Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Республикæйы столицæйы цытджын уазджытæ!

Аст азы сæххæст, дунейы нымад паддзахады статусы куы стæм, ууыл. 26 август хаст у Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрæгбонты æмæ зæрдылдарæн бонты календармæ æмæ йæ æрвылаз дæр нæ бæстæйы æхсæнад нысан кæнынц, куыд республикæйы сæйрагдæр бæрæгбонтæй сæ иу, афтæ, кæцы нысан кæны Уæрæсейы Федерацийы разамынады национ политикæйы растдзинады, Хуссар Ирыстоны хъайтарон адæмы уæлахиз, кæддæр цы паддзахаддзинад фесæфтой, уый сæндидзын кæныны бирææнусон фæндагыл.

Бар мын радтут æмæ раарфæ кæнон ацы залы æрæмбырдуæвджытæн æмæ нæ бæстæйы æппæт сæрибаруарзаг адæмæн, æппæт нæ хæлæрттæн абоны æппæтадæмон бæрæгбоны – Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы боны цытæн.

Сымах куыд зонут, афтæмæй абон ацы нысаниуæгджын бон нысан кæнынц не ‘фсы-мæртæ – абхазæгтæ дæр. Мах иу кæны нæ историон хъысæмтты æмхуызондзинад. Нæ адæмты национ-ссæрибаргæнæн тох у æнгом баст. Цæй æмæ сын раарфæ кæнæм ацы диссаджы бæрæбоны цытæн æмæ æфсымæрон абхазаг адæмæн сæ сæргъ Президент Рауль Хаджимба, афтæмæй зæгъæм сабырдзинад æмæ дидинæфтыды фæндиæгтæ!

Нæ хæлæрттыл дзургæйæ, мæнæн, кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг рады мæ зæрды сты Уæрæсейы Федерацийы бирæнацион адæм, йæ политикон къухдариуæгад æмæ æхсарджын Гарзджын тыхтæ. Ацы бæрæгбоны сæм æз сымах номæй æрвитын арфæйы ныхæстæ. Хуссар Ирыстоны алчидæр, чысылæй, стырæй зоны 2008 азы августы æбуалгъ бонты Уæрæсейы хъысмæтскъуыддзаггæнæн нысаниуæджы тыххæй. Цалфæнды азы ма рацæуа, уæддæр æз никуы ферох кæндзынæн цхинвайлæгты амондджын цæс-гæмттыл цины цæссыгтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй УФ-йы Президент Дмитрий Медведев йæ къух цы зынгæ барамындыл æрфыста, уый тыххæй базонгæйæ. Нæ бæстæйы ацы историон документæй цитататæ хæссынц куыд «Отче наш»-æй! Мах нæ бафæллайдзыстæм Уæрæсейæн, йæ къухдариуæгадæн раздæры æмæ ныртæккæйы Президенттæ Дмитрий Медведев æмæ Владимир Путинæн арфæ кæнынæй, кæй нæ аирвæзын кодтой, уый тыххæй. О, номхуындæй дæр афтæ кæй аргъ кæнынц уыдонæн 2008 азы августы хуссайраг ирæтты хъысмæты, уый у объективон!

Уырыссаг салдат-сæрибаргæнæджы историон мисси сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыд не взонг республикæйы азфысты. Уæлдæрзагъдгонд ныхæстæ æппындæр нæ ныллæг кæнынц Райгуырæн бæстæйы æхсарджын хъахъхъæнджыты лæггæдты, кæцыты хъайтардзинадæн дунейы историйы аналогтæ нæй.

Ацы цытджын боны Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты æфсæддон службæгæн-джытæ æмæ æндæр хъахъхъæнджытæм сидгæйæ, æз ноджыдæр банысан кæндзы-нæн уый, æмæ æрмæстдæр сымах кæй бацыдыстут мæлæтдзаг тохы, удæгас тыхæй æмæ хæцæнгæрзтæй бирæ хатты фылдæр чи уыд, уыцы ныхмæлæууæджы ныхмæ, знаджы æрбабырст æруромгæйæ. Сымах уæхицæн скодтат стыр кад, фæразондзинад æмæ хъайтардзинад равдисгæйæ. Уе сгуыхтдзинад дунейæн фенын кодтат, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ тырнæг адæмы фæндондзинадæн басæттæн кæй нæй æнæхсæст тыхæй.  Ницахæм танкæтæ æмæ ницахæм, æгæрыстæмæй, адæмы дзыллон æгъдауæй куынæггæнæг нырыккон фæрæзтæ дæр, сымах нæ баурæдтой уæлахизмæ фæндагыл.  Сымах цы æмфыдыбæстæйонты аирвæзын кодтат, уыдоны зæрдæты цæрæнбонтæм баззайдзыстут хъаруджын æмæ æхсардзинады, æцæг патриотизмы дæнцæгæй, кæцытæ цæттæ сты сæ адæмы амонды тыххæй сæ сæртæ нывондæн æрхæссынмæ. Уе сгуыхтдзинад нæ бамынæг уыдзæн æнустæм!

Кад æмæ цыт сымахæн, мæ зынаргъ æмбæстæгтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады бон нысан кæнгæйæ, мах хæсджын стæм, цæмæй нæ зæрдыл дарæм, цы аргъ æй бафтыд нæ къухты ацы уæлахиз, уый. Сæдæгай хуыздæр фырттæ æмæ чызджытæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл сæ цард нывондæн æрхастой. Мах алыхатт дæр хъуыды кæндзыстæм уыдоны нæмттæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мах алыхатт дæр нæ зæрдыл дардзыстæм æмæ кад кæндзыстæм уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæн, кæцытæ мах тыххæй фæмард сты нæ сæрибардзинады, нæ хæдбардзинады сæрыл, тохты. Мах æмхуызон хъынцъым кæнæм уыдоны тыххæй, дих сæ нæ кæнгæйæ. Гуырдзыйы агрессийы нæ иумиаг амæттæгты тыххæй махæн нæ зæрдыл лæууын кæндзæн Мемориалон комплекс, кæцыйы арæзтадмæ æрæвналдзыстæм фидæн азы. Æнусон кад уыдонæн!

Хатт фехъусæн вæййы ахæм цъар ныхæстæн дæр, зæгъгæ, нын не статус банымадтой æрмæстдæр цалдæр бæстæйы. Уый фæдыл æрæмбырдуæвджытæн фидарæй дзурын уый, æмæ нæ æддагонполитикон ведомство æмæ æндæр æмбæлон службæтæ, ацы здæхты уыдоныл баст цы у, уый кæй аразынц. Мах уырны, Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад чи банымайа, уыцы бæстæты нымæц, æнæмæнгæйдæр, кæй фæфылдæр уыдзæн, уый. Фæлæ ныртæккæйы вазыгджын уавæрты тагъдыл æнтыстмæ æнхъæлмæ кæсæн нæй. Уыимæ иумæ, мах банымадта Уæрæсейы Федераци  ИНО-йы Æдасдзинады советы уæнг. Абон Уæрæсе у не стратегион партнер, кæцыимæ нæ ахастытæ бындуриуæг кæнынц базæйон документ – «Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды» Æхсæнпаддзахадон документыл æмæ фидаргонд сты нæ бæстæты ‘хсæн дæсгай æхсæнпаддзахадон сразыдзинæдтæй. Уый аразы фидар барадон бындур Хуссар Ирыстоны æдасдзинад сифтонг кæнынæн æмæ йæ дарддæры рæзтæн эффективонæй æххуыс кæнынæн.

Зынаргъ хæлæрттæ! Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй нæ бæстæйæн цы æххуыс цæуы, уый нæ æрлæууыд 2008 азы августы фæстæ дæр. Æрмæст уый нал уыд комкоммæ æфсæддон хайадист, уымæн æмæ фондзбонон хæстон архайдтыты рæстæджы агрессор тыхæй æркондæуыд сабырадмæ. Æххуыс райста æндæр формæтæ. Хуссар Ирыстоны фæдыл политикон уынаффæтæ райсын фадæттæ байгом кодта уымæн ахадæн æххуыс бакæнын хæсты фæстæ æндидзынады хъуыддаджы. Уый махæн фадат радта къухты стыр æнтыстытæ бафтын кæнын бæстæйы ныппырхгонд экономикæ æмæ социалон къабаз сæндидзын кæныны хъуыддаджы. Аивгъуыйгæ аст азы мах сарæзтам æмæ сæндидзын кодтам мингай цæрæн хæдзæрттæ, скъолайы æмæ скъолайы агъоммæ ахуырадон уагдæттæ, хосгæнæн уагдæттæ, егъау стадион æмæ æндæр спортивон комплекстæ, сарæзтам сæдæгай километртæ автомобилон фæндæгтæ, зæххыбын æмæ зæххыл коммуникацитæ, сарæзтам дæсгай хидтæ, тагъд рæстæджы райдайдзысты масштабон куыстытæ æгас республикæйы æххæстæй газификаци скæныны фæдыл. Мах æнæрхъæцæй æн-хъæлмæ кæсæм æввахсдæр мæйты сæйрагдæр объекты – Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры ног бæстыхайы арæзтад фæуынмæ, афтæ ма нæ горæты сывæллæтты реабилитацион центры арæзтад фæуынмæ дæр. Аразджытæ ныфс æвæрынц 2017 азы Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты бæстыхæйтты комплекс эксплуатацимæ радтынæй. Ацы объекты куыстыты темптæ куыд цæуынц, уый нын ныфс дæтты, аразджытæ сæ дзырды хицау кæй разындзысты æмæ фидæн азы ног ахуыры азмæ профессортæ-ахуыргæнджыты сконд æмæ студенттæ кæй райсдзысты иттæг хорз лæвар. Хæрзарæзт цæуынц районон центртæ æмæ республикæйы егъаудæр хъæутæ. Иллюстрацийæн уын æрхæсдзынæн Цхинвалы районы Дменисы хъæу. Ам фæстаг азты арæзт æрцыдысты иттæг хорз стадион, сывæллæтты цæхæрадон, мемориалон комплекс, улæфæн зонæ.

Хуссар Ирыстоны экономикæ æмæ социалон къабазы æндидзынады æнтысгæ процесс фадат радтой нæ адæмы сфæлдыстадон потенциал рæзын кæнынæн уавæртæ саразын. Ам æрхæссæн ис бирæнымæц цæвиттонтæ. Фаг у банысан кæнын æрмæст фæстаг æнтыстытæ.

Планетæйы иннæ кæрон, дард Бразилийы сæйраг горæт Рио-де Жанейройы не ‘мзæххон – хъæбысæйхæцæг Рæмонты Сослан триумфалонæй балхынцъ кодта XXXI-æм Олимпион хъæзтыты сыгъзæрин майданты номхыгъд! Уый махæн иууылдæр иууыл хуыздæр лæвар нæ уыд?  Æмæ бынтон æнæнхъæлæджы нæ уыд,  хъæбысхæсты гауызыл УФ-йы æмæ РХИ-йы паддзахадон тырысатæ уый йæ сæрмæ кæй систа. Æз, куыд махæй алчидæр, афтæ уымæн аргъ кæнын, куыд цæстуынгæ æвдисæн нæ бæстæтæ æмæ адæмты иудзинадæн. Æз арфæ кæнын Рæмоны фыртæн ацы стыр уæлахизы тыххæй! Мах æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсæм уымæн йе ‘рцыдмæ райгуырæн Цхинвалмæ.   Махæн æхсызгондзинад æрхастой XIII дунеон музыкалон фестиваль «Юрмала-шансорн 2016»-ы фæуæлахизуæвджытæ Тасойты Олег, Хуыгаты Олеся æмæ Санахъоты Инал. Дунейы бирæ бæстæты меломанты дисы æппарынц Джиоты Вероникæ, Амага Готти, Тадтаты Григори æмæ Хуссар Ирыстоны æндæр минæвæртты аивад. Не скъолаты дæсгай рауагъдонтæ æрвылаз дæр æнтысгæйæ бацæуæн фæлварæнтæ радтынц уæрæсейаг сæйрагдæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæм. О, нæ зæхх куырдиæттæй цух нæу! Мах дарддæр æппæт дæр араздзыстæм, цæмæй æргом кæна сæ курдиат, цæмæй сæхи реализаци кæной сæ равзæрстгонд профессийы æмæ нæ ныфс ис нæ диссаджы фæсивæд ноджыдæр сæхи тыххæй кæй базонын кæндзысты дунеон спортивон аренæты, иууыл престижондæр фестивалтæ æмæ конкурсты.

Æмæ ма ноджы иу хъуыддаджы тыххæй мæ бон æнæзæгъгæ нæу. Куыд зонут, афтæмæй ацы аз 18 сентябры уыдзысты Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы VII æрсидтмæ депутатты æвзæрстытæ. Не ‘мбæстæгты фылдæр хай Уæрæсейы æмбæстæгтæ кæй сты, уый хынцгæйæ, мах хъæуы хайад райсын ацы ахсджиаг политикон акцийы. Æз мæхицæн бар ратдзынæн ахæм ныфс зæгъын æмæ нæ республикæйы цæрджытæ, кæцытæн ис хъæлæс дæттыны бар, ноджыдæр радон хатт кæй равдисдзысты, хайджын кæмæй сты, уыцы бæрзонд политикон цæттæдзинад æмæ иууыл активондæр хайад кæй райсдзысты ацы æвзæрстыты.

Бирæ рæстæг нал баззад нæхицæн дæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстытæм. Мах уый нымайæм, куыд ахсджиаг этап нæ бæстæйы паддзахадон арæзтады фæндагыл. Нæ дызæрдыг кæнын, куыд æвзæрстытæ сæхæдæг, афтæ æвзæрстыты агъоммæйы кампани дæр кæй ацæудзысты закъоны домæнтæ дырысæй æххæст кæнгæйæ.

Цытджын хæлæттæ! Мæ раныхасы кæрон мæ фæнды банысан кæнын, нæ æххæстæй дæр кæй нæ ранымадтам, уыцы æнтыстытæ нын уырнын кæнынц, мах раст фæндагыл кæй стæм, кæцыйæ нæй фæиппæрдгæнæн. Мах ницы бахъыгдардзæн нæ æрыгон бæстæ – Республикæ Хуссар Ирыстоны фæдфæдылон рæзты. Махæн æнæмæнгæй дæр бафтдзысты Хуссар Ирыстоны сæрибар демо-кратон паддзахад саразыны нысæнттæ, кæцыйы суверенитет хæсджытæ сты йæ адæм æмæ уыдзысты паддзахадон конституцион аудындзиннады бын. Махæн уый тыххæй ис æнæмнгхъæуæг уавæртæ. Уый фыццаг рады у республикæйы паддзахадон æдасдзинады, йæ территориалон æнæхъæндзинады æмæ йæ арæнтæм нæ æнæфæныхилындзинады гаранти, уый у æфсымæрон Уæрæсейы æппæтварсон æххуыс дæр. Уыцы нысаны сæйраг гаранти та стут сымах – мæ хæларзæрдæ, куыстуарзон æмæ хъайтарон адæм!

Сабырад æмæ амонд уæ хай уæт, мæ зынаргъ æмбæстæгтæ!

Фæрныгад уæт уæхи æмæ уæ бинонты дæр!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.