РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы разамындæй уагъд æрцыд Паддзахадон унитарон куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайд бæстон кæныны фæдыл Æхсæнведомствæйон къамисы æмбырд.  Æмбырды хайад райстой экономикæйы райрæзты министр Кокойты Геннади, йæ уынаффæгæнджытæ Вера Денк æмæ Павел Ковальский, Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон фæсауæруæцты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тедеты Руслан, Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Бекъойты Геннади, афтæ ма районты администрациты æмæ паддзахадон унитарон куыстуæтты къухдариуæггæнджытæ.

Кокойты Геннади цыбыртæй æрныхас кодта, паддзахадон унитарон куыстуæттæн цы нысаниуæг ис республикæйы экономикæйы райрæзты хъуыддаджы, ууыл.

«Паддзахадон унитарон куыстуæттæ арæзт цæуынц куысты бынæттæ фылдæр кæнын æмæ экономикон архайд ифтонг кæныны, афтæ ма паддзахадон бюджет баххæст кæныны нысанæн. Æххæсткæнынадон хицауад хъуамæ контрол кæна уыдонæн сæ хæдзарадон архайдыл», – банысан кодта министр.

Кокойты Геннадийы ныхæстæм гæсгæ,  абоны бонмæ  Хъалонтæ æмæ æмбырды фиддонты комитеты цы 50 паддзахадон унитарон куыстуаты регистраци æрцыд, уыдонæй æрмæстдæр 32 куыстуаты бавдыстой сæ куысты фæдыл хыгъдтæ.

«Стыр дызæрдыггаг сты куыстуæтты планон куысты фæстиуджытæ, уымæн æвдисæн у, паддзахадон бюджетмæ цы æхцайы фæрæзтæ æрбацыдысты, уыдоны динамикæ. Бахæссын хъæуы паддзахадон унитарон куыстуæтты архайдмæ коррективæтæ, цæмæй къухдариуæггæнджытæ фылдæр бæрндзинад æнкъарой сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнгæйæ», – загъта Кокойты Геннади.

«Æппæт уыцы ивындзинæдтæ фыст æрцæудзысты, уагдæтты æмæ паддзахадон унитарон куыстуæтты къухдариуæггæнджыты ‘хсæн къухтæ цы бадзырдтыл фыст æрцæудзысты, уыдоны. Афтæмæй куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайды фæстиуджыты тыххæй сæ персоналон бæрндзинад фæфылдæр уыдзæн къухдариуæггæнджытæн», – банысан кодта уый.

Пухаты Эрик паддзахадон унитарон куыстуæтты къухдариуæггæнджыты хъусдард аздæхта æххæсткæнынадон дисциплинæ хъахъхъæныны ахсджиагдзинадмæ, афтæ ма хыгъдтæ æмæ 2018 азæн плантæ ацы азы 15 декабры æмгъуыдмæ бавдисынмæ. «Паддзахадон унитарон куыстуæттæ сты паддзахадон бюджет фылдæр кæныны амал. Сæ къухдариуæггæнджытæ æппæт дæр хъуамæ саразой, цæмæй сын уа хуыздæр фæстиуджытæ. Сæ фæстиуæгджын архайдæн сын, фыццаджыдæр, аргъ кæндзыстæм бакæнгæ куыстмæ гæсгæ. Уымæ гæсгæ, ахсджиаг у, цæмæй рæстæгыл лæвæрд цæуой æнæмæнгхъæуæг документтæ. Афтæ куынæ уа, уæд ист цæудзысты карз мадзæлттæ, ахæм куыстуæтты къухдариуæггæнджыты сæ куыстæй дæр ссæрибар кæнгæйæ», – банысан кодта Пухаты Эрик .

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.