Кондад æмæ транспорты цытджын кусджытæ!

Зынаргъ æмбæлттæ!

Айсут мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбон — Республикæ Хуссар Ирыстоны Кондад æмæ тарнспорты кусæджы боны цытæн.

Уæ профессионализм, патриотизм æмæ куыстыл æнувыддзинад сты стыр аргъы æмæ кады аккаг. Нæ республикæйы кондады æппæт кусджытæ æмæ ветерантæн ныллæг нæ сæрæй кувæм сæ удуæлдай æмæ намысджын куысты тыххæй.

Абон сымах, зынаргъ æмбæлттæ, кусын бахъæуы вазыгджын уавæрты. Фæнды мæ банысан кæнын, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад бирæ хъарутæ кæй хардз кæны нæ бæстæйы цардызмæлды ацы ахсджиаг фадыджы размæцыды сæраппонд. Мах дарддæр дæр араздзыстæм æппæтдæр, цæмæй нæ кондад æмæ транспортон хæдзарад ногæй суа фидар æмæ нæ республикæйы экономикæйы рæвдз чи рæзы, ахæм фадгуытæ.

Ацы бæрæгбоны сымахæн, уе ‘ввахс адæм æмæ хи-уæттæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, циндзинад æмæ хæрзиуджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.