Ныртæккæ Джиоты Аланы проспекты кæрон къæвдайы донцæуæн  хæтæл ивыны фæдыл цæуынц куыстытæ. Арæзтадон куыстытæ æххæст кæнынц паддзахадон унитарон куыстуат «Югстройинвест»-ы кусджытæ. Ацы куыстытæм æрæвнæлдтой Президент Гаглойты Аланы бахæсмæ гæсгæ.

Районы цæрджытæ тынг тыхстысты, къæвда бонты-иу дон фæндагыл кæй ракалд, уымæй. Уыдон куыд дзурынц, уымæ гæсгæ-иу сæ  ныккæндтæ байдзаг сты къæвдайы донæй, æмæ-иу цæрджытæн сæвзæрын кодта проблемæтæ. Къæвдайы донæй ма тынг тыхстысты сывæллæтты 10-æм рæвдауæндоны кусджытæ æмæ ныййарджытæ. Уыдон куыд радзырдтой, афтæмæй-иу къæвда уарыны рæстæджы дон фæндагыл цыдис æмæ  сын сывæллæтты рæвдауæндонмæ бакæнын зын кодта. Бирæ азты дæргъы районы цæрджытæ раздæры къухдариуæггæнджыты дæр зонгæ кодтой сæ иумиаг проблемæимæ, фæлæ, хъыгагæн, сæ фарст абоны онг скъуыддзаг не ‘рцыд.

Æрæджы йæ кусæгон балцы рæстæджы Президент Гаглойты Аланы цæрджытæ бынаты базонгæ кодтой ацы районы æппæт проблемæтимæ. Фембæлды рæстæджы бахатыдысты, цæмæй сын сæ аскъуыддзаг кæныны бахуысс кæна. Президент бахæс кодта аразджытæн, цæмæй æввахс рæстæджы æрæвналой фарст аскъуыддзаг кæнынмæ æмæ рæстæгыл æрæвналой  арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстытæм.

Нæ республикæйы Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитеты сæргълæууæг Гæбæраты Алан куыд загъта, афтæмæй къæвдайы донцæуæн хæтæлтæ ивд æрцæудзысты Джиоты Аланы проспекты кæронæй Гудзабары хъæуы онг. Канализацион хæтæлтæ æрластой Казанæй.

«Ауадздзыстæм сæ Гудзабары хъæуы сæрæй суанг Кобылы æмæ Сиукъайы  фыртты уынгты онг, уым баиу уыдзысты Джиоты Аланы проспекты æвæрд хæтæлимæ. Æмæ къæвда боны нал тыхсдзысты фистæгæй цæуджытæ.

Ацы куыст кæронмæ куы бакæнæм, уæд та æрæвналдзыстæм фæндаджы хæрзарæзтадмæ», – загъта Гæбæраты Алан. Уый ма нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй æппæт ацы куыстытæ хъавынц  дыууæ мæйы æмгъуыдмæ сæххæст кæнын.

Куыстытæ æххæст цæуынц сæхи тыхтæй. Гæбæраты Алан ма нын радзырдта, зæгъгæ, сæм куыстагур бацæуынц бынтон æвзонг фæсивæд, кæцыты бафæнды сæрдыгон улæфтбонты рæстæджы æхца бакусын, сæ уавæры бацæуынц æмæ сæ  рæстæгмæ райсынц куыстмæ.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.