Нæ куырыхон лæг Фыдыбæстæ æмæ нæ дзыллæйы тыххæй уыцы фæндтæ куы кодта, уæд Ирыстон æмæ ирон адæмы знæгтæм та æндæр, нæ фесафыны фæндтæ уыдис, фæлæ сæ уæд æмбæхстой, ныр «къæрныхтæн» сæ худтæ судзын райдыдтой».

Шамил, бæргæ, тынг хорз зыдта йæ фыдызнæгты, фæлæ уæддæр йæхи бон дæр нæ бацис йæхи бахъахъхъæнын, уымæн æмæ йæ Ирыстоны проблемæтæй не ‘вдæлд ууыл хъуыды кæнынмæ.

Мах, ирон адæм, стырзæрдæ адæм кæй стæм, нæ хуыздæртæй иу – Шамилы бахъахъхъæнын дæр уый тыххæй нæ бацис нæ бон, фæлæ йыл йæ амæлæты фæстæ  Иры хуыздæртæ сабийæ зæрондмæ, куыд фæрыстыстæм, афтæ зынаргъ нын цæмæн уыдис æмæ у, æппæт уыдæттæ ацы аив фæлыст монографийы равдисын йæ бон бацис Мелитонæн.

Кæронбæттæны чиныджы автор фыссы: «Ирыстон æй никуы ферох кæндзæн. Æмæ уымæй дæр хурæргом къахдзæнис нæ фыдызнæгты цæстытæ».

Чиныджы ис фараст сæры: 1) «Лæджыхуызæн лæджы цард»; 2) «Кард фыццаг зæллангæй бæрæг кæны»; 3) «Цæф сæгуыты уды хъынцъым»; 4) «Цард поэзийы ахорæнтæй фæлындзын»; 5) «Ирон сонеты дæсны»; 6) «Драматургийы зæрингуырд»; 7) «Прозæйы тыгъд базыртыл»; 8) «Нывæфтыд дзырды сæрвæлтау æгъатыр тох рæстдзинадыл»; 9) «Саджы фæлгонцæй зæды фæлгонцмæ», разныхас, фæсныхас æмæ спайдагонд литературæйы стыр номхыгъдимæ.

Ирыстоны скъоладзаутæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ, Шамилы цард æмæ сфæлдыстад ахуыр кæнын райдыдтой,  удыгас ма куы уыд, уæд, фæлæ ныры онг сæ къухы никуы уыд æмбæлон литературæ. Ныр сын Хъазиты Мелитоны ацы монографи стыр ахъаз фæуыдзæнис.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Шамилæн йæхи уацмыстæ дæр æмæ ацы æнæмæнгхъæуæг чиныг дæр хъуамæ уа алы ирон хæдзары дæр, цæмæй нæхи æмæ нæ Фыдыбæстæ фылдæр уарзæм. Фæлæ хъыгагæн, йæ тираж у бынтон цъус – бæрцæй 200 экземпляры.

Чиныг рухс федта Республикæ Хуссар Ирыстон – Аланийы ахуырад æмæ зонады министрады финансон æххуысæй, типографон хæрдзтæ дæр ын уый бакодта. Хорз хъуыддаг у, чиныг бæрц нымадæй дæр рухс кæй федта, уый.

Дзебысаты Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.