25 марты бæстæйы президент Гаглойты Алан дзыллон информацийы фæрæзтæн радта йæ фыццаг пресс-конференци. Фарстатæн сæ фылдæр хай баст уыдысты Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путинимæ фембæлдимæ, æмæ ма журналистты цымыдис кодтой нæ республикæйы ахсджиаг проблемæтæ куыд социалон-экономикон фадыджы, афтæ  æндæр къабазты дæр.

Йæ кусæгон балцы фæдыл бæстон æрдзургæйæ Гаглойты Алан банысан кодта, Уæрæсе нæ æрыгон республикæйæн кæй у сæйраг стратегион партнёр, нæ адæм рагæй кæй равзæрстой æмæ сæ хъысмæт кæй бæттынц æрмæстдæр Уæрæсеимæ.

Президенты фыццаг пресс-конференци

«Путины кой куы кæнæм, уæд ам йæ хъуыды иууыл комкоммæдæр загъта Вячеслав Володин – «Ис Путин – ис Уæрæсе, нæй Путин – нæй Уæрæсе». Æз ма йæм ноджы бафтаудзынæн – Путин куы нæ уыдаид, уæд абоны бон нæдæр Республикæ Хуссар Ирыстон уыдаид, нæдæр Республикæ Абхаз. Уæрæсейы лидер бирæ азты дæргъы сфидар кодта бæстæйы хихъахъхъæнынхъомдзинад, бæрæг фæхуыздæр кодта фæллойгæнджыты хъæздыгдзинады рæзт æмæ адæм дæр йе ‘нцой уымæн лæууынц. Путины æххуыс Хуссар Ирыстонæн егъау у, йæ фæрцы нæ ныфс ис, нæ фидæны къахдзæфтæ иумæ кæй араздзыстæм. Нæ республикæйы цæрджытæ сæ зæрдæтæ никуы сивтой Уæрæсейыл æмæ уыцы хъуыддаг Путин дæр хорз зоны. Фембæлды рæстæджы мын комкоммæ загъта, зæгъгæ, Ирыстоны адæмыл æууæндын: хъомысджын паддзахады къухдариуæггæнæджы ахæм аргъ хуымæтæджы нæу».

Æдасдзинад

Фембæлды рæстæджы фыццаградон уыдысты нæ республикæйы æдасдзинады фарстатæ, уымæн æмæ ныры хæццæ дуджы хибахъахъхъæнын сæйрагдæр у.

«Мах лæмбынæг нæ хъус дарæм дунейы геополитикон уавæрмæ æмæ нæ регионы та – æппæтцæуæг процесстæм. Уæлдай тынгдæр нæ катайы æппары нæ хуссайраг сыхаг, йæ мидæггагон политикон цаутæ æвзæрын кæнынц æндыгъддзинад. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ АИШ кæй архайы дыккаг фронт æрбакæныныл. Уымæ гæсгæ Путинимæ фыццаграды æрдзырдтам æдасдзинады фарстатыл. Алчидæр æй зоны, нæ арæнтæ нын кæй хъахъхъæнынц уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ. Дарддæр дæр æнæмæнг фидар кæнын хъæуы нæ хъахъхъæнынады министрады хæстхъомдзинад, фæфылдæр кæнын ын хъæуы йæ хæстонты нымæц. Путинимæ ацы фарстатæ аскъуыддзаг кодтам æмæ йæ фæстиуджытæ фæстæдæр бæрæг уыдзысты», – загъта Гаглойты Алан.

2008 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмахастытæ æнгомæй-æнгомдæр кæнынц. Ныры онг нæм цы арæзтадон куыстыты процесс цыд, уый дарддæр хъуамæ ахиза æндæр æмвæзадмæ – экономикон æмгуысткæнынадмæ. Статистикæ йæ куыд æвдисы, афтæмæй 2022 азы дыууæ бæстæйы ‘хсæн товарты æрзылды гуырахст фæфылдæр 12 % бæрц æмæ нæ дарддæр дæр ныфс ис, Уæрæсейы фæрцы кæй цæудзæнис размæ нæ республикæ. Путин куыд зæгъы, афтæмæй дыууæ паддзахадæн ис сæрмагонд æмахастытæ æмæ сæ дарддæр хъæуы фидар кæнын.

Хæстонтæн æххуысы фæдыл æхсæнадон организаци

Æрæджы дзырд цыд æхсæнадон организаци саразыныл, кæцы хъуамæ æххуыс кæна Украинæйы уæвæг хæстонтæн æмæ сæ бинонтæн. Президенты ныхæстæм гæсгæ ахæм организаци æввахс рæстæджы регистрацигонд æрцæудзæнис æмæ æрæвналдзæнис йæ хæстæ æххæст кæнынмæ.

«Æввæццæгæн иу къуырийы æмгъуыдмæ æппæт юридикон фарстатæ скъуыддзаг æрцæудзысты æмæ йæ Юстицийы министрад срегистраци  кæндзæнис. Организацийы уагæвæрды комкоммæ фыст уыдзысты, цахæм категорийы æмбæстæгтæн цæудзæнис æххуыс организацийы уылты. Нырыонг дæр æнæхъусдард нæ уыдысты нæ хæстонтæ – æрвыст сæм цæуы гуманитарон æххуыс горæттæй æмæ районтæй, куыд куыстуæттæй, афтæ не ‘мбæстæгтæй дæр. Фæлæ уыцы хæстонтæн ис бинонтæ, хъыгагæн дзы кæмæндæрты баззадис сидзæртæ, идæдзтæ. Æмæ мах хæсджын стæм, цæмæй сæ фарсмæ балæууæм. Æххуыс сын цæудзæнис куыд материалон хуызы, афтæ ма финанстæй дæр».

Арæнтæ

Гаглойты Алан бузныджы ныхæстæ загъта, паддзахадон арæнтæн демаркаци æмæ делимитаци саразынæн цы парламентон къамис арæзт æрцыд, уыдоны бакæнгæ куысты тыххæй.

«Мулдарты Гарри, Остъаты Роберт æмæ къамисы иннæ уæнгтæ колоссалон куыст бакодтой. Хъæуы ма ссарын сæрмагонд специалист, кæцы æрæмбырдгонд информаци æмæ материалты бындурыл сараза картæ. Нæ республикæйы нæй ахæм специалист, нæдæр организаци, кæцымæ ис хъæугæ лицензи æмæ ма йын лæвæрд ис паддзахадон статус дæр. Цыдæриддæр дзы проблемон фарстатæ æвзæра, уыдон скъуыддзаг кæнын хъæудзæнис иумæ æрбадгæйæ, æмæ дзы фидæны политикæ аразын нал хъæуы. Ам банысан кæнын хъæуы уый æмæ Гуырдзыстон ацы процессты хайад кæй нæ исы. Фæлæ æрцæудзæнис рæстæг æмæ нæ æнæмæнг бахъæудзæнис æрбадын Гуырдзыстонимæ арæнты фарстатæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Махæн уæд- Ныр цалдæр мæйы дæргъы информацион тыгъдады нæ мынæг кæны Знауыры районы Мугуты æмæ Чъорбаулы хъæуты проблемæ, ома арæныл æрбахæцыдысты Хуссар Ирыстоны ‘рдæм. Гаглойты Алан куыд æмбарын кæны, афтæмæй хицæн информацион ресурстæ дезинформаци хæссынц адæммæ æмæ æхсæнады хæццæдзинад тауынц.

«Мугут æмæ Чорбаулы цæрджытæ фыстæг ныффыстой арæнхъахъхъæнджытæм, цæмæй арæнтыл сæвæрой «ветеринарон æмбонд» æмæ сæ хæдзарон фос Гуырдзыстоны территоримæ мауал дзæгъæл кæной. «Ветеринарон æмбонд» та фæаразынц тæккæ арæнтыл нæ, фæлæ мидæгдæрты, цæмæй фыййæуттæн æнцондæр уа сæ фос раздахын фæстæмæ æмæ ма арæнхъахъхъæнджыты иварæй дæр сæрхызт уой. Кæцыдæр политикон тыхтæ та ацы хъуыддаг зыгъуыммæ æрзылдтой æмæ райдыдтой цъыф калын, ома бæстæйы разамынад зæххытæ ныууæй кода. Мах бынатмæ дæр ныццыдыстæм, стæй нæхимæ дæр фæхуыдтам ацы хъæуты цæрджыты æмæ сын уавæр бамбарын кодтам. Кæд сæ дарддæр нал хъæуа ацы «æмбонд» æмæ йæ нымайой «зæххытæ ныууæй» кæныныл, уæд æй сисын кæндзыстæм. Иннæ мæйы кæронмæ ацы фарст скъуыддзаг æрцæудзæнис».

Хицауады куысты тыххæй

Æввахс рæстæджы хицаудзинады органты ивындзинæдтæ кæй æрцæудзæнис, уый фæдыл дæр радзырдта бæстæйы сæргълæууæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ ивындзинæдтæ æрцæудзæнис æрмæст министрадты æмæ ведомствоты нæ, фæлæ ма иннæ куыстуæтты дæр.

«Ног хицауады бахъуыд сæ размæ бауадзгæ рæдыдтытæ раст кæныны сæр. Алкæцы хицауад дæр нæм фæстаг азты куыста Инвестпрограммæмæ кæсгæйæ æмæ нæм фарон президентон æвзæрстытæ кæй уыд, уый фæдыл арæзтадон куыстытæ кæнын рæстæгыл нæ райдыдтой. Фæлæ уæддæр бацархайдтам æмæ хъæугæ куыстытæ бабæстон кодтам 97 проценты бæрцæй. Ныр та дарддæр кусдзыстæм ног æртæазон Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Уымæй уæлдай ма нæм æрцыдысты Уæрæсейы федералон казначействойæ æмæ басгæрстой æппæт куыстуæтты дæр. Цы рæдыдтытæ ссардтой, уыцы акт бамбæхстой нæ раздæры къухдариуæгад æрмæст æхсæнадæй нæ, фæлæ ма депутаттæй дæр. Æмæ ма ссаргæ рæдыдтытæ раст дæр не скодтой. Ног Хицауады та бахъуыд æппæт ацы фиппаинæгтæ рараст кæнын, уыимæ ма иумæ оптимизацийы фарстатæ дæр скъуыддзаг æрцыдысты. Хицæн куыстуæтты нæм кадрон ивындзинæдтæ кæй æрцæудзæнис,  уый дæр нормалон процесс у. Ацы къабазы æппæт проблемон фарстатæ кæронмæ бæстон нырма не ‘рцыдысты, фæлæ сыл æппынæдзух архайæм».

Президент ма фехъусын кодта, æввахс рæстæджы нæ республикæйы кæй рай-дайдзысты æххæст кæнын газификацийы проект. Ацы фарст дæр скъуыддзаг æрцыд Путинимæ æмæ 2025 азы кæронмæ æрдзон газ хъуамæ фæхæццæ уа районтæм æмæ æппæт дæрддзæф хъæутæм. «Нæ хъæууон цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн газификаци стыр ахъаз фæуыдзæнис».

Дывæр граждандзинады фæдыл бадзырд

2021 азы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци ратификаци сарæзтой дывæр граждандзинады бадзырдæн. Фæлæ ныр та цæмæй йæ тыхы бацæуа, уый фæдыл Путин хъуамæ бафысса ног Указ йæ реализацийы механизмты тыххæй. Уыцы Указмæ хаст æрцæудзысты гражданты категоритæ, кæцытæн бар уыдзæнис граждандзинады бадзырдæй спайда кæнынæн. Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ ахæм бадзырд тагъд рæстæджы бацæттæ кæндзысты Хъахъхъæнынады министрады хаххыл дæр, цæмæй хуссарирыстойнаг æфсæддон билеттæ дæр Уæрæсейы территорийыл нымад цæуой.

***

Дзабиты Иналы амæлæты фæстæ нæ республикæйы æхсæнады ис æндыгъддзинад, трагедийæн уыдис уæззау фæстиуджытæ. Абоны онг уголовон хъуыддаг кæронмæ конд нæма æрцыд. Президенты ныхæстæм гæсгæ ныридæгæн развæлгъау фæдæвзарæн куыстытæ кæронмæ бахæццæ сты æмæ семæ зонгæ кæнынц дыууæ фарс дæр. «Иу мæйы æмгъуыдмæ материалтæ хъуамæ æрвыст æрцæуой тæрхондонмæ. Иунæг аххосджын адæймаг дæр æнæфхæрд нæ баззайдзæнис, сдзуапп кæндзысты закъоны раз. Материалты сæрмагонд уголовон хъуыддаг конд æрцыд тыхон структурæты къухдариуæггæнджытыл, кæцытæ комкоммæ хайад истой æрцæугæ трагикон цауты. Кæд æмæ сæ исчи аххосджын разына, уæд æй, æнæмæнг, бæрндзинадмæ æркæндзысты».

***

Зæрæмæджы контролон-уадзæн пункты койæ не ‘мбæстæгтæ баризынц – бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой æмæ абоны онг дæр æвзарынц арæныл ахизгæйæ. Хицæн паддзахадыл нымад кæй стæм, уый тыххæй таможняйы пунктæн сисæн нæй æмæ проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн та исты мадзæлттæ райсын хъуыд. Фарон фæндон рахастой, цæмæй йын реконструкци саразой. Гаглойты Алан куыд зæгъы, афтæмæй реконструкцийы проектæн рахицæн кодтой 3,5 миллиард сомы бæрц æмæ æввахс рæстæджы арæзтадон куыстытæ бакæнынмæ хъуамæ æрæвналой. 2024 азы кæронмæ реконструкциимæ баст куыстытæ фæуыдзысты.

***

Нæ республикæйы бирæ ис æгуыст адæм æмæ ацы проблемæ дæр нымад цæуы сæйрагыл. Президент куыд фехъусын кодта, афтæмæй фарстамæ здæхт цæуы егъау хъусдард æмæ æввахс рæстæджы бизнес-проектты фæрцы фæзындзæнис ног куысты бынæттæ. «2022-2025 азты социалон-экономикон программæйы фæлгæтты нæ Экономикæйы министрад райста 30 бизнес-проекты æмæ дзы 29 æрвыст æрцыдысты уæрæсейаг профилон министрадтæм. Цыбыр рæстæгмæ мах дзуапп райсдзыстæм нæ уæрæсейаг коллегæтæй æмæ дзы се ‘рдыгæй разыдзинад куы уа, уæд хицæнгонд æрцæудзысты финансон фæрæзтæ. Проекттæ реализаци æрцæудзысты туризм, хъæууон хæдзарад æмæ æндæр къабазты. Уымæй уæлдай ма фабрикæ «БТК-4»-йæн хъуамæ арæзт æрцæуа филиалтæ нæ республикæйы районты дæр æмæ уый фæстиуæгæн дæр фæзындзæнис ног куысты бынæттæ».

***

Цалдæр азы дæргъы ма нæ республикæйы дзырд цæуы ипотекæйыл, ома иннæ паддзахадты уæлдай махмæ цæмæннæ ис ахæм хуызы лæггад адæмæн. Президент куыд бамбарын кодта, афтæмæй ныры онг цахæм хуызы уыд ипотекæйы кредиты проект, уый хыгъдтæм гæсгæ никæмæн ницы пайда хаста, цæрджытæн та сæ бон нæ уыдаид уыйбæрц суммæтæ фидын. «Ныридæгæн арæзт æрцыдис пилотон проект нæ уæрæсейаг коллегæты фæрцы. Арæзтадон куыстытæм инвестортæ æрæвналдзысты ‘ввахс рæстæджы – бынæттæ зындгонд сты. Бадзырдмæ гæсгæ бирæуæладзыгон хæдзарæй иу уæладзыг лæвæрд цæудзæнис паддзахадмæ, иннæтæ та реализаци цæудзысты адæмæн. Ам банысан кæнын хъæуы уый æмæ нæ банкы системæ ахæм хъуыддагмæ цæттæ кæй нæу æмæ нæ кæй бахъæудзæн уæрæсейаг банкы æххуыс. Фидæны ацы проблемæ æнæмæнг иуварс хъуамæ æрцæуа æмæ ипотекæйы кредит дæттыны хайад иса нæхи банк».

Референдум ауадзыны тыххæй бæстæйы Президент загъта, ома ацы хъуыддаг æрмæстдæр хъуамæ пайда хæсса паддзахадæн æмæ дзы ма хъуамæ пайда кæной хицæн гоймæгтæ сæ политикæ уадзыны фæдыл. Стæй ма ахæм вазыгджын фарста рæгъмæ рахæссыны хæдразмæ хъуамæ баныхас кæнай дæ стратегион æмцæдисон бæстæйы къухдариуæгадимæ дæр, ома Уæрæсеимæ.

Джиоты Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.