27-æм сентябры Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты актон залы цытджын æгъдауæй лæвæрд цыдысты Ирыстоны номдзыд хъæбултæ, ирон литературæйы æрттиваг стъалытæ æмæ патриоттæ Джусойты Нафи æмæ Плиты Грисы номыл национ литературæйы премитæ. 

Нæ республикæйы ацы дыууæ премийы снысан кодта æмæ сæ бындурæвæрæг у хæрзаудæн фонд «Амонд», кæцыйæн йæ сæргъ лæууы Челæхсаты Хъазбег. Ацы хæрзаудæн фонд арæзт æрцыд не ‘мзæххон, Къуыдаргомæй ацæугæ, йæ радтæг адæмы æцæг патриот æмæ уæздан лæг Хуыгаты Ростикы хъæппæрисæй. Уый ныртæккæ цæры горæт Самарæйы æмæ у æхсæнадон организаци «Союз народов Самарской области»-йы сæргълæууæг, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы кадджын аразæг. Уый ма бирæ азты дæргъы сæрдариуæг кодта националон-культурон центры ирон диаспорæ «Алани»-йæн. Хуыгаты Ростикæн куыд йæ бон у, афтæ лæггад кæны йæ ирон адæмæн.

Цытджын мадзалы куыд банысанчындæуыд, афтæмæй ацы премитæ Хуыгайы фырт снысан кодта мадæлон æвзаг, ирондзинад парахат кæныны тыххæй, Джусойты Нафи æмæ Плиты Грисы хуызæн зынгæ æмæ ахуыргонд адæймæгты номæн æнустæм кад кæныны сæраппонд.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Джусойты Нафийы номыл преми райсыны фæдыл конкурсы жюрийы тæрхонмæ сæ куыстытæ бавдыстой куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фысджытæ дæр. Æмæ та ныр фæбæрæг сты уæлдæрбанысангонд премиты лауреаттæ.

Цытджын премитæ дæттыны церемонийы хайад райсынмæ æрцыд Хуыгаты Ростик йæхæдæг дæр æмæ йыл мадзалмæ æрбацæуджытæ райзæрдæйæ сæмбæлдысты. Ардæм ма æрбацыдысты нæ республикæйы хицауады сæрдар Джуссойты Константин, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Къадзты Гено, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, Джуссойты Нафийы хо Клавдия, интеллигенци æмæ æхсæ-нады минæвæрттæ, университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ. Мадзалы ма хайад райстой Цæгат Ирыстоны делегацийы уæнгтæ, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Уататы Зелимы сæргълæудæй.

Цытджын мадзал байгом «На-фийы зарæг»-æй, кæцыйæн йæ ныхæсты автор у Челæхсаты Хъазбег æмæ йæ аив сæххæст кодта Дзауы районы Хуыцъейы культурæйы хæдзары цур вокалон-инструменталон ансамбль «Нартæ». Ацы зарæджы ныхæстæм хъусгæйæ, адæймаджы цæстытыл ауадис Нафи, зæрдыл æрлæууыдысты йæ куырыхон æмæ арфхъуыдыджын ныхæстæ, йæ мидбылхудт…

Сценæмæ хуынд æрцыдис хæрзаудæн фонд «Амонд»-ы директор Челæхсаты Хъазбег. Уый арфæ ракодта мадзалмæ æрбацæуджытæн, бузныджы ныхæстæ загъта Хуыгаты Ростикæн дæр, стæй æрдзырдта преми снысан кæныны историйыл. «Ирон æвзаджы бæрæгбон махæн хъуамæ уа, Хетæджы æмæ Джеры дзуæрттæн куыд фæкувæм, афтæ. Нæ абоны цытджын бæрæгбон уадзæм фæндзæм хатт. Фыццаг хатт Нафийы премитæ радтам 2016-æм азы. Премийы хайадисджытæ сæхи фæлвæрдтой поэзи, прозæ æмæ публицистикæйы жанрты», – загъта уый. Ранымадта, премийы лауреатттæ чи систы, уыдоны нæмттæ, банысан кодта, преми лæвæрд кæй цæуы æртæ азы иу хатт, афтæ ма радзырдта Нафи æмæ Грисы тыххæй йæ мысинæгтæ.

Джусойты Нафийы номыл национ литературæйы 3-аг премитæ радтыны тыххæй сценæмæ хуынд æрцыдис Уататы Зелим. Уый бæрæгбоны цытæн арфæ ракодта конкурсы æппæт хайадисджытæн æмæ бахатыд æппæтмæ дæр, цæмæй, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтаиккой, Донбассы уагъдцæуæг сæрмагонд операцийы чи фæмард, уыцы ирон хъайтарты рухс нæмттæ. Уататы Зелим банысан кодта мадзалы егъау нысаниуæг æмæ стыр бузныджы ныхæстæ загъта Хуыгаты Ростикæн. «Стыр лæгдзинад æвдисынц, мæнæ ацы премиты мадзал чи сарæзта, уыдон. Хуыгаты Ростикæн стыр бузныджы ныхæстæ зæгъын, йæ Ирыстоныл афтæ йæ зæрдæ кæй риссы æмæ йæм стыр уарзондзинады цæстæй кæй кæсы, уый тыххæй», –  загъта Уататы Зелим. Уый фæстæ æрыгон фысджытæ Гæболты Эдуард æмæ Бестауты Аланæйæн цытджын æгъдауæй радта премитæ. Гæболты фырт бузныг загъта жюрийы уæнгтæн, ахæм аргъ ын кæй скодтой йæ куыстæн æмæ Нафийы хуызæн стыр адæймаджы премийы лауреат кæй ссис.

Нафийы номыл 2-аг премийы лауреаттæ та систы фысджытæ Бекъойты Майя (Хуссар Ирыстон) æмæ Тъехты Валентин (Цæгат Ирыстон). Ацы дыууæ фыссæджы та премитæй схорзæхджын кодта Хуыгаты Ростик. Уый арфæ ракодта конкурсы хайадисджытæн æмæ ба-нысан кодта, уæлдай æхсызгон ын кæй у, фæсивæд ирон æвзаг кæй уарзынц æмæ ирон литературæ се сфæлдыстадæй кæй бæркадджын кæнынц, уый.

Джусойты Нафийы номыл национ литературæйы 1-аг преми та лæвæрд æрцыдис хуссарирыстойнаг фыссæг Остъаты Аланæн æмæ йыл адæм сæмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдимæ. Ацы кадджын преми уый райста РХИ-йы хицауады сæрдар Джуссойты Константины къухтæй. Хицауады сæрдар йæхи æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй арфæ æмæ стыр бузныджы ныхæстæ загъта Хуыгайы фыртæн йæ хæрзиуæгон хъуыддаджы тыххæй æмæ йын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ фæрныгад. Преми райсыны рæстæджы Остъаты Алан стыр бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы æппæт организатортæн æмæ банысан кодта, сæрыстыр кæй у, ахæм стыр хорзæхы аккаг кæй ссис æмæ йын уымæй кæй кад кæнынц. «Мæнæн тынг æхсызгон у, абон университеты агъуысты мæ хорзæх кæй райстон, уый. Мæнæн ирон æвзаг æмæ литературæ амыдтой Хуыгаты Илья, Плиты Гацыр, Битарты Зоя, Цхуырбаты Лизæ, Медойты Боболкæ. Ме студентон бонтæ райдыдтой, Ирыстон уæззау уавæры куы уыдис, уæд. Университеты рæзты мæ куыстмæ куы фæцæйцæуын, уæд тынг бахæлæг кæнын ныры студенттæм, ахæм диссаджы ногарæзт университеты кæй ахуыр кæнынц æппæт уавæртимæ», – загъта Остъайы фырт. Уый дæр бузныг загъта  Хуыгаты Ростик æмæ Челæхсаты Хъазбегæн сæ архайды тыххæй.

Остъаты Алан Джусойты Нафийы номыл преми райсыны фæдыл конкурсмæ бавдыста 1920-æм азты ирон адæмы геноциды темæйыл фыст чиныг «Сау тымыгъ». Чиныджы фыццаг хайæ та геноцидыл 100 азы сæххæсты цытæн ныффыста пьесæ «Фæстаг æвдисæн» æмæ æвдыст æрцыдис нæ театры сценæйыл дæр. Хуссарирыстойнаг театрдзаутæ спектаклыл сæмбæлдысты зæрдиагæй.

Премитæ дæттыны цытджын мадзалы ма арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Джусойты Нафийы хо Клавдия. Уый йæ раныхасы банысан кодта сæрыстыр кæй у мадзалæй. Йе ‘фсымæры ном ын бæрзонд кæй исынц æмæ йын аккаг аргъ кæй кæнынц, уымæй æгæрон бузныг кæй у, æмæ уый фæстæ Плиты Грисы номыл премитæ радта нæ университеты ирон филологи æмæ театралон факультеты студенттæ Æлборты Луизæ æмæ Тедеты Игорæн.

Джусойты Нафийы номыл национ литературæйы премийы уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты æхцайы премитæй. Ацы аз сæ бæрц уыдис фылдæр. Фыццаг бынатæн лæвæрд æрцыдис 200 мин сомы, дыккагæн та 150 мин сомы æмæ æртыккагæн та – 100 мин сомы.

Хуыгаты Ростик нын йæхæдæг куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Нафийы номыл преми уыдзæнис æдзухон. «Мæнæн тынг æхсызгон у нæ ирон адæм ацы конкурсы хайад кæй райсынц, уый. Абон æз ацы мадзалы ахæм стыр æхцондзинад райстон æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Уымæн æмæ иууылдæр дзырдтам нæ хъæздыг æмæ рæсугъд мадæлон æвзагыл. Æхсызгон ма мын уыдис уый æмæ дзы æрыгон фысджытæ дæр премиты аккаг кæй систы. Мах нæхæдæг не ‘взагæн куы нæ кад кæнæм, уæд æндæрты та цæмæн хъæуы? Мах, Самарæйы чи цæрынц, уыцы ирæттæ æрвылаз дæр хæларæй банысан кæнæм мадæлон æвзаджы бæрæгбон, ирон традицион бæрæгбонтæ, афтæ ма йæ фыдæлтæ кæмæн цы дзуæрттæм куывтой, уыцы дзуары бонтæ дæр ирон æгъдаумæ гæсгæ саразæм. Кæрæдзийыл хæцæм æмæ нæ рагфыдæлты традицитæ нæ рох кæнæм. Уый у стыр кад æмæ амонд. Самарæйы цæрæг ирæттæ Дзæуджыхъæуы ирæттæй хуыздæр дзурынц иронау, афтæ стæм нæ мадæлон æвзагыл», – банысан кодта Ростик.

Цытджын мадзал ахицæн ирон музыкæйы æхцон зæлтæй æмæ уый фæстæ адæм, зæрдылдарынæн, премиты лауреаттимæ систой  хъæлдзæг къамтæ дæр.

Цхуырбаты Лариса

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.