Мыхуыры рацыд РХИ-йы сгуыхт журналист Гæззаты Иваны чиныг «Публицистикæ», зæгъгæ. Чиныгмæ хаст æрцыдысты журналисты уацтæ алыгъуызон темæтыл: политикæ, хæстон цаутæ, хъæууон цард, актуалон æмæ ахсджиаг проблемæтæ, очерктæ æмæ æнд.

Гæззаты Иван райгуырд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы. Чысылæй бауарзта журналисты куыст æмæ абоны онг дæр йæ фыссæн сисæй лæггад кæны Ирыстонæн. Йæ фыццаг уац «Кæдмæ?», зæгъгæ, мыхуыры рацыд газет «Советон Ирыстон»-ы 1970 азы. Уæд ахуыр кодта 8-æм къласы. Ацы уац ныффыссынмæ йæ сразæнгард кодта йæ мады уайдзæф, Астæуккаг Дменисы æхсæз мæйы дæргъы æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ электрон рухс кæй нæ уыд, уый фæдыл. «Иу изæр мæ мад йæ зылдтытæ бакодта æмæ мын талынг хатæнмæ æрбахизгæйæ мæстыйæ бауайдзæф кодта, зæгъгæ, аст азы цæмæн ахуыр кодтай, кæд газетмæ иу уац ныффыссын дæ бон нæу, уæд. Мæ мады уайдзæфтæ мæм афтæ тынг бахъардтой æмæ рудзынджы фарсмæ бадгæйæ, ныффыстон критикон чысыл уац æмæ йæ нæ сыхагæн рарвыстон редакцимæ. Цалдæр боны фæстæ мæ уац ныммыхуыр кодтой газет „Советон Ирыстон“-ы. Фондз боны фæстæ та нæ хъæумæ æрбацыдысты ГЭС æмæ Цхинвалы районы разамонджытæ. Уацы фæрцы проблемæ иуварсгонд кæй æрцыд, уый тыххæй мын фæарфæтæ кодтой хъæуы цæрджытæ», — радзырдта Гæззаты Иван.

Уыцы хъуыддаг сразæнгард кодта Иваны æмæ йæ фыссæн сис абоны онг дæр йæ къухæй нал ахауд. Фыста хъæууон хæдзарады къабазы алы фарстытыл дæр, куыд, зæгъæм, колхозы æнтыстытыл, цухдзинæдтыл, фыста хъæууон культурæйы цардыл дæр. Куыста Дзауы районон газет «Дзау»-ы уацхæссæгæй. Уыцы рæстæджы арæзт цыд Ручъы фæндаг æмæ-иу йæ арæзтадыл арæх ныффыста информацитæ. Фæстæдæр Гæззайы фырты йæ хъысмæт ахаста Кæройнаг Цæгатмæ горæт Норильскмæ. Кусын райдыдта Хæххон-Металлургон компани «Норильский никель»-ы. Фæлæ Цæгаты кусгæйæ æхсæв йæ фынты дæр йæ Райгуырæн Ирыстоны уыдта. Нал бафæрæзта æнæ йæ райгуырæн къуым æмæ фæстæмæ æрыздæхт йæ уарзон Ирыстонмæ. 2012 азы кусын райдыдта газет «Хурзæрин»-ы культурæйы хайады редакторæй æмæ абоны онг дæр кусы ацы хайады. Уал азы дæргъы ныффыста бирæнымæц уацтæ, радзырдтæ.

Йæ уац «Къахыр зæрдæты рыст» бакæсгæйæ, адæймаджы зæрдæ ныккæрзы. Дменисы хъæуы амондджыныл нымад уыдысты Уалыты Ефремы бинонтæ, фæлæ сæ цард æмбойны æрбайхæлд. Ефрем æмæ йе ’мкъай Тамарæ хъомыл кодтой дыууæ лæппуйы æмæ иу чызджы, фæзынд сын цыппæрæм хъæбул — Маирбег дæр. Сæ лæппутæй иу чысылæй амард. Хъæбулы маст арс дæр нæ уромы æмæ бинонты трагедийæн дзыхы ныхæстæй зæгъæн дæр нæ уыд. Фæлæ сæм разæй æнхъæлмæ каст ноджы стырдæр трагеди. Бинонтыл бахæцыд рæуджыты низ æмæ цардæй ахицæн Ефрем. Уый фæстæ та — йæ дыууæ лæппуйы, йæ чызг, йæ цардæмбал, йе сиахс æмæ йæ чызджы лæппу. Абон ма Ефремы хæдзарвæндагæй сæрæгас сты сæ чындз æмæ сæ дыууæ хъæбулы хъæбулы. Фæлæ уыдон дæр зивæггæнгæйæ æрбацæуынц кæддæры амондджын хæдзармæ æмæ Дменисы хъæуы дыууæуæладзыгон бæстыхай æнкъардгъуызæй, саудалынгæй лæууы…

Уац «Æмæ дзы цæрдзыстæм»-ы та дзуры Бахъатыхъæуккаг Табуты бинонты трагикон хъысмæты тыххæй. Табуты Исидор йæ цард баиу кодта дзæуджыхъæуккаг Хуыппеты Ирæимæ, фæлæ сын хъысмæт амондджын цард не схай кодта. Бæргæ сын райгуырд дыууæ чызджы, фæлæ кæстæр чызг амонды гуырд нæ фæцис æмæ цардæй ахицæн хæрзчысылæй. Хистæр хо тынг мысыд йæ кæстæр хойы, фæрынчын æмæ уый дæр амард. Исидор æмæ Ирæйæн сæ цард зын-дон фестад… Фæлæ сын уæдмæ Хуыцауы цæст бауарзта ноджы иу лæппу æмæ иу чызджы, фæлæ… Сæ чызг смой кодта Джио-тæм æмæ йын райгуырд дыууæ чызджы. Уыдоны фæстæ сын фæзынд æртыккаг чызг дæр. Фæлæ мад йæ хъæбулты хурæй нæ бафсæст, афтæмæй цардæй ахицæн æв-зонгæй. Йæ афæдз нæма ацыд, афтæмæй та Табуты хæдзармæ ногæй сау халон ба-уасыд… Исидор æмæ Ирæйы лæппу Дзæуджыхъæуы фæмард трагикон æгъдауæй æмæ йæ мард ласгæ фæцис Бахъатыхъæумæ…

Уац «Æнæфæцудгæ удыхъæд»-ы автор равдыста æвзонг чызджы фидар удыхъæды тыххæй. Чызг фæрынчын ракæй, фæлæ йæм уыйас хъару разынд, æмæ йæ низыл фæтых. Сылгоймаг абон дæр у сæрæгас.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Иваны фыст уацтæй алкæцыйы дæр чиныгкæсæг бакæсдзæн стыр цымыдисæй, цалынмæ йæ кæронмæ бакæса, уæдмæ чиныг йæ къухæй нал айсдзæн. Автор йæ уацты бавæрдта йæ уды хъарм æмæ арф хъуыдытæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Гæззайы фырты фыст аргъау «Йæ зивæджы — йæ мæлæт» хаст кæй æрцыд, 2008 азы РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ зонады министрад астæуккаг скъолаты 2-æм кълæсты ахуырдзаутæн цы «Кæсыны чиныг» рауагъта, уырдæм (йæ аразджытæ сты Бесолты Ларисæ æмæ Будайты Милуся). 2014 азы та РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ зонады министрад астæуккаг скъолаты 3-аг кълæсты ахуырдзаутæн цы «Кæсыны чиныг» сфидар кодта, уырдæм хаст æрцыд Иваны фыст радзырд «Аланы къæбыла» (чиныг аразæг Хъантемыраты Риммæ). 2013 азы Гæззайы фыртæн мыхуыры рацыд публицистон уацты чиныг «Стъæлфæнтæ» æмæ 2017 азы та — «Радзырдтæ сывæллæттæн». Ацы чиныг ын у æртыккаг рауагъд.

Фæнды мæ æрдзурын Иванæн йæ удысконды тыххæй. Уый у æнахуыр хæларзæрдæ, æнæхин æмæ æмгаруарзаг адæймаг.

Нæ уарзон æмкусæгæн нæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ йæ бинонтимæ амондджын цард. Бантысæд дын фылдæр балæггад кæнын дæ уарзон Ирыстоны журналистикæйæн!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.