РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик бабæрæг кодта, Паддзахадон драмон театры бæстыхайы арæзтадон куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уый.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады, капиталон арæзтады управленийы æмæ подрядон организациты къухдариуæггæнджытимæ Хицауады Сæрдар лæмбынæг базонгæ, монтажгонд цы сценæ æрцыд, уый техникон фадæттимæ, куыд æвæрд цæуынц астæрд æмæ рухсыты ифтонгад.

Нысан æрцыд, цы арæзтадон æрмæджытæй пайда кæнынц, уыдон æрмæст эстетикон кæй не сты, фæлæ ма сты фидар æмæ экологон æгъдауæй æдас.

Ныхас ма цыд  сценæйы æмæ рухсыты вазыгджын ифтонгадыл, Уастырджийы фæлгонц раивыныл, канонон афыстæн дзуапп кæй нæ дæтты, уымæ гæсгæ, афтæ ма Паддзахадон драмон театры арæзтадон куыстытæн хыгъдон документаци рæстæгыл арæзт кæй не ‘рцыд, уый аххосæй кæй фæстиат кæнынц, ууыл.

«Цæмæй дарддæр куыстытæ æнæкъуылымпыйæ финансгонд цæуой, уый тыххæй æнæмæнгхъæуæг у бакæнгæ арæзтадон куыстытæ дырысæй сбæлвырд кæнын», – банысан кодта Пухаты Эрик æмæ подрядонтæй æрдомдта, цæмæй ацы проблемæмæ активонæйдæр æркæсой.

Хицауады Сæрдар æрдомдта, цæмæй саразой бæстон график, цыран хъуамæ нысан æрцæуой куыстыты æрвылбонон гуырахст æмæ сæ сæххæст кæныны æмгъуыд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.