Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн Президент Бибылты Анатоли хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл дислокацигонд цыппæрæм уæрæсейаг гвардион æфсæддон базæйы сæрмагонд сконды цытджын рæнхълæуды.

Йæхи æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй Бибылты Анатоли раарфæ кодта æфсæддон базæйы командакæнынад æмæ сæрмагонд скондæн нысаниуæгджын бæрæгбон – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн, кæцы æвдисæн у æхсардзинад, фидардзинад æмæ хъайтардзинадæн.

«Сымах намысджынæй æмæ цытимæ дарддæр кæнут Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты хæстон традицитæ. Мæн уырны, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты чи тох кодта, сæ интернационалон хæс Афганистаны зæххыл чи æххæст кодта, æндæр хæстон архайдтыты хайад чи иста, нæ уыцы æввахс фыдæлтæ уæ сæрыстыр уыдаиккой æмæ уæ сты», – загъта уый.

Уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддонтæн РХИ-йы Президент загъта бузныджы ныхæс-тæ, Хуссар Ирыстоны сабырад кæй хъахъхъæ-нынц, уый тыххæй.

«Ацы бæрæгбон нæ иумиаг бæрæгбон у, нæ дадатæ иумæ тох кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты, иумæ æххæст кодтой сæ хæстон хæслæвæрд. Æмæ абон дæр мах иумæ дарддæр службæ кæнæм, иумæ хъахъхъæнæм нæ Райгуырæн бæстæйы намыс æмæ кад, хъахъхъæнæм нæ адæмы. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!» – загъта Бибылты Анатоли.

Мадзалы бæрæгбонон арфæйы ныхæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов дæр.

«Нæ адæмы бирæ фæлтæртæ нысан кæнынц стыр бæрæгбон – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Сымах стут æфсæддон сгуыхтдзинæдты æмæ тохы быдыры нæ адæмы уæлахизты дарддæргæнджытæ, Хуссар Ирыстоны зæххыл аккагæй æххæст кæнут уæ хæс. Сымах стут нæ Райгуырæн бæстæйы æмæ Хуссар Ирыстоны сæрмæ сабырадон арвы гарант. Абон мæ фæнды сымахæн, хæстонтæ-гвардионтæн, уе ‘фсæддон æрвылбонон службæйы æнтыстытæ, бинонты амонд, сабырад æмæ хæрзиуджыты фæндиæгтæ зæгъын», – загъта уый.

Сæрмагонд сконды раз раныхас кодта цыппæрæм æфсæддон базæйы командæгæнæг Александр Кравцов. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон у иууыл нысаниуæгджындæр бæрæгбон Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæн.

Ам бирæтæ æххæст кодтой сæ хæстон хæслæвæрдтæ фæстаг дæсазон хæстон конфликты, бирæтæ абон дæр цытимæ æххæст кæнынц уыцы хæслæвæрдтæ.

Мæхи номæй мæ фæнды, раарфæ уын кæнон ацы бæрæгбоны цытæн, зæгъон уын æнæниздзинады, амонды, уæ бинонтæн æнтыстыты æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уæ сæрмæ сабыр арв цы уа, уый фæндиæгтæ», – загъта уый.

Уыимæ иумæ Александр Кравцов бакаст Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйы бæрæгбонон арфæ. Банысан кодта, цыппæрæм уæрæсейаг гвардион æфсæддон базæйы æфсæддонты адресыл кæй æрцыд бирæ арфæтæ, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны министрадтæ æмæ ведомствотæй дæр.

Мадзалы кæрон уæрæсейаг базæйы æфсæддонты иу къорд хорзæхджын æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй. Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл сабырад æмæ æдасдзинад хъахъхъæнынмæ сæ хайбавæрды тыххæй.

Æфсæддон базæйы сконд хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрадты ведомствæйон хорзæхтæй дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.