РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ Сербаг Босни æмæ Герцоговинæйы Республикæйы сæргълæууæг Милорад Додик баныхæсты рæстæджы уынаффæ кæндзысты Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Сербийы ‘хсæн дыууæфарсон æмгуыстады фарстытыл.

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ Милорад Додикы фæхуындмæ гæсгæ Бибылты Анатоли 8-13 январы официалон визитимæ ис Республикæ Сербийы, цыран хайад райсдзæн 9-æм январы нысанцæуæг Республикæйы боны цытæн цытджын мадзæлтты.

«Уæлдæр æмвæзады баныхæсты рæстæджы æркастæуыдзæн алыгъуызон фадгуыты дыууæфарсон æмгуыстады фарстытæм, афтæ ма кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ фехъусын кæндзысты сæйраг регионалон æмæ дунеон проблемæты фæдыл», – банысан кодтой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады. Уымæй дарддæр ма, баныхæсты фæстиуджытæм гæсгæ планчындæуы дыууæфарсон документтыл къухтæ æрфыссын дæр.

Хуссар Ирыстоны официалон делегацийы сконды сты РХИ-йы Президенты Адми-нистрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ æндæртæ.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Республикæ Сербимæ Хуссар Ирыстоны Президенты визитыл кæй уынаффæ кодтой 2017 азы июны мæйы Санкт-Петербурджы дунеон экономикон форумы Бибылты Анатоли æмæ Милорад Додикы фембæлды рæстæджы. Хуссар Ирыстоны Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Санкт-Петербурджы фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ фæрстæ фæнд кæнынц хæларадон ахастытæ саразын. «Хуссар Ирыстоны фæнды Республикæ Сербиимæ ахастытæ саразын. Махæн ис æмхуызон хъысмæт, нæ адæмтæ æмбæлдысты иугъуызон проблемæтимæ», – загъта уæд Бибылты Анатоли.

Уымæй дарддæр ма, план цæуы республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон» æмæ Сербийы Хæдбар социал-демократты цæдисы ‘хсæн æмгуыстады тыххæй Суагъæйыл къухтæ æрфыссын. Бибылты Анатолийæн ма къорд фембæлды уыдзæн Сербийы столицæ Белграды дæр.

Милорад Додик дæр равдыста йæ цæттæдзинад Хуссар Ирыстонимæ бастдзинæдтæ саразыны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныгуылæйнаг бæстæтæ æндавынц Республикæйыл, кæцы тырны рæзынмæ, куыд хæдбар паддзахад, афтæ.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.