РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик уыд горæт Къуайсайы æмæ базонгæ донбылтæфидаргæнæн куыстыты цыдимæ, цыран цæугæдон Стырдон арæх раивыны æмæ доны бын фæкæны донбылгæрон территори. Фæстаг хатт æрдзон æнамонддзинад æрцыд 2017 азы июны мæйы. Уæд цæугæдон тынг раивылд æмæ аласта бетон къулы, фехæлдта фæндаг, разианчындæуыд электроэнерги адæттæн хæххытæн. Уый фæдыл республикæйы Хицауад уынаффæ райста уалдзыгон донивылдтыты райдианмæ донбылгæрæтты фидаргæнæн куыстытæ сæххæст кæнын.

Азылды рæстæджы Хицауады Сæрдар федта объекты æмæ аныхас кодта кусджытимæ, кæцытæ иууылдæр сты бынæттон цæрджытæ. Уый ма бацымыдис кодта, цы рæстæгмæ фæуыдзысты донбылты фидаргæнæн куыстытæ, уымæ. РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард журналисттæн куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ цæугæдоны донбылгæрæттæ сфидар кæныны тыххæй уынаффæ ист æрцыд ивгъуыд аз тыхджын донивылдтыты фæстæ. «Ныртæккæ ацы бынаты æххæст цæуынц донбылтæ фидаргæнæн куыстытæ. Подрядон организаци цæугæдоны донвæд  фæивта æндæруылты. Уый фæстæ сæххæст кодтой зæххы куыстытæ æмæ ныккалдтой быцæугæнæн къулы бындур. Ныртæккæ куыст цæуы уæззау блоктæ æмбырд кæныны фæдыл, кæцытæн уыдзæн инерцион нысаниуæг. Уæлейæ сæ сфидар кæндзысты монолитон æфсæнбетонон ронæй. Уыдон сты донбылгæрæттæ фидаргæнæн куыстыты фыццаг этап», – радзырдта Зæгъойты Эдуард.Министры ныхæстæм гæсгæ, куыстыты аргъ у 39 милуан сомы бæрц. Зæгъойы фырт ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ республикæйы къухдариуæгад зонгæ у уавæримæ æмæ ныртæккæ куыст цæуы фæрæзтæ самал кæныныл иннæ проблемон фадгуыты сфидар кæныны тыххæй дæр. Донбылтæ фидаргæнæн куыстытæ æххæст æрцыдысты 250 метры дæрддзæгæн, фæлæ фадыджы хистæр Зассеты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, уый фаг нæу. «Ныртæккæ фидаргонд æрцыдысты 250 метры бæрц донбылгæрæттæ, фæлæ уый у цъус, уымæн æмæ ногæй дон тыхджын куы раивыла, уæд ныр та дон тынгдæр  акæлдзæн галиуварсырдæм æмæ  тас у рахис донбылгæрон уæвæг Уæлвæткон уавæрты бæстыхайæн, уырдæм æввахс хæдзæрттæн», – бамбарын кодта Зассеты Владимир.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, донбылтæ фидаргæнæн куыстытæ хъæуы сæххæст кæнын хиды онг, цæмæй тас мауал уа дон ракæлынæй.

«Мах раздæр дæр дзырдтам, зæгъгæ, куыстытæ хъæуы сæххæст кæнын хиды онг. Уый тыххæй бахъæудзæн 110 милуан со-мы. Ныртæккæ, цы 250 метры фадыг фидар æрцыд, уый бахынцгæйæ ма баззад 750 метры, кæцыты æнæмæнгæй хъæуы сфидар кæнын. Афтæ куынæ саразæм, уæд сæххæстгонд куыс-тытæ дæр æнæхъуаджы фæуыдзысты», – банысан кодта уый.

РХИ-йы Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.